Фæцæрынæн æхцайы æппынкъаддæр хъæугæ бæрц…

0
39

Цæгат Ирыстоны 2025 азы 1 январæй фæстæмæ 14,8 проценты бафтыд, иу адæймагæн фæцæрынæн цы æхцайы æппынкъаддæр бæрц хъæуы, ууыл.

Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ.

Профилон ведомствæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, нырæй фæстæмæ уыцы æхцайы рæстæмбис бæрц иу адæймаджы хыгъдмæ у 15 960 сомы. Уыимæ, граждæнты хицæн къордтæн та нымад цæудзæн ахæм бæрцытæй: куыстхъом адæймагæн – 17 396 сомы, пенсиисæгæн – 13 726 сомы æмæ сывæллонæн – 15 481 сомы.

Фæллой æмæ социалон рæзты министрады куыд фæбæлвырд кодтой, афтæмæй амынд бæрæггæнæнтæй пайдагонд æрцæуы, иу кæнæ иннæ цыбыркъух адæймагæн паддзахадон социалон æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттæ нысан кæнгæйæ. Уымæй уæлдай, фæцæрынæн хъæугæ æхцайы æппынкъаддæр бæрцыты бындурыл нымад æрцæуынц пенситæм уæлæфтуанты, социалон бадзырды бындурыл фиддонтæ æмæ социалон пособиты æндæр хуызты бæрцытæ.

 

  Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here