Культурæ æмæ аивады къабазы хъæппæрисæн – уæрæх фæндаг

0
38

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ фæндонæй ивгъуыд азы Дзæу-
джыхъæуы байгом Культурон хъæппæрисы президентон фонды проектон офис. Уыцы структурæйы фæрцы зынгæ фæахадгæдæр амынд фонды гранттæ рамбулыны фæдыл конкурсы нæ республикæйы минæвæртты архайд.

Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæйæ цы фонд арæзт æрцыд, уый ахадгæ æххуыс кæны культурæйы, аивад æмæ креативон индустриты къабæзты дарддæры райрæзтæн, фонды грантты фæрцы рухс фенынц зындгонд сфæл-
дыстадон архайджытæ кæнæ æрыгон авторты цымыдисаг проекттæ…

Фондæн бындур æвæрд æрцыд 2021 азы. Уæдæй нырмæ фонды бындурыл сарæзтæуыд президентон гранттæ рамбулыны фæдыл 13 æппæтуæрæсеон конкурсы. Уыдонмæ ныронг сæ проекттæ бавдыстой 75 мин сфæлдыстадон къорд æмæ хицæн автортæ. Сæрмагонд конкурсон къамисы уынаффæйæ президентон гранттæ саккаг кодтой 8,3 мин алыхуызон проектæй фылдæрæн. Æмткæй райсгæйæ, уыцы проекттæ æххæст кæнынæн фонд радих кодта 31 миллиард сомы бæрц.

Æхсызгон у, уыцы сфæлдыстадон ерысы Цæгат Ирыстон дæр зæрдиагæй кæй архайы, уый. Афтæ, президентон грантты конкурсæн бындур æвæрд куы æрцыд, уæдæй нырмæ республикæйы минæвæрттæ къамисмæ æркæсынмæ балæвæрдтой 250 курдиатæй фылдæр. Уыдонæй алы азты 35 проекты нымад æрцыдысты хуыздæртыл æмæ сын саккаг кодтой 99 милуан сомы бæрц гранттæ…

2024 азы дæр нæ регион ахадгæ хуызы архайдта амынд конкурсы. Æмткæй райсгæйæ, республикæ фарон грантты хуызы рамбылдта 50 мил-
уан сомæй фылдæр (уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, Цæгат Кавказы федералон зылды регионты ’хсæн Ирыстон у раззагдæр бынаты). Афтæ, президентон грантты æххуысæй ивгъуыд азы Цæгат Ирыстоны цы ахсджиаг культурон-дзыллон мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдонæн сæ сæйрагдæртæ систы æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой», креативон индустриты фыццаг цæгаткавказаг форум «Кавказский акцент», историон-рухстауæн кинонывтæ «Полковник Ксанти» æмæ «Искусство сохранять»-ы презентацитæ, стæй æндæр ахæм акцитæ.

Ивгъуыд азы декабры Культурон хъæппæрисы президентон фонд расидт грантты радон конкурс. Уыимæ, сæрмагонд къамисы уынаффæйæ зынгæ фæуæрæхдæр конкурсон номинациты номхыгъд, стæй фæфылдæр грантты фонды бæрц дæр. Уыцы æууæл, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр фадæттæ дæтты алыхуызон цымыдисаг проекттыл бакусынæн, сфæлдыстадон хъæппæрисы дарддæры райрæзтæн.

Æмæ та ацы хатт дæр Цæгат Ирыстон йæ курдиæттæ æрвиты конкурсон къамисмæ. 2025 азы конкурсмæ абоны онг нæ республикæйы минæвæрттæ балæвæрдтой 30 курдиатæй фылдæр. Ног проектты ’хсæн сты Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы тыххæй киноныв сисыны, этно-фестиваль «Весь мир – мой храм» саразыны, историон-рухстауæн программæ «Ирыстоны зындгонд адæм» æххæст кæнын æмæ æндæр нысантæ.

Уыимæ, ныр дæр ма нæ байрæджы президентон грантты конкурсы арха-
йынæн. Дзæуджыхъæуккаг проектон офисы разамонæг Байаты Лолæ «Рæстдзинад»-æн куыд радзырдта, афтæмæй конкурсон къамис курдиæттæ исы 6 февралы онг. «Кæд рæстæг бирæ нал баззад, уæддæр нæ офисы специалисттæ æппæт фадæттæй бацархайдзысты хъæппæрисджын къордты курдиæттæ цыбырдæр æмгъуыдтæм бацæттæ кæныныл. Уыимæ, ацы конкурсмæ бадæттыны гæнæнтæ цы проекттæн нæ разына, уыдоныл рагацау бакусдзыстæм, цæмæй фидæны сфæлдыстадон ерысты ахадгæдæр хуызы разыной», – бафиппайдта Лолæ.

 

СЛАНТЫ Аслан

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here