Æрыгон журналистты уæлахизтæ

0
97

Цæгат Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæн аккаг фæлтæр кæй рæзы, уымæн æвдисæн, дæлдæр цы æхсызгон цауы тыххæй цæудзæн ныхас, уый.

Цæвиттон, Волгограды горæты «Уæлахизы марш», зæгъгæ, цы Æппæтуæрæсеон конкурс арæзт æрцыд, уым æрыгон журналисттæ – Хъæбæлоты Билары номыл Республикон сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны мультимедион фæзуат «Ногдзау»-ы уæнгтæ хорзæхджын систы дыууæ Гран-прийæ æмæ 23 майданæй. Нæ чызджытæ æмæ лæппутæ сæ куыстытæ балæвæрдтой æмæ сæ хъахъхъæдтой алыхуызон номинациты. Конкурсмæ сæ биноныг бацæттæ кодта «Ногдзау»-ы разамонæг Гаглойты Дзерассæ, æмæ йæ зæрдиаг архайдæн дæр аргъгонд æрцыд арфæйы фыстæгæй «Хуыздæр педагог» – номинаци «Журналистикæ»-йы.

Конкурс сарæзта горæт Волгограды «БлагоДа»-йы сфæлдыстадон проекттæ царды уадзыны центр Волгограды облæсты губернатор æмæ Культурæйы комитеты æххуысæй.

Уæлахизы 80 азы юбилеймæ сæхи разæнгардæй цæттæ кæнынц нæ рес-
публикæйы культурæйы, ахуырады кусджытæ, сфæлдыстадон цæдистæ. Æрыгон журналисттæ дæр уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ се ‘вæрæн хæссынц. Уый сæ фыццаг æмæ фæстаг ахæм уæлахиз нæу. Мæнæ нын цы радзырдта уый тыххæй Гаглойты Дзерассæ: «Мах бацæттæ кодтам куыстытæ номинацитæ «публицистикæ», «интервью», «наукон архайд», «прозæ», «авторы æмдзæвгæ», «компьютерон графикæ», «репортаж»… Сабитæ тынг бæрнонæй бацархайдтой æмæ сæ куыстытæ, уæлахизмæ тырнгæйæ, бахъахъхъæдтой. Конкурсты алы уæлахиз дæр, æнæмæнг, у ног бæрзæндтæм схизыны къæпхæн. Стыр бузныг зæгъын мадзал саразджытæ, жюрийы уæнгтæ æмæ æппæт архайджытæн дæр, ахæм стыр циндзинады æнкъарæнтæ нын кæй балæвар кодтой нæ сывæллæттæн, уый тыххæй».

ГАПБАТЫ Алетæ, къам систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here