Æвзонг богæлттæ тырнынц уæлахизтæм

0
223

Ивгъуыд къуыри Дзæуджыхъæуы, Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуаны уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты РЦИ-Аланийы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгон (2009-2010 азты гуырд) богæлтты ’хсæн. Дыууæ боны (14-15 февралы) 320 лæппуйы сæ арæхстдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад æвдыстой цыппар гауызыл.

Æвзонг богæлттæ уæлахиздзауты бæрæг кодтой дыууадæс уæзы, æмæ дзы алкæцыйы дæр цыди цымыдисаг ерыстæ.

Ацы кары (16 азы онг) РЦИ-Аланийы иугонд командæйы хистæр тренерæй æрæджы нысангонд æрцыд Биазырты Марик, æмæ уый  уæлдай лæмбынæгдæрæй касти æвзонг богæлтты архайдмæ. Ерысты цыды тыххæй Марик загъта: «Ам мах уынæм нæ республикæйы алы районтæ æмæ Дзæуджыхъæуы цалдæр спортивон скъолатæ æмæ клубты хъомылгæнинæгты. Ацы кары лæппутæ сты, нæ уæгъдибар хъæбысхæсты кад 4-6 азы фæстæ Уæрæсе æмæ дунеон ерысты дæр чи хъахъхъæндзæн, уыцы фæлтæр. Æнæмæнг се ’хсæн ис, нæ ныфс кæуыл дарæм, ахæмтæ. Мах хæс у уыцы курдиатджын лæппутæн раст фæндаг амонын æмæ сын æмбæлгæ уавæртæ аразын. Нæ ерысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ æвзæрст æрцæудзысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерысты архайджытæ. Уым та хъæудзæн Уæрæсейы ерыстæм балцæгтæ рамбулын. Куыд уынæм, афтæмæй нæм ис, нæ зæрдæ кæуыл дарæм, ахæм лæппуты стыр къорд. Уыдонимæ хъæу-
дзæн, цы къуыри ма нын баззад, уым бындурон куыст бакæнын».

Ерысты цыдмæ æдзынæгæй касти РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур æмæ разыйæ баззад.

Æрыгон богæлттæ цы дыууадæс уæзы тырныдтой фыццаг бынæттæ бацахсынмæ, уыдонæй æппæты фылдæр рамбылдтой Андиаты Сосланы номыл скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдон ма сты Хъæбысхæсты клуб «Алантæ»-йы уæнгтæ дæр æмæ фæуæлахиз сты фондз уæзы. Дыууæ уæзы рамбылдтой Алагиры спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ, фæйнæ иу сыгъзæрин майданæй та хорзæхджын систы  Мæздæг, Æрыдон, Беслæн, Цхинвал æмæ Республикон спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ.

Уæлахиздзаутæ систы: 35 кг – Джиголаты Давид (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер – Хуыбецты Хетæг), 38 кг – Туаты Хетæг (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренертæ Санаты Георги, Хъæцмæзты Ренат), 41 кг – Рахим Хачукаев (Мæздæг, тренертæ – Джамал Очеретлов, Юрий Исмаилов), 44 кг – Зыгъуытаты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер – Хуыбецты Хетæг), 48 кг – Скъодтаты Астан (Алагир, тренер – Дзодзыккаты Владимир), 52 кг – Дзбойты Тимур (Алагир, тренер –Хъайтмазты Рустем), 57 кг – Хадыхъаты Дзамболат (Республикон спортивон скъола), тренертæ – Тыбылты Цезарь, Хъоцыты Витали, 62 кг – Илаты Арсен (Æрыдон, тренертæ –Дзукъаты Кахабер, Челæхсаты Берди), 68 кг – Дзебысаты Таймураз (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер – Хъалæгаты Олег), 75 кг – Тхостаты Эльбрус (Беслæн, тренер – Хуыбецты Хетæг), 85 кг – Бекъойты Валери (Цхинвал, тренертæ – Гаджиты Алан, Гæззаты Аслæнбег), 100 кг – Чехойты Арсен (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер – Исахъты Георги).

Уæлахиздзаутæй уæлдай ма Кисловодскмæ ерыстæм цæудзысты, алы уæзы дæр 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ чи бацахста, уыцы богæлттæ. Фæндаграст иу фæуæнт, сæ хорз фæндтæ сæ къухы бафтæнт!

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here