Скъоладзаутимæ фембæлдтытæ

0
291

Экстремизмæй фæсивæды бахизынмæ арæзт чи у, Рахизфарсы районы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты инспектортæ Гагиты Ильфæ æмæ Хæмыцаты Галинæ архайдтой ахæм дзыллон мадзæлтты.

Ног Бæтæхъойыхъæуы æмæ Бруты скъолаты хистæркъласонтæн цæхгæр змæлдтытæ æмæ террористон къордты архайды фæстиуджыты тыххæй хабæрттæ радзырдтой. Скъоладзаутимæ фембæлдтытæн фадæттæ сарæзтой районы администраци, мидхъуыддæгты хайад, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экстремизмæй бахизыны фæдыл координацион центр.

Знаггадхæссæг террористон æмæ экстремистон фæзындтæй фæсивæды бахизæн куыд ис, ахуырдзаутæн уыдæтты тыххæй хабæрттæ радзырдтой: районы администрацийы терроризмы ныхмæ куысты хайады хицауы хæстæ æххæстгæнæг Кадиты Юрий, æфсæддон уацхæссæг Хæдзарæгаты Артур, университеты координацион центры разамонæджы хæдивæг Дзæхаты Ларисæ, социологийы кафедрæйы доцент Гобеты Зæлинæ, стæй уæлдæрамынд сылгоймæгтæ Гагиты Ильфæ æмæ Хæмыцаты Галинæ.

– Знаггадхæссæг экстремистон зондахасты аххосæй адæм кæрæдзимæ кæй сызнæт вæййынц æмæ æхсæнадон фæтк кæй фехæлы, уыдæттæ нымайгæйæ, ахуыргæнæндæтты æххæст кæнæм æмбарынгæнæн куыст, – зæгъы Гагиты Ильфæ.

Ацы аз Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азыл нымад кæй у, уый хынцгæйæ, ныхасгæнджытæ скъоладзаутæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы тыххæй дæр хабæрттæ радзырдтой. Ныхасгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, хæсты тыххæй дзургæйæ, хъуыддæгтæ зыгъуыммæ æвдисын не ’мбæлы. Ахуыргæнджытæ скъолатæм æрбацæуæг адæмæн мидисджын фембæлдтыты тыххæй бузныг загътой. Уазджытæ ахуырдзаутæн тематикон сыфтæ раттой.

РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here