Цард рæсугъдгæнджытæ адæм сты. Мæ царды уыйас хорз æмæ бафæзминаг адæймæгтыл сæмбæлдтæн, æмæ сæ нымад дæр нæ фæуыдзынæн. Заманхъул фæрнджын хъæуыл нымад у рагæй дæр, уыйас ахуыргонд, номдзыд цæрджытæ дзы рацыд, æмæ æнæхъæн республикæйæн дæр кад æрхастой.
Уæдæ хъæуккæгтæ рæвдз уыдысты æмæ сты кафынмæ, зарынмæ. Заманхъулы цæрæг Хуыцъистаты Изæтбег æмæ йæ бинойнаг Назирæт сæ фæстæ рæсугъд фæд ныу-
уагътой. Изæтбег йæ ныййарджытæн фыццаг хъæбул уыд æмæ банкъардта рæвдыд, рæзыдис æгъдау æмбаргæйæ. Уайтагъд æнæхъæн хъæубæстæн ссис уарзон, ахуырмæ тырныдта, æнтысгæ дæр ын кодта.
Ахуыр райсын æй фæныд, бацыд Дзæуджыхъæуы нæлгоймæгты гимназмæ. Стыр зæрдиаг куыст кодта фæскомцæдисы, фæстæдæр та ссис Коммунистон партийы уæнг. Мæскуымæ, уæлдæр ахуырад райсынмæ ацыд, сæрвыстой йæ кусынмæ Кавказы федералон зылдмæ, уыд крайкомы разамонæджы хæдивæг. Бинонты хъуыддаг бакодта 1934 азы, йæ цард баиу кодта Хæбæлаты Мæхæмæты чызг Назирæтимæ. Æрыгæттæ бæргæ æмбæрстой кæрæдзи, фæлæ Хуыцъистаты Изæтбег бавзæрста репресситæ, арвыстой йæ Сыбырмæ. Фæцис дзы дæс азы дæргъы.
Назирæт баззад дыууæ сывæллонимæ, фæлæ зындзинæдтæй нæ фæтарст, йæ куыст кодта скъолайы. Уырдыгæй-иу рацыд æмæ-иу йæ фæндаг акодта быдырыл, истæмæйты цæрын хъуыд. Æрæмбырд-иу кодта дзенкъор, æхсæв-бонмæ сæ ссадта æмгуыройæ, афтæмæй ирвæзын кодта йæ чызджыты. Йæ хъæбултæ рæзыдысты, уæдмæ хæдзармæ сыздæхт Изæтбег дæр. Реабилитацигонд æрцыд, æнæуый дæр кæм уыд аххосджын, фæлæ цъыфкалджытæ уæды заман тыхджын уыдысты…
Чысыл фæстæдæр бинонтæ сæ раздæры гакмæ рахызтысты, кæс-
тæртæ дæр цыдысты ахуыры фæндæгтыл. Чызг Зоя сырх дипломимæ каст фæцис педагогон институт,ахуыргæнæгæй кусын райдыдта Заманхъулы скъолайы. Изетæ райста дохтыры дæсныйад, кусы Хуссар Ирыстоны. Изæтбеджы цот ахуырмæ дæсны разындысты, раст йæхи хуызæн. Абон Изæтбег æмæ Назирæт æгас нал сты, фæлæ сæ нæ рох кæнынц сæ кæстæртæ.
Зоя йæ амонд ссардта Кæрдзыны хъæуы Богазты Агуыбечыримæ, уый дæр раздæр ахуыргæнæг уыд, фæстæдæр раивта почтамтмæ, фæкуыста дзы инженерæй. Бинонтæ кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты, Фæзынд сын фыры хъулы хуызæн лæппу – Домбай æмæ чызг Индирæ. Дыууæйæ дæр райстой уæлдæр ахуырад. Сæ куысты бынæтты сты нымад. Домбай кусы базарады, Индирæ – Æрхонкæйы поликлиникæйы дохтырæй.
Сæ фыд Агуыбечыр цардæй æнæнхъæлæджы ахицæн, сæ мад Зояйы дарынц буц. Мад йæхæдæг афтæ зæгъы: «Домбай куыстмæ ацæуы, æз та уæрæх уаты баззайын, фæлæ мæм уайтагъд телефонæй æрбадзуры мæ чызг Индирæ. Афæрстытæ мæ кæны, а-изæр дæм фæхæццæ уыдзынæн, хостæ дæр дын бахæсдзынæн, зæгъгæ, фæзæгъы. Æмæ та бахъæлдзæг вæййын».
Зоя арæх фæкæсы зæронд къамтæм альбомы, фæфæлдахы сæ, боны ахаст дзæбæх куы вæййы, уæд кæртмæ дæр рахизы. Абады сыхæгтимæ, аныхæстæ кæны. Бонтæ
згъорынц, сæ фæстæ – азтæ, сæ уæз æруагътой Зояйыл. Фæлæ дзы рох не сты, скъолайы рæзгæ фæлтæрæн цы зондамонæнтæ кодта, уыдон. Гъе, ахæм рæсугъд фæд ныууагътой сæ фæстæ Хуыцъистаты Изæтбег æмæ Назирæт. Сæ кæстæрты удты бавæрдтой фæзминаг æууæлтæ.
Богазты Арсæмæг, Кæрдзыны хъæуы хистæр














