Хъарм – хъæбатырæн

0
151

Хæрзаудæн акци «Хъарм – хъæбатырæн» скодта политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад. Уыцы-иу рæстæг бацархайдтой гуманитарон æххуыс арвитыныл дæр.

Акцимæ æрбаиу сты РЦИ-Аланийы Парламенты депутаттæ дæр.
Акъоппытæн хъæугæ сойын цырæгътæ, химæ зилæн фæрæзтæ, фæсмын цъындатæ, ирон чъиритæ, нуазыны дон, тамако, фыстæджытæ скъола-дзаутæй тагъд фæхæццæ
уыдзысты æфсæддонтæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн.

Партийы регионалон хайады разамонæ-джы хæдивæг Едзойты Марат куыд зæгъы, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæнын хаст æрцыд партион прог-раммæмæ. «Акци «Хъарм – хъæбатырæн»-ы фыццаг аз нæ арха-йæм, уый баиу кодта æппæт партион актив æмæ республикæйы цæрджыты. Сæмбырд кодтам гуманитарон æххуысы 10 тоннæйæ  фылдæр, æрвитæм æй хæсты арæны фалæмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы æппæт архай-джытæн арфæ кæнæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны фæдыл, нæ бæстæйы сæраппонд кæй хæцынц, уый тыххæй сын бузныг», – загъта Едзойы-фырт.

 «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here