Сылгоймаджы æрмдзæф

0
216

Æрæджы мæ къухы бафтыд Таутиаты Минтæйы фыст чиныг «Арыхъхъ – Заманхъул» бакæсын. Тынг ыл бадис кодтон. Фæндыд мæ йемæ аныхас кæнын, фæлæ нæ рауад.

Чиныджы мидис автор хуызæнæн равдыста. Йæ тираж æрмæстдæр 400 экземпляры у, мæхæдæг дæр ыл зынтæй фæхæст дæн. «Арыхъхъ-Заманхъул»-ы аразджытæ йæ фæлгонцадыл дзæбæх бакуыстой.

Чиныгмæ Таутиаты Минтæ бахаста, Заманхъулы рагæй-æрæгмæ æмæ ныры онг чи цæры, ирон æгъдау æмæ фарн цæсты гагуы-йау чи хъахъхъæны, ахæм мыггæгтæ. Бирæтимæ дзы зонгæ дæн, фæлæ мæ уæлдай арфæ ракæнын фæнды Таутиаты Минтæйæн, йæ райгуырæн хъæуыл æнувыд кæй у, уый тыххæй. Уыдæттæ бæрæг дарынц йæ арфхъуыдыджын æрмæджытæй.

Уæдæ йæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыдон дæр арфæйы аккаг сты. Гасанты Валери Минтæйæн цæст-уарзон æххуыс бакодта. Чиныджы фыццаг фарсыл Минтæ йæхæдæг фыссы Карсанаты Радимæ, Хъуыдаккаты Хъасболат, Хъуысаты Фиалетæ æмæ Изетæ, Хадыхъаты Инессæ, Бæройты Махар, Таутиаты Зæирæ, Бæройты Льянæ, Айларты Асæхмæт æмæ Хъуысаты Изетæйы æххуысы тыххæй. Бузныг уын фæуæд, Заманхъулмæ хъæбулы зæрдæ кæй дарут, уый тыххæй.

Заманхъулы цæрджытыл æнувыд сты Дзиуаты Мухтары кæстæртæ, бирæ ма сын бантысæд. Ацы чиныг чи бакæса, уый бæлвырддæр базонгæ уыдзæн хъæуы цæрджытимæ. Дæнцæ-джы хуызæн æрхæсдзынæн иу арфæйаг хъуыддаг. Заманхъуйлаг Дзиуойты Ладимæт чындзы цыдис Дзуары-
хъæумæ Рубайты мыггагмæ. Ладимæтæн, чындзхæсджытæ æмæ чызгæрвыстмæ æрбацæуæг адæмæн диссаджы арфæтæ ракодта Дзиуаты Хъасболат.

Иннæ хистæртæ дæр равдыстой, ирон æгъдау цы у, куыд æй æххæст кæнын хъæуы, уый. Афтæ рæсугъд зарыдысты, ныр дæр ма мæ хъустыл уайынц уыцы зарджытæ. Уыдæттæ уымæн фыссын, æмæ Заманхъулы цæрджытæ кæддæриддæр уыдысты ирондзинадыл хæст. Таутиаты Минтæйыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæдддæр æхсæнадон куыстмæ рæвдз у. Æрмæст ацы чиныджы æрмæджытæ æрæмбырд кæнынæн дæр цас рæстæг бахъуыдаид!

Минтæ, бирæ дын бантысæд, дæ хъару ма фесаф, сылгоймаджы арæхстджын æвнæлд дын ма бамынæг уæд. Заманхъулмæ фылдæр цу цины хъуыддæгтæм, дæ чиныгæй та адæм сты бузныг. Ацы къамы ды нæ дæ, фæлæ арæх æмбæлыс ахæм цины хъуыддæгты, дзурыс не гъдæуттыл. Арæх бакæсын «Рæстдзинад»-ы фæрстыл дæ хъуыдытæ, хатдзæгтæ. Бузныг, Минтæ, уый æз нымайын сылгоймаджы æрмдзæфыл.

Богазты Арсæмæг,
Ирыстоны кадджын ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here