Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны кадæн Алагиры 2-æм скъолайы уыдысты ерыстæ æлхъывд-уæлдæфон топпæй æхсынæй районы ахуыргæнæндæтты ‘хсæн турнир.
Фæйнæ фондз адæймагæй арæзт иуæндæс командæйы кæм архайдтой, ахæм ерыстæ фенынмæ хуынд кадджын уазджыты ‘хсæн уыдысты районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ дæр.
Хæцæнгарзæй пайда кæнгæйæ, æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнын кæй æмбæлы, турниры райдианы агъоммæ йæ архайджытæн уый бамбарын кодтой. Ерысты архайджытæ хæцæнгарзыл цæмæй сахуыр уой, уый тыххæй турниры райдианы агъоммæ йæ алы архайæгæн дæр раттой æлхъывдуæлдæфон топпæй фæйнæ æртæ фæлварæн гæрахы акæныны бар.
Фæсивæд спорты топпæйæхсæн хуызмæ цæмæй фылдæр æргом аздахой æмæ уæлахизмæ цæмæй тырной, ерыстæ уый тыххæй сарæзтой. Командæты тренерты æнæлаз куысты фæрцы æвзонг топпæйæхсджытæ сæ дæсныдзинад равдыстой. Уæлахиздзаутæ бæлвырдгонд æрцыдысты къуырд очкоты нымæцмæ гæсгæ.
Турниры раззаг бынæттæ бацахстой Алагиры фæндзæм, цыппæрæм æмæ дыккæгæм скъолаты командæтæ. Уымæй уæлдай, хицæнæй ахуыргæнджытæ, лæппутæ æмæ чызджыты ‘хсæн дæр хуыздæр топпæйæхсджыты нæмттæ бæлвырдгонд æрцыдысты. Раздзогты схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ кубоктæй.
Рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладæн æмæ, Гæрзифтонг тыхты службæ кæнынмæ лæппуты цæттæ кæнынæн чи ахъаз кæны, уыцы амынд турнир вæййы æрвылаз. Ацы хатт дзыллон мадзалæн фадæттæ сарæзтой фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады ахуырадон-методикон центр «Авангард Алания»-йы педагог Дзитойты Артур, районы Ветеранты советы сæрдар Икъоты Руслан æмæ бæстæйы Тæрхонæххæстгæнæг федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд «Булат». Рæхджы районы ахуырдзаутæ архайдзысты æфсæддон-патриотон хъазт «Зарницæ»-йы.
Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады инспектор














