Поэты мысгæйæ 

0
220

Хаджеты Таймураз: «Æз æмæ Дуне»

Йæ миддуне æмæ æнкъарæнтæм гæсгæ поэт Хаджеты Таймураз романтик у, дуне куыд уыны, уымæ гæсгæ та – реалист. Дуне йæм романтикон хицæн хуызы нæ, фæлæ æцæгдзинад лыстæг хæйттæй арæзтæй зыны. Цы у, уымæй йæ хуыздæрыл нымайы, æцæгдзинадæй куыд у, афтæмæй. Йæхи ахорæнтæй нывгондæй йæм зыны, фæлæ чиныгкæсæг поэты романтикæйы æнкъары Таймуразæн йæхи «Æз». Уый йæ поэзийы лирикон хъайтарæн цæуы йæ разæй. Нæ йæ ‘ндавы «Дуне» æмæ «Æз»-ы дыууæрдæм бастдзинад, фыццагдæр ын «Æз» æмæ «Дуне» сты. Йæхи арф иртæстытæм фæндаг æмæ схъæлдзинад уымæй райдайы Хаджейы фыртæн. «Æз» сæйрагдæр у, «Дуне» та – йæ ракæнды, æнкъарæнты, хъуыдыкæнынады объект, æндæр ницы. Йæ аргъ – Таймуразы субъективон ахаст Дунемæ.

Уымæй рæстдзæвиндæр ма цавæр ныхæстæ ис зæгъæн Хаджеты Таймуразы сфæлдыстады тыххæй. Сæ райхалын æмæ сæ чиныгкæсæджы размæ рахæссыны хæс йæ размæ сæвæрдта Джусойты Григорийы цоты хистæр Нафи, цæрæнбонты цъиуджын каркау йæ цæст кæмæ дардта, уыцы ‘фсымæр Таймуразмæ.

«Сæрыстыр, хивæнд лæг, ысхъæл, –
Фæдисы, сау куысты, ныхасы
Йæ армы цирхъы ныхмæ хъæл,
Уæддæр – хъазуатыл лæуд æдасæй»,
– фыста Нафи 2001 азы 18 августы Таймуразы амæлæты фæстæ.

Джусойты Хадже уыд Таймуразы фыдыфыд. Фидæны поэт куы ралæг, уæдмæ Нафи зонадон æмæ фысджыты дунейы хъуыстгонд уыд. «Сфæлдыстадон хæдхъомдзинадмæ тырнгæйæ, йæ хистæр æфсымæры аууон лæууыдаид, уый йæ нæ фæндыд», – йæ фæсном мыггаг Хаджетæй цæмæн у, уый тыххæй фыста Цæрукъаты Алыксандр. Ирон аив дзырды хæзнадонмæ, зæгъы, бахаста æмбисонды æвæрæн, равдыста æцæг курдиатджын поэты миниуджытæ, – сфæлдыстадон комулæфт æмæ уымæй бацахста йæхи сæрмагонд къæпхæн, сбæрæг йæхи фæндаг.

– Поэзи дæм куы фæтæргай уа, уæд
фæстæмæ нал раздæхдзæн. Фæлтау иннæ хъуыддæгтæ се ‘ппæт дæр ныууадз, – дзырдта-иу Таймураз йæхæдæг.

«Куы нæ уынон рæстдзинад,
Уæд-иу æй зонут:
кæнын сывæллонау тæргай
кæнæ та дæн абырæгау æгъатыр».

Поэты идеалтæ сты рæсугъд миддуне æмæ лæгдзинад. Уæвгæ, уый æцæг курдиаты хицау поэт цæмæ тырны, уыцы миниуджытæ сты.

– Кæрæдзийæн хатыры  фæрцы бадзурыны хъуыддагыл разы нæ уыд. Уый та æцæг поэзийы нысан у, Таймуразы хуызæн ирон литературæйы дыккаг ахæм нæй. Уыцы миниуæг канд йе сфæлдыстады нæу бæрæг. Йæ гуырыконд, йæ къахайст, йæ ныхас, адæймагимæ куыд дзырдта, уымæй æвдыста йе ‘нæразыдзинад. Хæдбар уæвгæйæ йæм нымады нæ уыдысты дзырддзæугæдзинад æмæ бынæтты кусджытæн кад кæныны хъуыддаг. Уымæ гæсгæ арæх æвзæрд ныхмæлæуддзинад йæ царды сфæлдыстадон цæдисы сæрдартæ æмæ разамынды уæнгтимæ. Æнæраст хъуыддæгты ныхмæ уыд кæддæриддæр, уыдта сæ æхсæнадон æмæ, уæлдайдæр, сфæлдыстадон дунеты. Чидæр царды риссаг фарстатыл фыста, æмæ йын уыд алцыдæр, Таймуразæн та йæ бон афтæ нæ уыд. Чи зоны, йæ курдиаты тых ноджы хъомысджындæр уыдаид, уæд та йыл иу чысыл фæхæцæг куы разындаид, – катайгæнгæ дзуры Таймуразы хо Джусойты Клавдия.

Таймураз фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Воронежы университеты фæсарæйнаг ахастдзинæдты факультетмæ. Нафийы цинæн кæрон нал уыд, дипломат дзы рауайдзæн, зæгъгæ. Уалынджы бинонтæ Таймуразæй
райстой телеграммæ, Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты студент кæй ссис. Таймураз дзы куырдта, цæмæй йын фæндаггагæн æхца рарвитой. Хæдзармæ куы ссыд, уæд æй Нафи фæрсы, цæмæ бацыдтæ уырдæм, зæгъгæ.

– Уый мæ къæбæр у, – уыд йæ дзуапп Таймуразæн. Йе сфæлдыстадон разамонæг уыд Евгений Долматовский. Стыр аргъ ын уыд Цæдисы, фæлæ Таймуразы стихамадыл разы нæ уыд, нæ йæ  ‘мбæрста æмæ се ‘хсæн æнæмбарынады тæлм фæзынд. Уый æрцыд институты ректоры хъустыл æмæ фæдзырдта йæ студентмæ. Куы бамбæрста, Таймураз раст у, уæд ын загъта:

– Дзырд мын ратт, дæ разамонæгмæ кæй хъусдзынæ.

Таймураз сразы, фæлæ йе сфæлдыстадыл комдзог нæ рацыд. Йе ‘мдзæвгæтæ гуырдысты, дунейы сконды йæ зонд æмæ удæй куыд æнкъардта, афтæмæй. Стыр кад уыд ирыстойнаг курдиатджын лæппуйæн институты. Уыцы рæстæг ма Литературон институты алы курсыты ахуыр кодтой Агънаты Гæстæн æмæ Кокайты Тотрадз. Мысинæгты баззад абон дæр се ‘рыгон бонты ‘мбал.

Хаджейы-фырты арæх фæбарынц уырыссаг поэт Сергей Есенинимæ. Таймуразы æрдхорд, поэт Касаты Батрадзы хъуыдымæ гæсгæ йын Есенинау йæхи дуне уыд:

– Иугæр æм уыцы уæлтæмæн æрбацыд, уæд-иу æм ацы дунейы ницыуал уыд нымад. Нæдæр хицау, нæдæр къабаз, æрмæстдæр поэзи. Цы æмдзæвгæ мын ныффыста – «Хæхтæ райгуырынц хæхты», уым афтæ зæгъы: «Уым диссагæй цы ис, фæлæ уыдон дæр, уый уыд мæ царды фыццаг диссаг, зонынц мæлын». Æмæ йæ райдыдта ныв кæнын: чыр чырыл æрлæууы, бæрзонд хох æмæ сабыргай згъæлы фæйнæрдæм æмæ йе згъæлæнтæй йæ алыварс собæуттæ вæййы. Йæ алыварс, кæмæй згъæлынц, уымæн йе ‘мсæр свæййынц æмæ хатгай уымæй фæбæрзонддæр вæййынц. Æмдзæвгæйы кæронбæттæны та  зæгъы: «Кæд ирон лæджы хъысмæт у афтæ».

Йе ‘мдзæвгæтæ афтæ сты, æмæ, поэзимæ бар чи дары, уый сæ куы бакæса, уæд уымæн дæр йæ зæрдæйы арф ахъардзысты. Йе сфæлдыстад дунетыл æххæссыд, хъуыдытыл æфтыдта.

Курдиатæй хайджын адæймагæн царды бирæ хъуыддæгтæ фентысы. Таймураз дæр уыдонмæ хаудис, уыд дунеон къласы спорты мастер, «Отличник погранвойск», йæ кафтмæ кæсгæйæ, зардмæ хъусгæйæ, чи фæлæууыдаид, кæцы адæймагæн нæ хастой æхцондзинад?

Мысы йæ ПТРК «Алани»-йы литературон-драмон редакцийы раздæры режиссер Берозты Тамарæ:

– Нæ редакцимæ Таймуразы ‘рбахуыдта компанийы уæды сæрдар Фидараты Булат. Иуахæмы йе ‘мдзæвгæтыл равдыст исынмæ ацыдыстæм Хъобангоммæ. Хидмæ куы бахæццæ стæм, уæд Таймураз сдзырдта, бауромут ма ам, Хазбийы зарæг акæнон, зæгъгæ. Æрлæууыд машинæ, æмæ дзы иууылдæр рахызтыстæм. Куыд рæсугъд акодта адæмон хъайтарыл зарæг Таймураз!..

Чысыл рæстæг нæм акуыста. Сæрибаруарзаг адæймагæн арæнтæ ахæстоны хуызæн сты, Таймураз та йæ сæрибардзинад ницæуыл баивтаид. Куыстмæ афоныл цæуын,
фæстæмæ афонæй раздæр нæ уыд рацæуæн. Куыд сæ хъуамæ æххæст кодтаид сæрибар поэт? Бахъуыды йæ кодтам фæлмæнзæрдæ адæймаг æмæ курдиатджын поэтæй. Арæхст алцæмæдæр – хос кæрдынæй райдай æмæ армхæстæй фæу. Кæрон нæ уыд æппын йæ тыхæн. Кæддæр Уататы Бибоимæ дæр армхæстæй ерыс кодтой, æмæ йыл Таймураз фæуæлахиз. Уæдæ куыд уарзта йæ мадæлон æвзаг, цы диссаджы поэтикон уацмыстæ йыл фыста!..

Фæндзай иу азы йыл цыд, Таймураз цардæй куы ахицæн, уæд. Йæ удæгасæй йын  бирæ уацмыстæ нæ бантыст мыхуыры рауадзын. Йæ амæлæты размæ ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Дзæхаты Игоры æмдзæвгæты æмбырдгонд «Рухс аив изæртæ», сæ ныффыссæгæн ма бантыст йæ фенын. Таймураз йæхæдæг дæр бирæ нал ахаста… Йæ цырты раз лæугæйæ, хъустыл ауайынц, Нафи йын цы утæхсæн ныхæстæ ныффыста, уыдон:

«Йæ уæлингæн йæ цырт – нымæр,
Кæсы йæ цæхæрцæст æрхуымæй…
Тыхстæн йæ сонт митæй кæддæр,
Ныр та? Кæй сæ нал кæны, уымæй».

Хаджеты Таймураз у дæс æмбырдгонды автор. Абон дæр дисы ‘фтауынц «сæрыстыр, ысхъæл æмæ хивæнд лæг”, æцæг поэты уацмысты æмбырдгæндтæ: «Фараст барæджы», «Хъысмæт æмæ зарæг», «Æхсон дуры хъæлæс», «Зæйраскъуыды уынæр», «Фæндæгты фарн», «Голос ветра» уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй, «Урс хæхты зарджытæ» æмæ «Фæсизæр».

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here