Цытджын Уæлахизы 80 азы бæрæгбонмæ нæ бæстæ йæхи цæттæ кæны, æмæ уыцы ахсджиаг цауимæ баст патриотон хъомылады хъомыс дæр фæтыхджындæр. Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы иудадзыг арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Коллектив сабитимæ удуæлдай куыст кæны, арæх æрбахонынц сæрмагонд æфсæддон операцийы, хæстон быцæуты архайджыты. Ахæм фембæлдтытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр ахъаз сты скъоладзаутæн Райгуырæн бæстæ уарзын кæнынмæ æмæ дзы сæрыстыр уæвынмæ.
Ивгъуыд майрæмбоны та скъолайы байгом кодтой хæстон-патриотон музей. Фенæн дзы ис Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты рæстæ-джы экспонаттæ, скъолайы рауагъдонтæй терроризмы ныхмæлæудтытæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны хуызистытæ, чи сæ цы хъайтардзинад равдыста, уый йæ бынмæ фыст, афтæмæй.
Нæ бæстæйæн хъысмæт бирæ хæстытæ бавзарын кодта, æмæ дзы алкæмæн дæр уыдис йæхи хъайтартæ. Бирæтæ дзы сæ цард снывонд кодтой райгуырæн зæххы сæрибардзинад, мæлæты дзыхмæ цыдысты йæ сæраппонд. Махæн нæ бон у уыдоны мысын, æмæ хъуамæ архайæм сæ нæмттæ сын сæнусон кæныныл.
Уыцы хъуыддаджы фæсте нæ баззад 47-æм скъолайы коллектив дæр. Музей байгом кæныны мадзалмæ æрбахуыдтой, чи фæмард, уыцы рауагъдонты ныййарджыты æмæ хæстонты.
Хъæздыг программæйы райдианы иу минут æдзæмæй алæууыдысты.
– Къорд азы разæй мын исчи куы загътаид, нæ æдзард лæппуты мысынæн музей байгом кæндзыстæм, уæд мæ нæ бауырныдтаид. Ныр та сæ цæссыгкалгæйæ мысæм, хуызистытæй та нæм æдзæмæй кæсынц салдæттæ, афицертæ, хорзæхджын сты паддахадон хæрзиуджытæй, ис се ‘хсæн Уæрæсейы Хъæбатыр дæр. Нæ музейæн æрмæг агуырдтам лæмбынæг. Ныййарджытæ нын æрбахастой сæ лæппуты æфсæддон дарæс. Уæрæсейы гварди æмæ 429-æм полчъы разамонджытæ нын фех-хуыс кодтой портреттæ саразынмæ, раттой нын алыхуызон æфсæддон нысантæ (атрибуттæ), фæлæ, музей афтæ тагъд байгом кæнын нæ къухы кæй бафтыд, уый та – æдзух нæ фарсмæ чи ‘рбалæууы, нæ куысты нын стыр æххуыс чи у, уыцы хæрззæрдæ сылгоймаг, Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ Днепровскаяйы руа-джы, – загъта скъолайы директор Рубайты Светланæ.
Кадджын мадзалы ма 7-æм «А» кадетон къласæн лæвæрд æрцыд Намысы ордены кавалер Хуыгаты Артуры ном.
ГАПБАТЫ Алетæ, къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА














