Гуырдзыстоны сæйраг горæт Тбилисы ивгъуыд къуыри дзюдойæ
цыдысты дунеон Гран-при турнир «Стыр згъæрхуд»-ы ерыстæ. Ирыстойнаг дзюдоисттæ турниры хæцыдысты æртæйæ, æмæ сын бантыст сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæ рамбулын.
Сылгоймæгты ерысы спорты сгуыхт мастер Таймазты Мæдинæ, 70 кг онг уæзы хæцгæйæ, турниры 1/4 хайы æнæнхъæлæ-джы фæхæрд гермайнаг дзюдоисткæ Джованнæ Скочимарройæн, æмæ ма йын фадат уыд 3-аг бынат бацахсыныл хæцынæн. Мæдинæ уыцы фадатæй спайда кодта, æмæ ма, дыууæ ныхмæлæууæгыл куы фæуæлахиз, уæд хорзæхджын ссис бронзæ майданæй.
Ацы бынатмæ кæй рацыд, уый банымайын хъæуы хорз æнтыстыл, уымæн æмæ, афæдзы дæргъы йæ уæззау цæф кæй дзæбæх кодта, уый аххосæй ерысты нæ архайдта. Ныр Мæдинæ йæхи цæттæ кæндзæн Европæйы чемпионатмæ.
Ирыстоны спортуарзджыты зæрдæтæ йæ архайдæй барухс кодта нæ иннæ спорты сгуыхт мастер, дунейы чемпион Тасойты Инал. +100 кг (уæззау) уæзы фæд-фæдыл фæуæлахиз æртæ ныхмæлæууæгыл. Туркаг дзюдоист Реджеп Эргиныл фæуæлахиз 3-аг минутыл. Европæйы чемпион, гуырдзиаг дзюдоист Иракли Деметрашвилийы рамбылдта 20 секунды фæстæ, голландиаг Юр Спикурсыл та «Иппон»-æй фæуæлахиз 1’-аг минуты кæрон.
Кæронбæттæны йæ ныхмæлæууæг уыд гуырдзиаг дзюдоист, дунейы чемпион Гурам Тушишвили. Сæ хъазуатон тохы Иналæн æппынфæстаг бантыст рамбулын «юко» бæрæггæнæны фæрцы.
Ацы уæлахизы фæстæ Инал дæр йæхи цæттæ кæндзæн Европæйы чемпионатмæ. Уыцы ерыстæ апрелы фæстаг къуыри цæудзысты Черногорийы.
Баскаты Уырызмæг












