Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы Фыццаг къорды футболон чемпионаты (ФНЛ) командæтæ акодтой 27-æм туры хъæзтытæ.
Дзæуджыхъæуы ФК «Алани» Грознайы фембæлд Ярославлы командæ «Шинник»-имæ. Сæ фембæлды размæ «Шинник», 29 очкойы æрæмбырдгæнгæйæ, турнирон таблицæйы цыди 14-æм бынаты, ома «Алани»-йæ иу къæпхæн уæлдæр. Ирыстоны футболуарзджыты уырныдта, сæ уарзон командæ ацы фембæлды уæлахиз йæ ныхмæлæууæгæн кæй нæ ратдзæн æмæ сын сæ зæрдæтæ сæ сæрæн архайдæй кæй барухс кæндзæн.
Гуырысхойаг нæу, нæ футболисттæ сæхæдæг дæр фæзмæ уыцы зондæй кæй рацыдысты, уый, фæлæ та ацы хатт дæр спортивон амонд нæ командæйыл йæхи атигъ кодта.
ФК «Алани»-йы рæнхъыты ацы фембæлды уыдысты: № 23 – Георгий Натабашвили, № 19 – Бутаты Аллон, № 73 – Макар Чирков (84’ – Гогниты Спартак – кæстæр), № 65 – Датиты Зауыр (60’ – Хъæцмæзты Сослан), № 58 – Ышык Мурат, № 12 – Данил Казанцев, 76 – Виктор Нафиков (60’ – Гогниты-Руслан), № 8 – Хуыгаты Алан, № 9 – Артем Закиров (76’ – Кокойты Давид), № 79 – Чертхъоты Дато (76’ – Дауыраты Руслан), № 21 – Кодзырты Артур.
Хъазты райдайæны ярославлаг уазджытæ сæ фылдæр тыхтæ сарæзтой сæ иварон фæзмæ бацæуæнтæ ныффидар кæнынмæ. Пурти кæд фылдæр дзæуджыхъæуккæгтæм уыди, уæддæр сын уазджыты дуармæ бабырсынæн æмæ дзы тæссаг уавæр саразынæн фадат нæ уыд, суанг 21-æм минутмæ. Уыцы минутыл алайнæгтæ цы æвиппайды ныббырст ацарæзтой, уым иттæг рæсугъд рауад Чертхъоты Датойы архайд. Уый уазджыты иварон фæзы фæсайдта сæ дыууæ хъазæджы æмæ пурти, зилдухгæнæгау, сæ дуаргæсы фæрсты хызыл сæмбæлын кодта. «Алани» 1:0-æй размæ бæргæ рацыди, фæлæ йæ фарсхæцджыты цин ахаста æрмæстдæр дыууæ минуты. 23-æм минутыл «Шинник» цы æвиппайды ныббырст ацарæзта, уый ныхмæ фæлæууынмæ, «Алани»-йы хъазджытæ нал фæцарæхстысты, æмæ уазджыты хъазæг Джон Джонатан хыгъд скодта 1:1.
Алайнæгтæ ма бæргæ архайдтой хыгъд фæстæмæ сæхи пайдайæн рацаразыныл, фæлæ уазджытæ сæ фидæрттæ тынг хъахъхъæдтой. Уый нæ, фæлæ ма сæхæдæг цалдæр хатты сарæзтой тæссаг уавæртæ фысымты дуармæ хæстæг. Фыццаг тайм ахицæн 1:1 хыгъдæй.
Дыккаг таймы алайнæгтæ сæ архайд фæцырддæр кодтой, фæлæ сæ ныб-
бырстытæн нæ фаг кодта хъæугæ кæронбæттæн саразын. Сæ ныббырстытæй та иу куы нæ фæрæстмæ, уæд 58-æм минутыл уазджытæ ацарæзтой æвиппайды ныббырст. Уый уромгæйæ, алайнæгтæ рæдыд æруагътой, æмæ уазджытæн тæрхонгæнæг бар ратта 30 метры дæрддзæфæй иварон цæф ныккæнынæн. «Шинник»-ы æрдæгхъахъхъæнæг Мирошниченко пурти «Алани»-йы иварон фæзмæ дæсны лæвæрд куы ’рбакодта, уæд æм хорз фæцарæхст сæ иннæ хъазæг Бен Азиз Загре æмæ йæ сæрæй пурти барвыста фысымты хызмæ. Ацы уавæры дызæрдыггаг уыд, уазджытæ Загрейы цæфы размæ хъазты фæтк кæй фехæлдтой, уый, фæлæ тæрхонгæнæг уый нæ федта, кæнæ та йæхи æнæзонæг скодта. Афтæмæй хыгъд ссис 1:2 – «Шинник»-ы пайдайæн.
Хъазты кæронмæ ма бирæ рæстæг уыди, æмæ алайнæгты фарсхæцджыты уырныдта, нæ футболисттæ фæхæрд уæвын кæй нæ бакомдзысты, уый. Æмæ, æцæгæйдæр, уыдон тырныдтой хъазты цыд сæхи пайдайæн рацаразынмæ. Сарæзтой къорд ныббырсты, фæлæ сын пурти уазджыты дуары батæхын нал бакуымдта, æмæ «Шинник» фæуæлахиз 2:1 хыгъдæй.
Хъазты фæстæ пресс-конференцийы «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак хъыгзæрдæйæ загъта: «Æнæмæнг, «Шинник»-ы рæнхъыты ис фæлтæрдджын футболисттæ, æмæ уыдон сæ гæнæнтæй хорз спайда кодтой. Пурти фылдæр нæ хъазджытæм бæргæ уыди, фæлæ, нæ æрыгон лæппутæм фаг фæлтæрддзинад кæй нæма ис, уый рауад нæ ныхмæлæуджыты пайдайæн. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ нын дыккаг гол куы бакъуырдтой, уый хæдразмæ уазджыты хъазæг нæ хъахъхъæнджыты фæсчъылдыммæ кæй февзæрд, уый тыххæй хъуамæ тæрхонгæнæг хъазт бауырæдтаид, фæлæ… Тæрхонгæнджыты ахæм цæстæнгас мах фыццаг хатт нæ рахатыдтам, раст цыма се ’ппæты дæр уый фæнды, цæмæй «Алани» Фыццаг къордæй рахауа. Кæд, æцæгæйдæр, кæйдæрты уый фæнды, уæд сын мах зæгъæм: «Уыцы хъуыддаг кæй не ’рцæудзæн æмæ нæ лæппутæ се ’ппæт хъарутæй кæй бацархайдзысты Фыццаг къорды баззайыныл».
«Алани» йæ иннæ радон хъазт (28-æм туры) уазæгуаты акæндзæн 12 мартъийы «Уфа»-имæ.
27-æм туры фембæлдтытæ ахицæн сты ахæм хыгъдтимæ: «Торпедо» – «Ротор» – 0:1, «Алани» – «Шинник» – 1:2, «Родина» – «Сочи» – 3:1, «Нефтехимик» – «Чайка» – 2:1, «Тюмень» – «Уфа» – 1:1, «СКА-Хабаровск» – «Балтика» – 1:2, «Урал» – «КамАЗ» – 2:1, «Енисей» – «Черноморец» – 0:3, «Арсенал» – «Сокол» – 1:0.
Баскаты Уырызмæг