2025 азы æртæ мæймæ «Роспотребнадзор»-ы специалистты æххуысæй фæлхасгæнджытæн бантыст, цауд товартæ æмæ лæггæдтыл цы хæрдзтæ бакодтой, уыдонæй 500 мин сомæй фылдæр фæстæмæ раздахын.
Ахæм нымæцтæ фехъусын кодта «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы пресс-службæ.
Уыимæ, управленийы минæвары ныхасмæ гæсгæ, фароны уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, цауд товарты фæдыл адæмы хъæстыты нымæц зынгæ сырæзт: 2024 азы фыццаг кварталы – 100 курдиаты, 2025 азы фыццаг кварталы – 170 курдиаты (рæзт 70 проценты бæрцæй). «Роспотребнадзор»-ы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм уавæрæн ис бæлвырд æууæлтæ.
– Абоны фæлхасгæнджытæ хуыздæр зонынц закъонтæ, сæ бартæ бахъахъхъæнынмæ тырнынц. Æлхæнджыты юридикон зонындзинæдтæ кæй рæзынц, ууыл комкоммæ ахадынц дзыллон информацийы фæрæзтæ. Уыдонимæ мах æнгом æмархайд кæнæм, фæлхасгæнджыты барты тыххæй амынддзинæдтæ адæммæ афойнадыл фæхæццæ кæнынц, – зæгъы «Роспотребнадзор»-ы регионалон управленийы фæлхасгæнджыты барты фæдыл хайады хицау Плиты Аннæ.
Хайады разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, адæмы хъæстыты нымæцыл комкоммæ фæзынд, фæлхасгæнджытæ дистанцион сервисты фæрцы фылдæр товартæ æлхæнын кæй райдыдтой, уый дæр. Уæйгæнджытæ интернеты цы рæсугъд къамтæ равæрынц, уыдонмæ гæсгæ адæймаг равзары зæрдæмæдзæугæ товар. Фæлæ æрвыстæг æлхæнæджы къухмæ куы бафты, уæд арæх иу кæнæ иннæ дзаума бынтон зæрдæзæгъгæ нæ разыны… «Йæ бартæ къахыргонд кæмæн æрцæуынц, уыцы адæмы фарсмæ мах балæууæм. Афтæ, фæлхасгæнджытæ се ’лхæнинæгты хæрзхъæддзинадæй разыйæ кæй нæ баззадысты, уымæ гæсгæ сын азы райдайæнæй нырмæ не ’ххуысæй бантыст уæйгæнджытæй фæстæмæ 500 мин сомæй фылдæр раздахын», – бафиппайдта Аннæ.
Управленийы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй фæлхасгæнджыты барты фæдыл куыст кæнынц иудадзыгон фæткыл. Зæгъæм, сæрмагонд хайадмæ алыхуызон барадон фарстаты фæдыл æрвылбон дæр бахатынц 20-30 адæймаджы бæрц. Уыимæ, управленийы специалисттæ æмгуыстад кæнынц товаруадзджытæ æмæ амалхъомады субъекттимæ, амонынц сын уæйгæнджытæ æмæ æлхæнджыты ‘хсæн нывыл ахастдзинæдты бындуртæ…
Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фарстаты фæдыл хайадмæ бадзурæн ис ахæм телефонтæй:
+7 (8672) 51-91-52, +7 (8672) 50-50-85, +7 (8672) 51-92-40 æмæ 8-800-555-49-43.
КАЛМАНТЫ Аслан














