Цæгат Ирыстоны архайын райдыдта ног автобусон маршрут «Дзæуджыхъæу-«Мамысон».
Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй, регион национ проект «Æдас хæрзхъæд фæндæгтæ»-мæ гæсгæ кæй райста, уыцы маршрутыл кусынц дыууæ ног ахæм чысыл автобусы.
Цыппæрæмæй хуыцаубоны онг автобустæ рацæуынц Дзæуджыхъæуы мæнæ ахæм объекттæй: райсомæй 08:00 сахатыл – Ирон театры цурæй, 10 сахаты æмæ 30 минутыл та – æфсæнвæндаджы вагзалæй. «Мамысон»-æй фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ автобустæ рацæуынц 16:20 æмæ 17:00 сахатыл.
Иуырдæм фæндаггаджы аргъ у 200 сомы. Иу ранæй иннæмæ автобус бахæццæ вæййы чысыл хъуагæй дыууæ сахатмæ.
Нæ уацхæссæг