Ацы аз нæ бæстæйы цæрджытæ æмæ æппæт советон адæм бæрæг кæндзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы бон. Уый фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин 2025 аз йæ бардзырдæй снысан кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азæй.
Хæст канд тохы быдыры лæгæй-лæгмæ нæ цыд, фæлæ ма фæсчъылдымы дæр. Фашисттæ сæрмагонд скъолаты цæттæ кодтой сгарджытæ æмæ диверсантты. Стæй сæ-иу алы мадзæлттæй æрбарвыстой нæ бæстæмæ, цæмæй не ’фсæдтæ æмæ адæмæн знаггад кæной. Уæдæ не ’мбæстæгтæй дæр ахæмтæ уыд, советон цардарæзтыл разы чи нæ уыд, знагмæ амынæты бахаугæйæ, йæ цард Фыдыбæстæйæ зынаргъдæр кæмæн уыд, ахæм тæппудтæ æмæ уæйгæнджытæ. Ахæмтæ-иу уайтагъд знаджы фарс фесты æмæ алыхуызон диверситæ арæзтой Сырх Æфсады ныхмæ. Хъуыдысты ног тыхтæ диверсанттимæ тох кæнынæн. Уый тыххæй Советон Æфсады Уæлдæр командæгæнæг Сталины уынаффæйæ, 1943 азы 19 апрелы арæзт æрцыд хæстон сгарæн æфсад «Смерш» (нысан кодта «смерть шпионам!»). Уый, хæсты рæстæг равзæргæйæ, æххæст кодта хæстон нысантæ æмæ уыд комкоммæ Уæлдæр командæгæнæг Иосиф Сталины дæлбар.
Не ’мзæххон Хъараты Алыксандры фырт Раман йе ’фсæддон хæс æххæст кодта «Смерш»-ы рæнхъыты кадимæ. Хъыгагæн, уæздан æмæ фырнымд уæвгæйæ, суанг йæ бинонтæн дæр нæ уарзта йе сгуыхтдзинæдты тыххæй дзурын. Стæй сын, æвæццæгæн, дзурæн дæр нæ уыд. «Смерш», куыд зонæм, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон хайад уыд, уымæ гæсгæ йе ’ппæт хъуыддæгтæ абон дæр нырма сусæггонд сты.
Мах фембæлдыстæм Раманы чызг Плиты-Хъараты Изетæимæ. Йæ фыды мысгæйæ, бæрæг уыд, йæ хъуыдытæ-иу æй дард, ивгъуыд заманмæ кæй ахастой, æмæ-иу йæ цæстытæ доны разылдысты.
– Мæ фыд райгуырд 1915 азы 10 октябры Зæронд Бæтæхъойыхъæуы. 15 азы йыл куы цыд, уæд йæ ныййарджытæ амардысты æмæ мæ фыд йæ хотæ æмæ йе ’фсымæртимæ сидзæрæй баззадысты. Лæппутæ иу хæстæджытæм хъомыл кодтой, чызджытæ та – иннæтæм, – дзуры Изетæ.
Афтæ сидзæртыл цыдысты бонтæ. Дыууæ лæппуйы куыстой колхозы. Уым Раман базыдта тракторыл цæуын æмæ йæ йæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæнынæн арвыстой МТС-мæ (автомобилон-тракторон станцæ) ахуыр кæнынмæ, фæстæдæр та – Астæуккаг Азимæ хор тауынмæ. Уыцы рæстæг нæ бæстæмæ æрбабырста фашистон Германи, æмæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Раман дзы йæ райдианæй йæ кæронмæ хæцыд «Смерш»-ы. Куыд бирæ советон хæстонтæ, афтæ уый дæр йæ хæс Фыдыбæстæйы раз бафыс-та уæлдайджынтæй. Йæ хъæбулы хъæбулы хъæбул Хуыгаты Камиллæ, йæ нанайы бæллиц æххæст кæнгæйæ, паддзахадон архивты ссардта, Хъараты Алыксандры фырт Раманы сгуыхтдзинæдтæ бæрæггонд кæм æрцыдысты, ахæм æвдисæндартæ. Йæ хæстон фæндæгтæ æнцон нæ уыдысты. Фашисттæ бырстой размæ. Бантыст сын бирæ советон горæттæ æмæ хъæутæ бацахсын. Иу афон немыцаг фашисттæ æрбахæццæ сты Раманы хайадмæ. Тæссаг уыд, ахсджиаг паддзахадон архивтæ знаджы къухтæм куы бахаудаиккой, уымæй. Раман иунæгæй æрлæу-уыд фашистты ныхмæ, хæцыд, цалынмæ йе ’мбæлттæ архивтæ раластой, уæдмæ. Уыцы сгуыхтдзинады тыххæй йæ Советон Æфсады разамынд схорзæхджын кодта Сырх Стъалыйы орденæй.
Архивæй: «Æмбал Хъарайы-фырт иу æмæ дыууæ хатты нæ архайдта пулеметæй. Йæхæдæг амардта бирæ фашистты. Разамынд цы къордæн лæвæрдта, уый алкæддæр тох кодта хæсты цæхæры. Йæхæдæг иунæгæй æрцахста, паддзахадæн уæлдай тæссаг чи уыд, ахæм цалдæр фыдгæнæджы. У хорз æмбал. Горæттæ Турдæ æмæ Лучинецы бынмæ тохы знаг хид бацахсыныл архайдта. Нæмгуытæ ихуарæгау згъæлдысты æмбал Хъарайы-фырт æмæ йе ’фсæдты къордыл. Фæлæ уыдон æххæст кодтой советон хицауады бардзырд. Уыцы аз ма архайдта, немыцаг сгарджыты скъолайы чи ахуыр кодта, уыдоны æрцахсыныл».
Раман архайдта 3-аг Украинаг фронты, Днепропетровск æмæ Кривой Рогы ’рдæм размæбырсæн операцитæ æмæ æндæр карз бынæтты.
Сталинграды бынмæ хæсты хъæбатырдзинад кæй равдыста, уый тыххæй Раман хорзæхджын æрцыд майдан «За оборону Сталинграда»-йæ.
Йæ бирæ хорз хъуыддæгтæ æбæрæгæй баззадысты. Фæлæ, архивы æрмæджытæй куыд базыдтам, уымæ гæсгæ 1941 азы 14 декабры горæт Черкассы знагæй суæгъд кæныны хъуыддаджы кæй архайдта æмæ хъæбатырдзинад кæй равдыс-
та, уый тыххæй Арфæйы фыстæг райста Советон Æфсады Уæлдæр командæгæнæг Сталинæй.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты зæрдиаг архайды тыххæй Советон Цæдисы Уæлдæр Советы бар-дзырдмæ гæсгæ йын 1945 азы 9 майы лæвæрд æрцыд майдан «За Победу над Германией». Уыдонæй уæлдай, сабыр царды дуджы хорзæхджын æрцыд бирæ юбилейон хæрзиу-джытæй.
Раман хæстæй куы æрыздæхт, уæд йæхицæн бинойнагæн равзæрс-та Беджызты Додтаны чызг Катяйы. Уый дæр хæсты рæстæг куыста колхозы. Уыцы уæззау азты нæлгоймаджы къухтæ нæ фаг кодтой, æмæ-иу сылгоймæгтæ дæр куыстой трактортыл. Афтæ Катя дæр фæллой кодта иннæ сылгоймæгты æмрæнхъ. Хæсты фæстæ та куыста банчы.
– Нæ ныййарджытæн мах уыдыстæм дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Хæс-
ты фæстæ адæм иууылдæр мæгуыр цардысты. Нæ фыд æртæ сменæйы куыста, цæмæй бинонтæ мацы хъуаг æййафой. Нæ мадæн-иу фæдзæхс-та, цæмæй хæринагхъуаг ма уæм. Æвæццæгæн, йе ’ххормаг сабибонтæ йæ цæстытыл уадысты. Нæ фыд йæ хæстон фæндæгты тыххæй никуы ницы дзырдта. Мах æй æмбæрстам, зын ын кæй у, уый. Куы-иу æй бафарстам, уæд-иу йæ дзуапп уыд ахæм: «Хæсты куыд вæййы, афтæ. Ницæмæн уæ хъæуынц…» Ноджы ма мæ зæрдыл хорз лæууы, нæ фыд-иу арæх Сталины зарæг куы кодта: «Выпьем за Родину, Выпьем за Сталина…» Ныры дуджы цъыфкалæн кæуыл кæнынц æмæ знаг кæй хонынц, уый хуымæтæг адæм куыд уарзтой, уый уымæн – æвдисæн. Хæсты фæстæ мæ фыд куыста æфсæн-бетоны конструкциты заводы. Разæнгардæй кæй фæллой кодта, уый тыххæй-иу йæ кой арæх уыд газетты. Уыд Рахизфарсы районы партийы райкомы бюройы уæнг, районы тæрхондоны адæмон æвдисæн. Йæ фыруæзданæй, хæсты ветеранæн цы æмбæлд, уыцы мадзæлттæй дæр никуы спайда кодта. Мах, нæ ныййарджытæ æмæ цыппар сывæллоны, цардыстæм иу ныллæг агъуысты. Уыцы рæстæг нæ фыдæн Беслæны лæвæрдтой, æртæ уаты кæм уыд, ахæм фатер, фæлæ йæ уый райсын нæ бакуымдта. Мæныл тæдзгæ нæ кæны, æппындæр хæдзар кæмæн нæй, уымæн æй раттут, зæгъгæ, уыд мæ фыды дзуапп, – мысыд Изетæ.
Хъараты Раман абон не ’хсæн нал ис, фæлæ, йæ фæстæ цы рæсугъд фæд ныууагъта, уый рох нæ уыдзæн йæ кæстæртæй, хиуæттæй, чи йæ зыдта, уыцы адæмæй.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты арт кæд раджы бамынæг, уæддæр та фашизм ногæй йæ сæр сдардта. Нæ цардбæллон фæсивæд абон дæр Украинæйы зæххыл сæ цард нывондæн хæссынц нæ бæстæйы сабырдзинады сæраппонд. Хъуамæ иунæг хъæбатыр дæр махæй рох ма уа. Уæд сæ нæмттæ цæрдзысты æнусты. Хъæбатыртæн мæлæт нæй.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ