Ныййарджытимæ фембæлд

0
35

Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады паддзахадон автоинспекцийы кусджытæн уыд хъуыддаджы фембæлд Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзауты ныййарджытимæ.

Фембæлд амыдта республикæйы автоинспекцийы Ветеранты советы сæрдар, милицæйы отставкæйы булкъон Бесаты Аслæнбег. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой сывæллæтты архайдимæ фæндаггон-транспортон бæллæхты æрхæндæг бæрæггæнæнтæ æмæ фыдбылызты сæйраг аххосæгтыл. Ныхасгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, æвзонг бæлццæтты æдасдзинады фæдыл хъомыл адæймæгтæм хауы стыр бæрнондзинад. Фæндагыл цыды фæтк биноныг æххæстгæнинаг кæй у, скъоладзауты зæрдыл уый æрлæууын кодтой.

Электросамокатты темæмæ уæлдай фылдæр æргом аздахгæйæ, барадхъахъхъæнджытæ фембæлды архайджытæн амынд транспортон фæрæзты тæссагдзинады тыххæй хабæрттæ радзырдтой, стæй сын электросамокатты архайдимæ æрцæуæг фæндаггон-транспортон фыдбылызты тыххæй видео-æрмæджытæ равдыстой.

Ныййарджытæ пъæлицæйы кусджытæн пайдайаг фембæлды тыххæй бузныг загътой. Автоинспектортæ хъомыл адæмæн ноджыдæр ма иу хатт фæдзæхсынц: сывæллæттæ фæндагыл цыды фæтк æххæст кæнынц æви нæ, уымæ цæст дарут!

 РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
паддзахадон
автоинспекцийы пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here