Хуымæтæг æмæ зæрдæбын курдиаты хицау, ирон аивадæн ном чи скодта, уыдонæй иу уыд Хъариаты Тамарæ. Йе сфæлдыстады уыд, адæймаджы уды ахаст зынхатæн чи кодта, ахæм æнахуыр знæтдзинад. Гæнæн цæмæн нæй, уый-иу театрдзауæн æрцыд æмбæрстгонд, баууæндыд-иу, саразæн цæмæн ис, ахæм хъуыддаг кæй у.
Уыцы изæр Фыййаджыбылы Культурæйы хæдзары Ирон театр æвдыста Александр Островскийы пьесæ «Тæрккъæвда»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль. Залы адæмæй къух бакæнæн нал уыд, сывæллæттæй иутæ сæ мадæлты хъæбысты бадтысты, мах та, актертæ театры автобусæй куыд хиздзысты æмæ агъуыстмæ куыд цæудзысты, уый феныны æнхъæлæй сурджытæй хъазыдыстæм. Уалынмæ автобус нæ разы æрлæууыд, æмæ дзы актертæ иугай хизын райдыдтой, сæ сценикон костюмтæ – сæ къухты, афтæмæй. Уалынджы рахызт бæрзонд, хæрзконд сылгоймаг, йæ къахайст фидар æмæ уæндон уыд. Аргъæутты цы къупецаг сылгоймæгтæ уыд, уыдоны хуызæн мæм фæкаст. Островский чи у æмæ цы ныффыста, уый зонгæ дæр нæ кодтон уæд. Абон дæр мæ цæстытыл ауайы актерты хъазт. Къупецаджы æнгæс мæм цы сылгоймаг фæкаст, уый сценæмæ куы рахызт, уæд мæ цыма ивгъуыд рæстæджы февзæрын кодта. Æгъатыр сылгоймаг йæ тызмæгдзинадæй сценæ, зал æмæ æгас дуне дæр йæхи бакодта, æмæ фезмæлын дæр нал уæндыдтæн. Куыд тæригъæд кодтон Тихон, Варварæ æмæ Катеринæйæн… Фæстæдæр, драматурджы уацмыс ахуыргæнгæйæ, мæ цæстыты разæй нæ хызтысты, Ирон театры актертæ спектаклы цы сурæттæ сарæзтой, уыдон: Хъариаты Тамарæ – Кабанихæ, Хъантемыраты Терезæ – Катеринæ.
Тамарæ ахъазыд, ирон теат-ралон аивады хæзнадонмæ цы спетакльтæ бацыдысты, уыдоны ныфсхаст, сæ тырнындзинадыл тохгæнæг, фæндонджын æмæ зондджын сылгоймæгты рольты (Рашель, «Васса Железнова», Хансиат, «Дыууæ хойы» – 1946 аз; Эмилия, «Отелло» – 1951 аз æмæ Реганæ, «Къарол Лир» 1948 æмæ 1959 азты). Йæ рольтæ – «Æнæ аххосæй аххосджын» (Кручинина), «Фатимæ» (Фатимæ), «Сидзæргæс» (Марикъо) йын чи федта, уыдоны дисы æфтыдта йæ хъазты тых, йæ алы фездæхт дæр уыд нысанмæ арæзт. Уæлдай нæ уыд, фæсарæйнаг, уырыссаг кæнæ ирон драматургты пьесæйы хъазыдаид – алы фæлгонцыл дæр бындуронæй куыста.
«Хъыгагæн, ирон актерты хистæр фæлтæрау, Мæскуыйы театралон институты нæ ахуыр кодтон. Фæлæ мæ ахуыргæнджытæ – Еленæ Маркова, Цæлыккаты Мæирбег, Икъаты Серафин æмæ иннæтæ уыдысты диссаджы зондамонджытæ. Мæ аивадон царды æдзух ахуыр кодтон актеры дæсныйадыл, Ирон æмæ Уырыссаг театрты сценæйы, куыд хистæр, афтæ ме ‘мбæлтты, кæстæр фæлтæрты куыстыл бæстон хъуыды кæнгæйæ», – фыста йæ рæстæджы ирон сценæйы дæсны.
Театрмæ уарзондзинад æрыгон чызджы зæрдæйы райгуырд, агуыридургæнæн заводы кусгæйæ, агитбригадæйы куы архайдта, уыцы рæстæг. Ирон драмон театры равзæрдæй дыууæ азы раздæр Тæбæхсæуты Балоимæ хъазыд фæсивæдон агитацион театр Темафы («Театр малых форм»-ы). Йæ мысинæгтæй
скъуыддзаг уын хæссын уæ размæ: «Театралон аивадмæ ахаст мæм, цалынмæ актрисæ не сдæн, уæдæй фæзынд. Кæд нæ рæдийын, уæд уый 1927 азы уыд. Горæтмæ гастрольты æрцыд актриса Ольгæ Игорева, йæ диссаджы хъазт, рæсугъддзинад, æнахуыр хъæлæсы, стæй ма спектаклы рæстæг залæй зæрдæхъæрмттæй театрдзауты кæй хастой, уый фæдыл бирæ цыд ныхас. Нæ хъуыды кæнын, спектакльмæ куыдæй бахаудтæн, нæдæр авторы, нæдæр, спектакль куыд хуынд, уый, æрмæст абоны онг мæ зæрдыл дарын, куыд мæ сæнкъуысын кодта… Хъуыды кæнын, мæ разæй цы сылгоймаг бадт, уымæн йæ зæрдæ куыд бахъарм, уый, æмæ йæ цалынмæ залæй рахастой, уæдмæ Игорева сценæйы лæууыд æмæ æдзынæгæй æнхъæлмæ каст, зал кæд басабыр уыдзæн, уымæ. Бирæ азты фæстæ, актрисæ куы сдæн, драмон рольтыл кусгæйæ мын-иу зын куы уыд, уæд-иу мæ разы слæууыд йæ фæлгонц, æмæ-иу ногæй хъавыдтæн, йæ арф æргомдзинад цæй мидæг ис, уый банкъарын». Æнтысгæ дæр ын кодта, æндæр ахæм тыхджын сурæттæ нæ нывæзтаид сценæйы.
Бирæвæрсыг уыд Тамарæйы курдиат, бинонтæй райдай æмæ йогæйæ фæу. Ирон литературæйы классик Дзесты Куыдзæгимæ, кæрæдзи æмбаргæйæ, бирæ азты фæцардысты, сæ удыхъæд алыхуызон кæй уыд, чи зоны, уый фæрцы. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, ныхмæвæрд сæмæны кæрæттæ кæрæдзимæ кæй æлвасынц сæхи. Хъарианæн ма суанг радзырдтæ æмæ пьесæ ныффыссын дæр бантыст. Чи зоны, æмæ йæ уацмыстæм Куыдзæджы къух дæр фæхæццæ. Чиныгкæсæджы дисы ‘фтауы сæ цардæй ист хуымæтæг хабар, се ‘взаг раст зырнæйзылдау у. Уый та æрмæст курдиатджын адæймаджы къухы бафты. Радзырдтæ «Сылгоймæгты тох», «Додтыба», «Легкие ступени» æмæ пьесæ «Уарзын зын у» мыхуыры рацыдысты республикон газет «Рæстдзинад» æмæ журналтæ «Мах дуг» æмæ «Ногдзау»-ы, стæй хицæн чингуытæй дæр. М. Литвиненкоимæ рауагътой æмбырдгонд «Северо-Осетинский драматический театр». Уый ссис аивадиртасджыты стъолыл даргæ чиныг. Йæ пьесæ «Уарзын зын у» æвæрд æрцыд Ирон театры.
– Режиссер дæр ын йæхæдæг уыд. Репетицитæ кæнгæйæ, иу рæстæджы æнæфæразгæ уыд, театрмæ йæ бон нæ уыд æрбацæуын æмæ нæм сæхимæ
фæдзырдта. Медойты Светланæ, Цырыхаты Розæ, спектаклы иннæ архайджытимæ цалдæр репетицийы скодтам сæ хæдзары. Бамбарын нын кодта, йæ лирикон комедийæ цы зæгъинаг уыд, уый. Лирикон миддунейы хицау уыд, йæ зæрдæйы уарзондзинады монцтæ егъау бынат ахстой. Йæхæдæг дæр-иу сценæйы ахæм сурæттæ скодта, æмæ сыл-иу театрдзау æууæндыд, уымæн æмæ йæ зæрдæйы арфæй цыдысты. Уæдæ, куыд адæймаг, уыдис цæстуарзон æмæ хорз зондамонæг. Мæстджынæй тигрмæ дæр сдзырдтаид, фæлæ-иу уайтагъд хъæлдзæг ныхасмæ раивта йæ маст. Хорз зыдта сценæйы закъонтæ, стæй кæстæртæм дæр лæмбынæг, цæстуарзонæй кастис. Мах æрыгæттæ уыдыстæм уыцы рæстæг. Театралон институты нæ цæуыл ахуыр кодтой, уый бындуронæй зыдта, кæд æм уæлдæр театралон ахуыргонддзинад нæ уыд, уæддæр. Йæ амынддзинæдтæ сæ бынаты уыдысты æдзухдæр, – мысы Хъариаты Тамарæйы Ирон театры уæды актер Баскаты Уырызмæг.
Тамарæ канд йæхи спектаклы режиссер нæ уыд. Бантыст ын болгайраг пьесæ «Семейство» -мæ гæсгæ спектакль сæвæрын, йæ афишæ ныр дæр ис йæ хæдзары. Аивады уылæнты кæсагау ленк кодта актрисæ. Канд сценæйыл нæ агуырдта æмæ ардта сурæттæ, фæлæ сæ нывæзта йæ къухтæй арæзт куклаты дæр. Алкæцыйæн дæр сæ ис йæхи характер æмæ цæсгом. Уый та ууыл дзурæг у, йæ аивады арæнтæ уæрæх кæй уыдысты. Хъæддых уды хицау актрисæ ницæмæ куымдта сæттын.Æгъатыр низ ыл куы æртыхст, дохтыртæй йæ бон куы базыдта, уæд бавдæлд æмæ рахызт йогæмæ. Низ лидзæг фæцис, зæххыл æнусон ницы ис. Сæдæ дæс азы фæстæ дæр Хъариаты Харитоны чызг Тамарæйы мысынц йе ‘мкусджытæ æмæ театрдзаутæ. Йæ фæстæ цы фарн
ныууагъта, уый та цырен артау судзæд азты цыды.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














