Сæйраг – адæмы æдасдзинад

0
290

Нæ республикæ экономикон æгъдауæй цардхъом цæмæй уа, царды инфраструктурæ нывылдæр кæна, уыцы хъуыддагæн фæндæгты арæзтад у ахсджиагдæр гæнæнтæй иу.

Ацы бонты фæндагон-цалцæггæнæн куыстытæ  цæуынц, Мичурины хъæуы астæуты цы фæндаг цæуы, уым. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрцыд цаудмæ, уымæн æмæ йыл æрвылбон цыдис бирæ машинæтæ, уыимæ – транзитон транспорт дæр. Иудадзыг тæссаг уыд фæндагон фыдбылызтæй. Национ проект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ»-йы бындурыл 2024 азы кæрæтты байгом кодтой, хъæуы иувæрсты 5,6 километры дæргъæн  нырыккон фæндаг. Цæгат Ирыстоны фæндагон-транспортон системæйы райрæзтæн уыдзæн ахъаз, уыимæ, мингай уæзласæн æмæ рог машинæтæн сæ рыг, сæ фæздæг æмæ быронæй ссыгъдæг кодта хъæуы уынгтæ, адæм рогæн сулæфыдысты.

Мичурины хъæуы цæрджыты удæнцойдзинадæн, регионалон фæндаг Дзæуджыхъæу-Æрыдон- Цыкола-Лескен-2-йы (28,4 км-30,7км) уадздзаг 2025 азы куысты пъланмæ хаст æрцыд.

Национ проект «Инфраструктурæ цæрдæн»-мæ гæсгæ арæзтадон организаци «Интелстрой» цалцæггæнæн куыстытæм бавнæлдта.

– Фæндæгтæ аразгæйæ, домæн у нæ адæмы æдасдзинд, æмæ куыст дæр цæудзæн уыцы хуызы, –  дзуры подрядон куыстуаты мастер, Хæххон-металлургон институты раздæры рауагъдон Василий Антонов. – Фæндаг асфальтæй бамбæрзыны разæй уал бакæнын хъæуы бирæ цæттæгæнæн куыстытæ, лæгъз æмæ фидаргонд цæуы йæ бындур. Къуылымпы ницæмæй æййафæм, ис нæм дæсны специалисттæ, æппæт хъæугæ техникæ, нырыккон технологитæ фадат дæттынц, цæмæй фæндæгтæ уой хæрзхъæд æмæ бирæ азты лæггад кæной бæлццæттæн. Нывылгонд æрцæудзысты фæндаггæрæттæ дæр, кæрæй-кæронмæ баивдзыстæм фæндагон нысантæ, – зæгъы Василий Антонов.

Мастеры ныхасмæ гæсгæ, пайда кæнынц  бынæттон арæзтадон æрмæгæй, зæгъæм, асфальт ласынц Дзуарыхъæуы заводæй. Сæ хæрзхъæддзинад сын бæрæг кæны сæрмагонд фæндагон лаборатори.  Куыстытæ куыд цæуынц, уымæ цæстдард ис РЦИ-Аланийы Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты специалисттæ æмæ «Интелстрой»-йы генералон директор Гусаты Зауыры ’рдыгæй.

Арæзтадон хайæн йæ дæргъ у 2,4 километры, йæ уæрх та – 9 метры. Кусы дзы уæззау техникæ – грейдертæ, лæгъзгæнæнтæ, асфальтæвæрæн æмæ уæзласæн машинæтæ. Раппæлинаг у сæ куыст Кучиты Маратæн, Музайты Батрадзæн, Хъæрæцаты Виталийæн, Тыджыты Эрикæн, асфальтæвæрæн машинæйыл дæсны кусы Гайты Георги. Арфæйы ныхæсты аккаг сты кусджытæ Приты Махар æмæ Аслан, Гутнаты Артур, Руслан Эзерханов, КаМАЗ-ы шофыр Гуыдиаты Тамерлан æмæ иннæтæ. Арæх фехъусынц арфæйы ныхæстæ бæлццæттæ æмæ бынæттон цæрджытæй.

– Иумæйаг хъарутæй цы бакусæм, уымæй зæрдæ  рухс кæны, архайдзыстæм, цæмæй арæзтад æмгъуыдмæ гæсгæ ацы фæззæджы кæронмæ фæуа. Уæд Мичурины æмæ æндæр хъæуты цæрджытæ æхсызгонæй  цæудзысты ног, æнцонвадат фæндагыл, – зæгъы Василий.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here