Цæгат Ирыстоны бавнæлдтой аэропорт «Владикавказ»-ы зæронд агъуысты бындурон рацарæзтмæ. Ам фæзындзæн, 160 бæлццоны сахатмæ йæ бон æрвитын кæмæн уыдзæн алы рæттæм – уыимæ – фæсарæнтæм дæр, ахæм æхсæнадон ног терминал.
Ныридæгæн бæстыхайы рацарæзты проект рæвдз у, куыстытæ чи кæндзæн, уыцы подрядчикы дæр сбæлвырд кодтой æмæ йемæ бафыстой фыццаг рады куыстытæ райдайыны тыххæй бадзырд. Хъазуатонæй халын райдыдтой агъуыст.
Аэропорты бындурон рацарæзт суыдзæн ахсджиаг къахдзæф Цæгат Ирыстоны инфраструктурæйы рæзтæн æмæ фæахъаз уыдзæн регионы хъуыддаджы æмæ туризмы къабазы размæцыдæн. Бæстыхай сног кæнын ма бахъуыд, бæлццæтты нымæц дзæвгар кæй фæфылдæр, уый тыххæй дæр. Фарон нæ республикæйы уæлдæфон «къæсæрæй» ахызтысты 23500 адæймагæй фылдæр, 2023 азимæ абаргæйæ. Нæ бæстæйы мидæг фылдæр пайдагонд цыди Мæскуы æмæ Бе-
тъырбухмæ рейстæй, фæсарæнтæм та бæлццæттæ арæхдæр цыдысты туркаг курорттæм – Анталья æмæ Стамбулмæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: аэропорты ног терминал кусы 2022 азæй нырмæ. Аразын æй райдыдтой 2020 азы декабры республикæйы разамонджыты ахъаззаг æххуысæй.
БУТАТЫ Азæмæт














