«Фылдæр æргом – математикæ æмæ информатикæмæ…»

0
103

Республикæйы Хицауады цы æрвылкъуырион аппаратон æмбырд уыд, уый амыдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Архайдтой дзы нæ республикæйы Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæстаг къуырийы дæргъы республикæйы æнæнхъæлæджы цаутæ бæрæггонд не ’рцыд. Хæхты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Республикæйы дарддæр дæр æххæстгонд цæуы æнæнхъæлæджы уавæрты фæтк. Бæрæггонд æрцыдысты 10 зынгсирвæзты. Иу адæймаг дзы хъыгдард баййæфта. Республикæйы фæндæгтыл лæууынц 2410 машинæйы, уыдонæй 30 – рог хæдтулгæтæ, 1000 уæзласæн машинæйы – сæрмагонд бынæтты. Ивгъуыд къуырийы дæргъы Гуырдзыстоны арæныл дыууæрдæм ахызтысты 13 мин автотранспортон иуæгæй фылдæр æмæ 31 мин адæймаджы. Боныхъæды уавæртæм гæсгæ, Арвыкомы фæндаг æхгæд æрцыд уæзласæн автотранспорты хуызтæн, фæлæ дзы автобустæ æмæ рог хæдтулгæтæн сæ бон у ацæуын. Транскамы фæндаг гом у æппæт транспорты хуызтæн дæр.

Республикæйы Сæргълæууæг Томайты Ирбегæн бафæдзæхста, майы бæрæгбæттæ цæмæй æдасæй ацæуой, уый тыххæй Мидхъуыддæгты министрадимæ иумæ сæрмагонд пълан бацæттæ кæнын.

Аппаратон æмбырды ма фехъусын кодтой, хæстæгдæр бонты къæвдатæ кæй уардзæн, уый тыххæй Цæрæнуатон-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министрад æмæ сæрмагонд службæтæ бæрзонд цæттæдзинады фæткмæ раивын. Уæлдай æргом аздахын, уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы канализацион системæтæм.

Республикæйы æнæниздзинад хъæхъхъæнынады министр Тебиаты Сосланы ныхасмæ гæсгæ, цæмæй адæм лæвар хостæ райсой, уый тыххæй афæдзы райдайæнæй нырмæ бафыстой 170 бадзырды. Диспансеризаци ацыдысты 99 мин ас адæймаджы æмæ 44 мин сывæллоны.

Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, скъолаты фылдæр æргом аздахын хъæуы математикæ æмæ информатикæйы предметтæм. Уый фæдыл республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн бахæс кодта Цæгат Ирыстоны математикон лицейы бындурыл байгом кæнын, программисттæ кæм цæттæ кæндзысты, ахæм фæсаууонмæ ахуыры математикон скъола. Ахуыр дзы кæндзысты дæрддзæф хъæуты сывæллæттæ дæр. Æппæт ахуыртæ дæр уыдзысты лæвар.

Хæтæлдоны цæрджытæ курынц, цæмæй сын сæ хъæуы Кцойы-фырты уынджы къахвæндаг саразой. Уый фæдыл республикæйы Сæргълæууæг Алагиры районы разамындæн бахæс кодта Хæтæлдоны цæрджыты курдиат сæххæст кæнын.

Цыколайы цæрджытæ та курынц сæ хъæуы Дедегкайы-фырты уынджы саразын спортивон фæзуат. Æрæфы районы администрацийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ уал ныридæгæн бадзырд бафыстой.

Æмбырды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here