Ныййарæг мад, фæллойуарзаг, зондамонæг

0
84

Елхоты Тотыккаты-Æрчъегкаты Хæчъассæйы чызг Клайы абон бирæтæ нал хъуыды кæндзысты. Фæлæ хæсты фæстæ колхозы дзулфыцæны хæрзад фæлмæн дзул чи фыхта, хъæубæсты йæ фæллойуарзаг, фæзминаг æмæ зондамонæг мадæй кæй базыдтой, йемæ чи куыста, уыдоны кæстæры кæстæртæ æнæ фехъусгæ нæ фæуыдаиккой йæ хорзы кой. Раст сты фыдæлты æмбисæндтæ: «Хорзы кой дард-
мæ хъуысы», «Хорзы кой мæрдтæм нæ цæуы», «Хорзы кой фидисæй фылдæр цæры».

Æрчъегкаты Кла райгуырд Заманхъулы мæгуыр зæхкусæджы хæдзары. Æнахъом ма куы уыд, уæд амардысты йæ ныййарджытæ. Фондз хойæ аззадысты сидзæрæй. Сæ фыдыфсымæр Темболатæн йæхицæн кæд бирæ цот уыдис, уæддæр сидзæрты æрбакодта йæхимæ. Зæрдæйы хъармæй сæ йæхи цотæй хъулондæр нæ кодта, бахъомыл сæ кодта æмæ се ’ппæты дæр æгъдауыл арвыста чындзы.

Æстдæсаздзыд Клайы йæ амонд æрхаста Елхоты Тотыккаты Давиды хæдзармæ. Æрыгон чызгæн уый уыдис стыр ныфс æмæ хъæбатыры бакъахдзæф, уымæн æмæ идæдз Давидæн уыд цыппар æнахъом сабийы.

Рæстæг куыд равдыста, афтæмæй Кла йæ зæрдæ дардта йæ хъарутыл. Базыдта мæгуыр сидзæртæн мады рæвдыд банкъарын кæнын. Уазал æмæ стонг фæсреволюци æмæ граждайнаг хæсты фæстæ æнæфæрсгæйæ бырстой алы хæдзармæ, алы бинонтæм дæр, иуварс сæ нæ баззадысты Тотыккатæ дæр.

Хъæуы фыццаг коллективон хæдзарæдтæ аразын куы райдыдтой, уæд сын уый ныфсы хос фæци, æмæ Давид йæ бинойнагимæ фыццæгтимæ бацыд колхозмæ. Сæумæцъæхæй сауизæрмæ æнæ кусгæ нæ уыд. Стыр бинонты хæссын хъуыд хойрагæй. Ноджы ма уыцы бирæ бинонтыл иу азæй иннæмæ æфтын байдыдта ноггуырдтæ. Сæ нымæц схæццæ дæсы онг. Фæлæ Кла æрмæст хъомылады куыст нæ кодта. Æнтысти йын хæдзары куыстытæ бакæнын, иннæтимæ быдыры архайын, фæсæхсæвæртæм æхсадта, æмпъызта йæ сабиты уæлæдарæс, кодта сын цъында дзаумæттæ, уымæй уæлдай ма дардта хъуг æмæ фыстæ дæр. Уыйбæрц тыхтæ, уыйбæрц хъару йын лæвæрдтой йæ сабиты цин, сæ рæзгæ удты фидæны ныфс.

Фæстæдæр, сабитæ куы фæхъомыл сты, уæд ын æххуыс кæнын райдыдтой хæдзары æмæ быдыры куыстыты дæр. Чысыл ын фенцондæр, фæлæ, уыйбæрц бинонтæн хæдзар кæй фæкъуындæгдæр, уымæ гæсгæ бауынаффæ кодтой сæ хæдзары фарсмæ ма агъуыст саразын, æмæ сын уый дæр бантыст.

Хистæр чызджытæ ахуыр кæнынмæ ацыдысты горæтмæ, лæппу Зауырбег ссис йæ фыдæн хорз æххуысгæнæг. Ныййарджытæ сæрыстыр уыдысты сæ кæс-
тæртæй, сæхицæн ныфсытæ æвæрдтой сæ сомбоны цардæй.

Фæлæ та æрцыд стыр бæллæх, райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст гитлерон фашисттимæ. Хæдзары хицау Давиды йæ кармæ гæсгæ нал акодтой хæстмæ, фæлæ йæ фырт Зауырбег фыццæгтимæ ацыд тохы цæхæрмæ æмæ хъæбатырæй фæмард
Курскы къæлæты тохты.

Кла бон быдыры куыста, æхсæв та кодта тæбын цъындатæ æмæ æрмкъухтæ хæсты архайджытæн.

Знаг Цæгат Кавказмæ кæй æрбахæстæг, уыцы уавæр домдта акъоппытæ къахын, æмæ Кла дæр иннæ сылгоймæгтимæ кодта уыцы куыст. Знæгтæ Елхотмæ куы бырстой 1942 азы, уæд Кла-йæн фæзынд, бирæ цы лæппуйы райгуырдмæ æнхъæлмæ каст, уый – Эльбрус.

Давид уыцы рæстæгмæ æгас нал уыд, йæ фырты райгуырд дæр нал базыдта. Кла иунæгæй аззад йæ бирæ бинонты сæргъы. 1943 азы зымæджы астæу уазал æмæ стонг къуыс-къуыс кодтой, фашисттæ кæй ныппырх кодтой, уыцы хæдзæртты. Сабиты æххормагæй амæлын ма бауадзын ссис йæ сæйраг нысан мадæн.

Хæсты фæстæ хъæуы колхозы сарæзтой дзулфыцæн, æмæ Кла уым кусын райдыдта дзулфыцæгæй.

Сæумæрайсом-иу куысты райдайæнмæ пух, хæрзад тæвд дзул уыд цæттæ, йæ хæрздæф-иу анхъæвзта Елхоты уынгты. Афтæ уыдис дæсгай азты дæргъы.

Кла-иу æхсызгонæй æрымысыд, алы рæстæджыты сæ чысыл къорды разамонджытæ: Чеджемты Хадзыбатыр, Сæлбиты Шаип æмæ Точиты Лезайы, дзул кæимæ фыхта, уыдоны: Дойаты Верæ, Гæбæраты Дмитри, Цомартаты Зарæ, Хъабанаты Майрæм æмæ иннæты. Клайы кадджын уавæры  афæндараст кодтой пенсимæ, фæлæ йæм йæ хъæуккæгтæ бахатыдысты, æмæ æрбаздæхт фæстæмæ, фæкуыста ма дзы суанг йæ 85 азы онг.

Уыцы зын уавæрты бахъахъхъæдта йæ бинонты, хъæрмудæй схъомыл кодта йæ бирæ кæстæрты, сæвæрдта сæ царды хорз фæндæгтыл.

Мæнæ куыд зæгъы олимпиаг чемпион грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Бæройты Хасаны фыд Махарбег:

– Кла уыдис мæ мады кæстæр хо. Æз æй тынг бирæ уарзтон. Арæх æм цыдтæн Елхотмæ уазæгуаты. Æдзухдæр-иу æм баййæфтон нæ хæстæджытæй бирæты кæстæрты. Уый не ’ппæтыл дæр куыд цин кодта, алкæй барæвдауынмæ, бæстон æй хабæрттæй бафæрсынмæ куыд арæхст, уый фенын хъуыдис. Бæлвырд зыдта алкæй хъуыддæгтæ дæр, рох дзы ницы кодта. Йæ уайдзæф дæр нын арфæйы хуызæн уыд. Цас уарзондзинад, цас хорзæх уыд уыцы сылгоймаджы зæрдæйы! Куыд фаг кодта нæ бирæ хæстæджытæй алкæй дæр йæ уды хъармæй батавын, алкæмæн дæр хъæугæ ныхас ссарын, уый мæ дисы æфтауы абон дæр.

Зæрдæхæлар, фæлмæн зондамонæг ныййарæг мад, æнæхин фæллойгæнæг нæ басаст рæстæджы тымыгъæн. Фæцард 104 азы. Йæ уарзт, йе ’гъдау, йæ фарн сыгъдæгæй фæлæвæрдта йæ кæстæртæ æмæ уыдоны кæстæртæн, йæ бирæ къабæзтæн, йæ сыхбæстæ, йæ хъæубæстæн, æмæ йæ рухс ном абон дæр цæры сæ зæрдæты.

 

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here