Стыр аргъ ын кодтой футболуарзджытæ

0
233

Ирыстоны футболы рæзтмæ стыр æвæрæнтæ чи бахаста, уыдонæй иу, Георги
Кайшаурийыл 20 апрелы æххæст кæны 80 азы.

Гуырдзыстоны, горæт Душетийы райгуырæг лæппу футбол бауарзта хæрз сывæллонæй. Куы рахъомыл, уæд ссис Тбилисийы кълас «А»-йы дыккаг къорды хъазæг командæ «Локомотив»-ы размæбырсæг. Курдиатджын лæппуйы хъазгæ федта ирон таурæгъон богал Дзарасаты Саукуыдз. Уый уыцы рæстæг уыди Цæгат Ирыстоны спортивон æхсæнад «Спартак»-ы сæрдар æмæ Георгийы сразы кодта Дзæуджыхъæуы «Спартак»-ы хъазæг суæвыныл. Уый тыххæй Георги зæгъы: «Саукуыдз мын ахæм зæрдиаг ныхæстæ загъта, æмæ «нæ» зæгъын нал сфæрæзтон. Рацыдтæн йемæ æмæ абон дæр фæсмон нæ кæнын мæ уыцы ракъахдзæфыл. Ирыстон мын ссис дыккаг райгуырæн бæстæ. Ам, Дзæуджыхъæуы «Спартак»-ы рæнхъыты, уыдысты амæй-ай хуыздæр лæппутæ. Уыдонимæ систæм æфсымæртау, æмæ нын футболæй дæр бантыст хорз бæрзæндтæм схизын».

Георги, Дзæуджыхъæуы «Спартак»-ы размæбырсæг уæвгæйæ, йæ фыццаг чемпионаты 1968 азы ссис командæйы æппæты фылдæр голтæ бакъуырæг. Уыцы аз ын бантыст 18 пуртийы барвитын сæ ныхмæлæуджыты дуæртты.

Цыбыр рæстæгмæ Георги бахæлар Ирыстоны футболуарзджытытимæ. Æппынкъаддæр фондз хатты уыди нæ командæйы æппæты фылдæр голтæ бакæнæг размæбырсæг.

1969 азы Дзæуджыхъæуы «Спартак» Советон Цæдисы Уæлдæр къорды футболон чемпионатмæ кæй рацыд, уым дæр Георги Кайшаурийы бавæрд гыццыл нæ уыди.

Уæлдæр къорды хъазгæйæ, 1970 азы Георгийæн бантыст аст голы бакъуырын. Хъыгагæн, уыцы аз «Спартак»-æн Уæлдæр къорды баззайын нæ бантыст. Уый Георгимæ абон дæр хардзау æркæсы. Дæс азы дæргъы «Спартак»-ы ныхмæлæуджыты дуæртты Георги бакъуырдта 95 голы. Уыдонæн сæ æртыккаг хай бакодта, сæрæй цæвгæйæ, æмæ уый тыххæй Георги йæ мысинæгты зæгъы: «Фынддæс азы мыл куы цыд, уæд федтон, Калоты Зауыр сæрæй куыд дæсны хъазт кодта, уый, æмæ архайдтон уый фæзмыныл. Æвæццæгæн мын уый баххуыс кодта».

Георги Кайшаури абон дæр зæрдиагæй фæкæсы нæ ФК «Алани»-йы архайдмæ æмæ, йæхи загъдау, не ’мбары, уал азы нæ горæт æнæ стадионæй цæмæн баззад, уый. «Ацы хъуыддаг, æнæмæнг, фæзынд нæ командæйы архайдыл, æндæр куыд хъуамæ æрхаудтаиккам ахæм дæлвæзмæ. Ирыстоны футбол у хуыздæры аккаг, æмæ æппæт тыхтæй дæр бацархайын хъæуы цъысымæй раирвæзыныл», – зæгъы нæ футболуарзджыты иузæрдион хæлар Георги Кайшаури. Уый, куыд футболист, уыди стыр профессион æмвæзмæ схизæг. Уæдæ, куыд адæймаг, абон дæр у фæзминаг миниуджыты хицау. РЦИ-Аланийы Футболы федерацийы разамонæг Зозырты Игоримæ сты рагон хæлæрттæ, æмæ уый тыххæй Игорь зæгъы: «Георгийы хуызæн хæларзæрдæ æмæ æргом адæймаг у Хуыцауæй лæвæрд хорздзинад. Куыд æрыгонæй, иумæ футболæй хъазгæйæ, афтæ абоны онг дæр Гоги у фæзминаг адæймаг. Мах, йе ’мбæлттæ, нæхи амондджын хонæм, ахæм æрдхорд нын кæй ис, уымæй. Гогийы тынг фæнды, нæ абоны «Алани» йæ кæддæры бæрзæндмæ ногæй цæмæй схиза, уый, æмæ уыцы цауæн иумæ æвдисæн куыд уæм, ахæм бон ныл скæнæд. Гоги ма нын уæнгрогæй бирæ азты куыд фæцæра, йæ уарзон бинонтæ, йæ кæстæрты цинæй йæ зæрдæ куыд райа, уый йын зæгъы, стыр аргъ ын чи кæны, уыцы æмбæлттæ æмæ Ирыстоны спортуарзджыты зæрдæ!»

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here