Мæ уацхъуыд-ты хъайтартæ вæййынц, хъæуæн, районæн, республикæйæн хæрзты чи бацæуы, ахæмтæ. Адæмы зæрдæты фæд чи ныууадзы, хиуыл æнауæрæдгæйæ фыдæбон чи фæкæны, уыдон.
Моргуаты Хадзымуссæйы фырт Хъауырбег райгуырд Кæрдзыны хъæуы 1919 азы, сидзæрæй баззад, кæрæдзийы фæстæ цардæй ацыдыс-ты йæ мад æмæ йæ фыд. Фæлæ йæ сыхбæстæ ницы хъуаг уагътой, Хъауырбег сахуыр кодта хъæуы скъолайы, фæцис авд къласы. Сфæнд кодта Мæс-куымæ ацæуын, æхца бакусын æмæ бинонты хъуыддаг бакæнын. Ацыд йæ балцы, куыста метройы арæзтады, уырдыгæй раивта Ленинградмæ метройы арæзтадмæ.
Фæстæдæр йæ цард баиу кодта кæсгон чызгимæ, хонгæ дæр æй «Кæсгон» кодтой. Уæдмæ Хъауырбегмæ фæдзырдтой æфсадмæ, фæцис цыбыргонд курсытæ, райста сержанты цин, чысыл хæстон хайадæн разамынд лæвæрдта. Уæдмæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Моргуайы-фырт йе ‘фсæддон хайимæ хæсты райдайæнæй йæ кæронмæ знæгты ныхмæ тох кодта.
Йæ фыдыфсымæры лæппу Левæмæ афтæ фыста: «Куыд стут, мах знагæн ныхкъуырд дæттæм, зын у, фæлæ дæрæнгонд æрцæудзæн». Йæ æвзыгъддзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд хæстон хæрзиуджытæй. Йæ хæстон æмбæлттæ дзы разы уыдысты. Цы стыр сгуыхтдзинæдтæ æвдыста, уыдæтты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном. Уый куы сыхъуыст Кæрдзынмæ, уæд адæмы цинæн кæрон нал уыд. Хъæубæстæ æрæмбырд сты сæ хæдзары цурмæ, йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын дзырдтой. «Кæсгон» ракодта æртæ кæрдзыны æмæ сæ скуывтой. Загътой, Уæлахизы бон тагъддæр æрцæуæд, зæгъгæ.
Суанг Берлинмæ схæццæ Моргуаты Хъауырбег, Рейхстагыл ныууагъта йæ къухфыст æмæ раздæхт Ленинградмæ. Куыста рестораны разамонæгæй, арæх æм æмбæлд Тохтиаты Ахмæт, уым службæ кодта. Тынг дзæбæх-иу æй суазæг кодта
Хъауырбег. Фæстæмæ Кæрдзынмæ куы сыздæхт службæйæ Ахмæт, уæд дзырдта Моргуайы-фырты царды, сæрæндзинæдты тыххæй. Кæд, æмæ йæ куыст Ленинграды дзæбæх цыд, уæддæр Моргуаты Хъауырбег æрцыд йæ уарзон Ирыстонмæ.
Арæх бæрæг кодта йæ хъæу, йæхæдæг куыста базарады. Нæ хъæуы цæрджытæ-иу ыл тынг бацин кодтой. Йæ мад æмæ фыды ингæнтæ нæ уагъта рох, кæддæриддæр сæм цыд. Иуахæмы æрцыд Кæрдзынмæ, фембæлдыстæм, уæд мын бабар кодта, фæндыд æй фæсивæдимæ фембæлын. Клубы æрæмбырд сты кæстæртæ,
Моргуаты Хъауырбегыл æхсызгонæй сæмбæлдысты. Уый сын загъта, йæ зæрдæ сæ кæй рухс кæны, уый фæстæ дзырдта йæ хæстон архайды тыххæй. Дзуаппытæ ратта сæ фарстытæн. Ацы фембæлдæн уыд хъомыладон ахадындзинад.
Йæ цардæй ахицæн 1978 азы, бавæрдтой йæ Ирон аргъуаны кæрты, сæвæрдтой йын номарæн цырт. Йæ ном баззад адæмы зæрдæты, нæ йæ рох кæнынц. Арæх скъолайы скæнынц Лæгдзинады уроктæ, фæдзурынц Моргуаты Хъауырбеджы цардвæндаджы тыххæй.
Богазты Арсæмæг,
журналистикæйы ветеран














