Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æртын фарæстæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Æмбырды архайдтой Уæрæсейы Федерацийы сенатор Виталий Назаренко, республикæйы Хицауады уæнгтæ, барадон æмæ тæрхонадон оргæнты, стæй муниципалон скондты разамонджытæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Депутаттæ фыццаг бакас-ты равзæрстой республикæйы Кировы районы Елхоты хъæуæн, Горæтгæрон районы Джызæлæн, Æрæфы районы Сырх-Дыгур æмæ Алагиры районы Майрæмадагæн «Хæстон намысы цæрæн бынат»-ы кадджын нæмттæ раттыны тыххæй республикон закъонты проекттæ. Раныхасгæнæг – республикæйы Сæргълæу-
уæджы Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг, республикæйы Сæргълæууæджы минæвар Парламенты Ортабайты Виктор куыд загъта, афтæмæй уыцы кадджын нæмттæ раттыны тыххæй республикæйы Сæргълæууæджы цур сæрмагонд къамис цæрæн бынæтты хиуынаффæйады оргæнты курдиæттæм æркаст æмæ уыцы кадджын нæмттæ раттыны аккаг цыппар хъæуы дæр банымадта. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты сæ бынмæ цы карз тохтæ цыд, æмæ бынæттон цæрджытæ цы дзыллон хъæбатырдзинад равдыс-той, уый у историон рæст-дзинад. Раныхасгæнæг депутатæй курæг уыд, цæмæй закъонты проекттæм каст æрцæуа фыццаг, стæй дыккаг бакасты дæр.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан, афтæмæй цыппар закъоны дæр фидаргонд æрцыдысты. Нырæй фæстæмæ Елхот, Джызæл, Сырх-Дыгур æмæ Майрæмадаг сты «Хæстон намысы цæрæн бынæттæ»-йы кадджын нæмттæ хæссæг.
Депутаттæ дыккаг бакасты равзæрстой «Организациты исбоныл хъалон æвæрыны тыххæй» республикæйы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектмæ. Документ дæтты уæлбартæ Дзæуджыхъæуы вагæттæ цалцæггæнæн заводæн æмæ йæ хæстæгдæр æртæ азмæ (2028 азы онг) хъалонтæ фидынæй уæгъд кæны. Заводы абон кусы 300 адæймаджы. Уыдонæн сæ куысты бынæттæ
бахъахъхъæнын, заводы хъомыс фæфылдæр кæнын æмæ йын йæ финансон уавæр фæнывыл кæнын у ацы закъоны проекты нысан. Уый фæдыл ныхас кодта Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр. Закъон фидаргонд æрцыд.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæзуаты хъалонты хуымæтæгдæр системæйæ пайда кæнгæйæ, хъалонфидджыты хицæн къордтыл хъалон æвæрыны тыххæй» республикæйы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæ. Документы ныхас цæуы, Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты, Запорожье æмæ Херсоны облæстты сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайдта, æмæ ныр, йе ‘фсæддон службæ ахицæн кæнгæйæ, хиамалхъомадон архайд кæныны фæнд чи скодта, уыдоныл. Ацы азы райдайæнæй хъалонтæ зынгæ къаддæр цæмæй фидой, уыимæ баст у амынд документ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Тауитты Алыксандр. Йæ фиппаинæгтæ загъта депутат Цæгæраты Руслан. Закъонæвæрынадон хъæппæрис депутаттæ хорзыл банымадтой æмæ фыццаг бакасты сфидар кодтой закъоны проект.
Депутаттæ байхъуыстой 2024 азы республикæйы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы куысты тыххæй йæ разамонæг Хъæлыцты Иналы дзуаппон раныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй сын, республикæйы Сæргълæууæг æмæ Парламент сæ размæ цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон сæххæст кодтой. Сæ архайды фылдæр æргомздæхт цыд, социалон-экономикон размæцыды нысанимæ республикæ царды цы национ проекттæ æмæ программæтæ уадзы, уыдон æххæст кæнынмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, 2023 азимæ абаргæйæ, 2024 азы хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ фæфылдæр сты 17,2 процентæй. «Ацы азы райдайæнмæ республикæйы паддзахадон хæс у 10 миллиарды 983 милуаны æмæ 914 мин сомы, æмæ ацы бæрæггæнæн финансон закъонæвæрынадон домæнты ныхмæ нæ цæуы», – загъта раныхасгæнæг, стæй бафиппайдта, 26 паддзахадон программæйæ 24 республикæ кæй сæххæст кодта, уый. Царды алы къабазы дæр уыцы паддзахадон проекттæ куыд æххæстгонд цыдысты, паддзахадон фæрæзтæй куыд æмæ цас хæдзардзинæй пайдагонд цыд, афæдзы дæргъы уый бæрæг кодтой Палатæйы аудитортæ, стæй-иу дзуаппон раныхасимæ рацыдысты Парламенты Советы æмбырдтæм.
Парламентимæ уыцы æмгуыстад Хъæлыцы-фырт хорзыл банымадта. Тускъаты Таймураз та бафиппайдта, бæрæггæнæн куысты æргомдзинад хъуыддагæн пайда кæй хæссы, уый.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Дзуаппон раныхасы фæдыл депутаттæ сфидар кодтой уынаффæйы проект. Уымæй уæлдай, «Муниципалон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыс-тон-Аланийы Рахизфарсы районы социалон-экономикон рæзты тыххæй» районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæу-уæг Мырыкаты Хъазыбе-джы хъусынгæнинагмæ. Уый бæстон æрныхас кодта, ивгъуыд аз район йæ размæ æвæрд фарстатæ куыд æххæст кодта, цы бантыст, стæй, фидæны сæ размæ цавæр лыггæнинаг фарстатæ лæууы, æппæт уыдæттыл.
Депутаттæ ма æркастысты республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст æндæр ахсджиаг фарстатæм дæр. Закъоны проекты фæдыл ныхас кодтой парламенты профилон комитетты сæрдартæ Еленæ Князева, Реуазты Ларисæ, Качараты Олег, Джиоты Георги.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














