Джелыты Васили – æфсады дæлбулкъон, Цæгат Ирыстоны университеты историон факультет каст куы фæцис, уыцы рæстæг райдыдта финнаг хæст. Æвзыгъд æмæ дзы хъæбатырæй равдыс-та йæхи кæрæй-кæронмæ.
Ахуырмæ бацыд Фрунзæйы номыл Æфсæддон академимæ, уалынмæ райдыдта Фыдыбæс-тæйы Стыр хæст… Йæ хæстон фæндæгты, историйы чи баззад, уыцы адæймæгтимæ фембæлдтыты фæдыл дзырдтой, йæ номыл Джызæлы Бæройты Михаилы номыл скъола-интернаты цы мысæн изæр уыд, уым.
Сталин стыр аргъ кодта Джелыйы-фыртæн, хъуыддаг та рауад афтæ: сгарджыты къордимæ ацæуын æмæ немыцаг æфсæддоны æрбакæнын уыд йæ хæстон хæс. Фæллад уыдысты æфсæддонтæ уыцы ‘хсæв æмæ сын баулæфыны бар раттой. Боныцъæхтæм ферæджы уыдзæны хъуыдыимæ, Васили йе ‘мбалимæ æнæ бафæрсгæйæ ныууагътой се ‘фсæддон хай æмæ араст сты хæстон хæс æххæст кæнынмæ. Уацары райстой немыцаджы ахсджиаг гæххæттытимæ. Æфсæддон разамынд куы базыдта, сæхи фæндыл ацыдысты хæстонтæ, уæд сæ ‘рцахстой. Цауы тыххæй фехъусын кодтой Сталинмæ. Хæстон рæстæ-джы домæнтæм гæсгæ сæ хъуамæ фехстаиккой, уый хорз æмбæрста Васили. Кремлмæ йæ баластой, йæ кителы ‘фцæггот – уæгъд, йæ рон нæ уыд æлвæст, цы уæлдай ма мын у, фехсынмæ мæ кæнынц, зæгъгæ. Хъахъхъæнджытæ йæ бакодтой Сталины кабинетмæ, йæ фенгæйæ, сыстад æмæ йæм хæстæг бацыд. Иронау æм дзуры:
– Дæ рон схорз кæн.
Тагъд-тагъдæй балвæста йæ рон, Сталин та йæм ногæй дзуры, ахæм сæрæндзинад чи равдыста, уый фенын æй тынг кæй фæндыд. Уыцы фембæлды
фæстæ йæм адæмы фæтæг дардта йæ хъус.
Хæстæй Джелыты Василийы сау гæххæтт ссыд, æгъдаумæ гæсгæ бинонтæ хист кæнынмæ цæттæ кодтой. Уалынмæ сæм ног хабар сыхъуыст, сæ фырт æгас кæй у æмæ хæдзармæ кæй ссæуы. Хист куывдмæ рахызт, Урстуалты комбæстæ (уырдыгæй ралыгъдысты Джызæлмæ) дзы фæцин кодтой хæствæллад æфсæддоныл. Даргъ æмæ гуыргъахъхъ хæстон фæндæгтыл фæцыд Джелыйы фырт, йæ хъæбатыр-дзинад рох нæ уыд Сталинæй. Суанг йæ сæр куы фæцæф, уæд дæр æй хæдзармæ медицинон хо Светланæимæ сласын кодта, фæстæдæр чызг йæ бинойнаг бацис. Йæхиуыл куы фæхæцыд, уæд аздæхт фæстæмæ Мæскуымæ, снысан æй кодтой Бутыркæйы ахæстоны хицауæй, уыцы рæстæг ыл цыд 27 азы. Абоны онг дæр йæ гæххæттытæ адæмæй сусæг сты.
Хæдзармæ йæ бирæ хæрзиу-джытимæ сыздæхт 1947 азы, дæлбулкъоны цины. Уæдмæ бинонтæ быдырмæ ралыгъдыс-ты æмæ Джызæлы ‘рцардысты. Йæ царды фæстаг бонтæм фæцард ацы хъæубæсты ‘хсæн. Рох нæу абон дæр ног фæлтæрæй. Уымæн æвдисæн, Бæройты Михаилы номыл скъолайы хъомылгæнджытæ Агънаты Реганæ æмæ Василийы ‘фсымæры чызг Джелыты Альбинæ цы мысæн изæр бацæттæ кодтой, уый. Ахуырдзаутæ дзырдтой йæ цард æмæ сфæлдыстадыл, зæлыдысты хæсты азты фыст зарджытæ, хæстон къамтæй конд слайды нывтæ ивтой
кæрæдзийы. Скъола-интернаты директор Пухаты Ларисæ разыйæ баззад изæрæй, раарфæ кодта йæ саразджытæ æмæ архайджытæн. Джызæлы администрацийы минæвар Джелыты Ритæ бафиппайдта, ахæм мадзæлттæ ног фæлтæры хъомыладæн стыр ахъаз кæй сты, егъау бынат кæй ахсынц патриотизм парахат кæныны хъуыддаджы, раарфæ кодта мысæн изæры архайджытæн.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














