Сæ уавæр нæ фæхуыздæр

0
28

Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы Фыццаг къорды (ФНЛ) футболон чемпионаты командæтæ акодтой 30-æм туры фембæлдтытæ.

Дзæуджыхъæуы ФК «Алани»-йы ныхмæлæу-уæг уыди, Уæрæсейы премьер-лигæмæ рацæуынмæ хæстæг чи у, уыцы командæтæй иу – Мæскуыйы «Торпедо». Фембæлд цыди Грознайы æмæ ахицæн «Торпедо»-йы пайдайæн 4:2 хыгъдæй. Ацы уæлахизы фæстæ «Торпедо» рацыд 2-аг бынатмæ.

«Алани»-йы уавæр кæд ноджы уæззаудæр фæци, уæддæр йæ иузæрдион фарсхæцджытæ Хуыцауæй курынц, цы цыппар хъазты ма сын баззад, уыдоны спортивон амонд сæ фарсхæцæг куыд уа, сæхицæн сæ ныфс куыннæ асæтта æмæ сын ацы азы чемпионаты фæстаг цыппар фембæлды уæлахизхæссæг куыд рауайой!

«Алани» йæ радон, 31-æм туры фембæлд акæндзæн 3 майы уазæгуаты «Чайка»-имæ.

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here