Райгуырæн бæстæйы сæраппонд лæгæй-лæгмæ тохы балæууын куы бахъæуы, уæд Ирыстоны фырттæ фыццæгтимæ вæййынц – уыцы фæтк нын рагфыдæлтæй баззад. Ахæм рæстæг у ныртæккæ дæр. Уæрæсейы иннæ адæмты æмрæнхъ сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы, æгæрон лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад æвдисгæйæ, знаджы ныхмæ хæцынц ирон лæппутæ. Уыдонимæ – Слантæ æмæ Хуыгаты мыггаджы минæвæрттæ дæр.
Сæрмагонд операцийы райдайæны знаджы ныхмæ тохы балæууыдысты, дыууæ æрвадиуæггæнæг мыггаджы хъæбултæй æфсæддон службæгæнæг чи уыд, уыдон. Фæстæдæр ма сæм бафтыдысты бархионтæ… Иу ныхасæй, ныртæккæ уыцы лæгæвзарæн тохы раззаг рæнхъыты сты Слан æмæ Хуыгайы байзæддæгтæй бирæ дæсгай лæппутæ. Нæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй уæлахизимæ сыздæхой
Ирыстонмæ, зæрдæрухсæй бахизой сæ райгуырæн къонатæм…
Фæлæ, хæст хæст у, йæ азарæй, хъыгагæн, бирæ цæрæццаг удтæ бабын вæййынц, уæлахиз æмæ рæстдзинады номыл бирæ хъæбатыртæ æнæвгъауæй раттынц сæ цард. Уыцы хъысмæт бавзæрстой дыууæ мыгга-джы æвзыгъд фæсивæды минæвæрттæ дæр. Кæд зæрдæйæн уæлдай зын у, уæддæр абон не ’хсæн нал сты Слан æмæ Хуыгайы фырттæй æвддæсæй… Се ’рыгон удтæ снывонд кодтой сабыр æмæ фæрныг фидæнæн.
Сланты Уырызмæг, Батрадз, Ацæмæз æмæ Эдуард, Хуыгаты Аслан, Артур (Аланы фырт), Артур (Анатолийы фырт), Леуан,
Сослан, Алыксандр, Арсен, Алан, Давид, Аслæнбег, Радислав, Аркадий æмæ Леонид – æнустæм уыдзысты сæ нæмттæ зæрдылдаринаг, табуйаг, фидæны фæлтæртæн цæвиттон…
Уæвгæ, æдзард лæппуты номыл дыууæ мыггаджы минæвæрттæ æмæ иннæ хиуæттæ ныртæккæ дæр аразынц мысæн мадзæлттæ. Уыдонæй иу суыдзæн Слантæ æмæ Хуыгаты æдзард хæстонты номыл спортивон турнир. Уыцы ерысы архайдзысты сывæллæтты футболон командæтæ. Дзæуджыхъæуы спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ 6 командæйæ бацæудзысты тохы. Турнир уыдзæн 7 майы, спортивон скъола «Юность»-ы, стадионы (Леваневскийы уынг, 53 а). Ерысты райдайæн – 11 сахатыл.
Слантæ æмæ Хуыгаты мыггаджы ныхасы сæрдар Хуыгаты Спартак куыд зæгъы, афтæмæй номарæн турнир саразыны хъæппæрис хорзыл банымадтой советы уæнгтæ. «Дыууæ мыггаджы минæвæрттæ æмхъаруйæ бацархайдтой футболон ерыстæ бацæттæ кæныныл. Спортивон скъола «Юность»-ы разамынд æмæ тренертæй бузныг стæм, турнир саразыны хъуыддагыл разæнгардæй кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй, – радзырдта Спартак.
– Ссардзыстæм не ’дзард æфсымæрты рухс нæмттæ. Турниры уæлахиз-дзау командæтæ, хуыздæр размæбырсджытæ, хъахъхъæнджытæ æмæ дуаргæстæн саккаг кæндзыстæм кубоктæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ныфс мæ ис, турнир цымыдисаг кæй рауайдзæн, уымæй. Спортуарзджыты хонын сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырты номарæн ерыстæм бакæсынмæ».
КАЛМАНТЫ Аслан