Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Бадзийы номыл спортивон галуан «Манеж»-ы 3-4 майы уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты ерыстæ.
Бæрæггонд дзы цыдысты, куыд нæ федералон зылды тыхджындæртæ, афтæ, Уæрæсейы чемпионатмæ балцæгтæ чи райсдзæн, уыцы богæлттæ.
Чемпионат арæзт æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы æмæ нæ рæстæджы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты кадæн. Йæ гом кæныны мадзал рауад рæсугъд æмæ зæрдæагайгæ бæрæгбонау. Архайдтой дзы: РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур, Олимпиаг хъæзтыты дыу-
уæ хатты уæлахиздзау, дунейы æхсæз хатты чемпион, Уæрæсейы Хъæбысхæсты федерацийы вице-президент Фадзайты Арсен, æппæтдунеон адæмон змæлд «Аланты Ныхас»-ы разамонæг, РЦИ-Аланийы Ветеранты æхсæнады сæрдар, булкъон Фриаты Хъазыбег, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ Арутюн Хачикян æмæ Иван Тимошкин, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ: Гобеты Максим, Плиты Иван, Коцыты Сослан, Джусойты Эдуард, Дудиаты Чермен, Вадим Хаджиев, Цхуырбаты Аслан, Цæллагты Хусейн æмæ Саккаты Гиго. Уыдон зæрдиаг арфæтæ ракодтой ерысты архайджытæ æмæ спортуарзджытæн. Хæсты ветерантæ æмæ абон сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн лæвæрттæ скодта Фадзайты Арсен.
Ерыстæ рауадысты цымыдисаг. Цы дæс уæзы цыдысты, уыдонæй асты 1-аг бынæттæ бацахстой Дагестаны богæлттæ.
Цæгат Кавказы иннæ республикæты богæлттæй ма фæйнæ иу сыгъзæринæй хорзæхджын систы Цæцæны Республикæ æмæ Ирыстоны минæвæрттæ. Ирыс-
тойнæгтæй 1-аг бынат рамбылдта Хуыгаты Алан. Уый уæззау уæзы (125 кг) кæронбæттæны фембæлд нæ иннæ богал Тамерлан Тапсиевимæ. Сæ ныхмæлæуд ахицæн 3:3 хыгъдæй, æмæ уæлахиздзауыл нымад æрцыд Хуыгаты Алан.
Ирыстойнаг богæлттæ æдæппæтæй рамбылдтой авд хæрзиуæджы. Уыдонæй фæйнæ æртæйы сты æвзист æмæ бронзæ майдантæ. Дыккаг бынæттæм рацыдысты: 79 кг – Сидахъаты Сæрмæт, 97 кг – Наниты Славик, 125 кг – Тамерлан Тапсиев, 3-аг бынæттæ та бацахстой: 70 кг – Секъинаты Георги, 79 кг – Цоколаты Алан, 125 кг – Зассеты Азæмæт.
Нæ богæлттæ цы бæрæггæнæнтæ равдыстой, уый тыххæй РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Хуадонты Артур загъта: «Хардзау кæсы, нæ богæлттæ æрмæстдæр иу 1-аг бынат кæй бацахстой, уый. Æнæмæнг, бындуронæй хатдзæгтæ скæнын хъæуы абоны уавæрæй. Æгæр фæстæдæр аззадыстæм Дагестанæй æмæ, цæмæн афтæ рауад, уый равзарын хъæуы нæ Хъæбысхæсты федераци æмæ тренерты ’хсæн».
Баскаты Уырызмæг,
къам систа Татьянæ Шеходанова