Фыдыбæстæйы Стыр хæст алы бинонтыл дæр йæ фæд ныууагъта. Чидæр дзы цæфæй ссыди, чи та æнустæм баззад Уæрæсе æмæ Европæйы быдырты, фæстаг улæфт кæм скодта, йæ мæлæт ыл кæм сæмбæлд, уый дæр не сбæрæг, афтæмæй…
«Хæст нæма фæуыдзæн, цалынмæ фæстаг салдаты нæ баныгæной, уæдмæ» – уыцы базырджын ныхæстæ загъта цытджын уырыссаг æфсадфæтæг Александр Суворов. Кæд, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæци æмæ Уæлахизы бон куы ралæууыд, уæдæй нырмæ 80 азы рацыд, уæддæр йæ хъæдгæмттæ нæма байгас сты. Хæсты рæстæг æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны нымæц ма абоны онг хæццæ кæны цыппар милуаны онг. Бирæтæ агурынц сæ фыдæлты, сæ бабаты…
Цуциты бинонтæ хæсты размæ Алагирæй ралыгъдысты Урсдоны хъæумæ, фæстæдæр та æрбынат кодтой Сындзыхъæуы. Матвей æмæ Анускайы хæдзары сæнтысти аст сывæллоны. Хъасполат дунейы рухсмæ фæзынд 1920 азы, уыди цоты
хистæр. Скъоламæ бацыд, ахуыры уыд раззагдæртимæ, фæсурокты та йæ ныййарджытæн ахъаззаг æххуыс кодта хæдзары куыстыты.
Ирон адæм фыдæй-фырмæ хъуыстгонд уыдысты куыд иттæг хорз хæстонтæ, уымæн рагзамантæй нырмæ ис æнæкæрон æвдисæнтæ. Æвæццæгæн, уымæ гæсгæ Цуциты Хъасполаты бæллиц дæр уыд æфсæддон суæвын, æмæ, 1939 азы
Сындзыхъæуы скъола æнтыстджынæй каст куы фæци, уæд Сталинграды облæсты Урюпинскы фистæгæфсæддон училищæмæ балæвæртта йæ гæххæттытæ æмæ хорз бæрæггæнæнтимæ æнцонæй ратта фæлварæнтæ. Ахуыры азты фæзминаг уыдис йе ‘мбæлттæн, æмбæрста, хорз командир суæвынмæ фидар зонындзинæдтæ кæй хъæуы.
Дыууæ азы фæсте аззадысты, æмæ æрыгон лейтенант Цуциты Хъасполат 14 июны йæ дарддæры службæйы бынатмæ æрвыст æрцыд – Белоруссийы сæйраг горæт Минскмæ. Уымæй къуыри фæстæдæр райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст, æмæ Хъасполат бахауд йæ тæккæ цæхæры.
Хæстæн йæ дыккаг бон, 23 июны, Минскы æфсæнвæндаджы станцæ æмæ Лошицкы аэродромыл немыц æрæппæрстой фыццаг бомбæтæ. Аэродромы лæу-уыд куынæггæнæг хæдтæхджыты дыууæ полчъы, æмæ се ‘ппæт дæр пырхгонд æрцыдысты. Уый фæстæ æрвылбон дæр бомбæтæ калдтой æнæрлæугæйæ.
Уыцы уæззау уавæрты знаджы ныхмæ æрлæууыд Цуциты Хъасполат, цыдис тугкалæн тох. Уавæртæ ахæм уыдыс-ты, æмæ лæппуйæн йæ къухы фыстæг ныффыссын дæр не ‘фтыд йæ бинонтæм. Ныййарджытæ зыдтой, сæ хъæбулы хæст кæм æрæййæфта, уый, æмæ йæм сæ зæрдæ тынг æхсайдта. Уæззау сагъæстæ уæгъд нæ уагътой Матвей æмæ
Анускайы, афтæмæй ралæууыд 1942 аз. Йæ тæккæ райдайæны, сæ лæппу цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый командиртæй райстой фыстæг: «Уæ фырт Цуциты Хъасполат Матвейы фырт Минскмæ æрбацæуæнтыл карз тохы рæстæг æбæрæгæй фесæфт».
Хæст фæци, фæлæ ныййарджытæ, хотæ æмæ æфсымæртæ æнхъæлмæ кастысты сæ
хæстонмæ, уæддæр «æбæрæгæй фесæфт» æмæ «фæмард» кæрæдзийæ дæрддзæф лæу-уынц. Нæ фæзынд Хъасполат йæ фыдыуæзæгмæ, йæ ныййарджытæ йæм, æнхъæлмæ кæсгæйæ, сæ цæстытæ мæрдтæм гомæй бахастой.
Ныры онг дæр Ирыстоны цæрджытæ агурынц сæ æбæрæгæй сæфт хæстонты. Æмæ Цуцитæ дæр агуырдтой. Бирæ рæстæ-джы фæстæ, немыцаг архивтæ куы байгом сты, уæд сбæрæг се ‘фсымæры трагикон хъысмæт. Абон гæххæттытæ сты, Хъасполат уынгæ дæр кæй нæ фæкодта (райгуырд 1943 азы), уыцы кæстæр æфсымæр Виктормæ. Гæххæттыты фыст ис, «Цуциев Казбулат» уацары цы бон æмæ кæцы ран бахауд, йе ‘фсæддон хайы номыр, цавæр лагеры уыд, уацайраджы номыр æмæ йæ цин «лейтенант», суанг йæ мад æмæ йæ фыды нæмттæ, йæ мад Гæматы чызг кæй уыдис, уый дæр ма. Немыц сæ биноныгдзинадæй зындгонд сты… Документы фыст ис 23-аздзыд ирон лæппуйы царды фæстаг бон дæр – амардтой йæ 1943 азы, лагерæй рали-дзынмæ куыд хъавыд, афтæмæй. Кæм ныгæд æрцыд, уыцы бынат дæр сбæрæг, æфсымæрон ингæныл цы цыртдзæвæн ис ныртæккæ, уым йæ ном, йæ мыггаг фыст æрцыдысты.
Хъарман-Сындзыхъæуæй Фыдыбæстæйы сæраппонд тохмæ ацыдысты 1068 нæлгоймаджы, æмæ дзы алы дыккаг дæр нал сæмбæлд йæ хæдзарыл. Фæлæ Хъасполаты кæстæр æфсымæртæй иу, Коля, амондджындæр разынд, кæд бирæ фыдæбæттæ бавзæрста æмæ знаджы лæгæтмæ тугæйдзаг фæндæгтыл фæцыд, уæддæр.
1942 азы ноябры немыц Хъарман-Сындзыхъæу куы бацахс-той, уæд ма, хæстхъом чи уыд нæлгоймæгтæй, уыдон хæхтæм сæхи айстой, партизанты къордты архайдтой. Уыцы заман Цуциты Коляйыл æхсæрдæс азы дæр æххæст нæма цыд, фæлæ немыцы æрбацыды агъоммæ йæ мады ‘фсымæртимæ хæцæг æфсадмæ фæраст, йæ азтæм ма дыууæ бафтыдта, афтæмæй. Фыццаг хатт архайдта Ростов, Краснодар, Армавиры хæстыты æмæ дарддæр цыди Ныгуылæны ‘рдæм. Дыууæ азы дæргъы мæлæты уазал цæстытæм иу æмæ дыууæ хатты нæ каст, фæлæ сæрæгасæй сæмбæлд Уæлахизы боныл сындзыхъæуккаг лæппу. 9 май йæ æрæййæфта Дрездены. Ам кæд знаг йе ‘ппæт фæстаг хъарутæй архайдта советон æфсады размæцыд бауромыныл, рæмыгъта хидтæ, фæндæгтæ æхгæдта, уæддæр йæ тых саст æрцыд, 8 майы Фыццаг Украинаг фронты 5-æм гвардион æфсад бацахста Саксонийы сæйраг горæт Дрезден. Йæ райсыныл чи архайдта, уыцы æфсæдты номыл Мæскуыйы раттой салют – 224 сармадзанæй æмæхст фæкодтой 20 хатты. Уыцы æфсæдты рæнхъы уыдис Цуциты Матвейы фырт Коля дæр!
Уæд ыл сæххæст æрмæстдæр æстдæс азы, æмæ йæ дарддæр службæ кæнынмæ баурæдтой. Æфсады ма бафæстиат æнæхъæн фондз азы, Ирыстонмæ ссыд 1950 азы. Сæхимæ тел ныццавта, æмæ уæ бауырнæд, Сындзыхъæуæй Чырыстонхъæумæ (се ‘хсæн – авд километрæй фылдæр) йæ размæ æнæхъæн хъæуæй рацыдысты.
– Цыбыр, фæлæ стыр мидисджын дзырд у «уæлахиз». Æгæр егъау аргъ ыл бафыстой советон адæм – уый уыд, дун-дуне кæй нæма федта, ахæм хъайтардзинад æмæ лæгдзинад тохы быдыры, удуæлдай фæллой – фæсфронты. Æмæ кæд Уæлахизы бонæй нырмæ 80 азы рацыд, уæддæр сæрбæрзонд стæм нæ фыдæлты, нæ æдзард æфсымæрты сгуыхтдзинæдтæй. Ууыл ахуыр кæнæм нæ кæстæрты дæр, æмæ зонынц сæ уидæгтæ, истори, кад кæнынц сæ мыггаджы разагъды лæгтæн – уæлахизмæ йе ‘вæрæн чи бахаста æмæ йæ хæдзарыл чи сæмбæлд, уыдонæн. Нæ рох кæнынц,
Райгуырæн бæстæйы сæраппонд йæ цард нывондæн чи ‘рхаста, уыцы фæлтæры минæвæртты нæмттæ дæр. Уæлахизыл тохгæнджыты æнæкæрон хыгъды сты мæ дыууæ æфсымæры Хъасполат æмæ Коля дæр, – радзырдта нын Цуциты кадджын хистæр Виктор.
ГАПБАТЫ Алетæ