Хæрзбон зæгъынц Фыццаг къордæн

0
174

Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы Фыццаг къорды футболон чемпионаты хъазæг командæтæ акодтой 32-æм туры фембæлдтытæ.

Дзæуджыхъæуы ФК «Алани»-йæн хуыцаубоны 11 майы йæ радон фембæлд уыди «СКА-Хабаровск»-имæ. Хъазт цыди Грознайы Султан Билимхановы номыл стадионы æмæ алайнæгты иузæрдион фарсхæцджытæн æрхаста стыр æнкъарддзинад. Кæд æмæ  ацы фембæлды размæ сæ зæрдæ дардтой, сæ уарзон командæ йæ фæстаг æртæ фембæлдæй кæй спайда кæндзæн æмæ йæ тæссаг уавæрæй кæй раирвæз-
дзæн, ууыл, уæд ныр уыцы ныфс дæр асаст.

Хъазтæн йæ райдайæнæй æртæ минуты дæр нæма рацыд, афтæмæй нæ хъахъхъæнджытæ нæ фæцарæхстысты хабаровскаг футболистты ныббырст бауромынмæ, æмæ сæ размæбырсæг Георги Гонгадзе пурти Георги Натабашвилийы фæрсты «Алани»-йы дуары фæмидæг кодта. Уымæй фынддæс минуты фæстæдæр 17-æм минутыл тæрхонгæнæг Тобойты Таймуразы рæдыдæн æгæр карз тæрхон рахаста æмæ йæ хъазæн фæзæй рарвыста. «Алани» та ацы хатт дæр иу хъазæг къаддæрæй баззад, æмæ уымæй иттæг хорз спайда кодтой хабаровскаг футболисттæ. Георги Гонгадзе 45’-æм минутыл тынг хорз фæцарæхст нæ хъазджытæ æмæ дуаргæсы рæдыдмæ æмæ хыгъд скодта 0:2 «СКА-Хабаровск»-ы пайдайæн. Уый нæ, фæлæ ма Георги Гонгадзейæн 54’-æм минутыл бантыст 3-аг гол бакъуырын алайнæгты дуары.

Хъазты кæронмæ ма 12 минуты куы баззад, уæд та хабаровскæгтæн ногæй æвиппайды цы ныббырст ацарæзтой, уый сын æрхаста цыппæрæм гол. Сæ æрдæгхъахъхъæнæг Андрей Максименко хыгъд скодта 0:4 «СКА-Хабаровск»-ы пайдайæн.

Ацы фæхæрды фæстæ, ФК «Алани» иннæ аз цæмæй Фыццаг къорды баззайа, уыцы гæнæнтæн фæндараст загъта.

Нæ уарзон командæ ахæм кæуинаг уавæрмæ цæй аххосæй æрхауд, ууыл хъæуы æргом æмæ бындуронæй бакусын.

Ахæм бирæвæрсыг æмæ æнæхин æвзæрст куы ‘рцæуой абоны къуыхцытæ, уæд ныфс уыдзæн, иу азæй фылдæр кæй нæ бахъæудзæн фæстæмæ Фыццаг къордмæ (ФНЛ) схизынæн. Хуыцауæй курдзыстæм, цæмæй нæ республикæйы стадион дæр фæзына æмæ нæ лæппуты хъазтыл сæ иузæрдион фарсхæцджытæ, трибунæйæ кæсгæйæ, куыд цин кæной!

«Алани»-йæ иннæ радон фембæлд акæндзæн уазæгуаты «КамАЗ»-имæ
17 майы, йæ ацы чемпионаты фæстаг хъазт та 24 майы акæндзæн Грознайы «Нефтехимик»-имæ.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here