Турнирæй ссардтой хъæбатырты ном

0
139

Уæлахизы бæрæгбоны кадæн нæ республикæйы цыдысты спортивон ерыстæ дæр. Уыдонæй иу уыд, æрвадиуæггæнæг Хуыгатæ æмæ Сланты мыггæгтæ футболон скъола «Юность»-ы стадионы кæй сарæзтой, уыцы турнир.

Ерыстæй дыууæ мыггаджы ссардтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы хæстонтæ, æмæ, абон цы сæрмагонд æфсæддон операци цæуы, уым Хуыгатæ æмæ Слантæй цы ‘вддæс хъæбатыр æфсæддоны фæмард, уыдоны нæмттæ.

Ерысты архайдтой 2013-2014 азты гуырд æвзонг футболистты æхсæз командæйы: «Юность-1», «Юность-2», «Спартак»-«Автодор», «Динамо» æмæ Октябрыхъæуы командæ.

Æвзонг футболисттæ сæ зæрдиаг архайдæй барухс кодтой футболуарзджыты зæрдæтæ. Алы фембæлд дæр рауад зæрдæмæдзæугæ. Æвзонг футболисттæ иууылдæр уæлахизмæ се ’ппæт тыхтæй дæр кæй тырныдтой, ууыл дзурæг у, командæты фембæлдтыты уæлахиздзауты суанг,  хъазты фæстаг минутмæ дæр сбæрæг кæнын æнцон кæй нæ уыд, уый.

Афтæ рауад кæронбæттæны фембæлд «Автодор» æмæ «Юность-1»-ы ’хсæн.

Сæ фембæлд ахицæн 2:2 хыгъдæй, æмæ 1-аг бынат бацахсæг командæйы сбæрæг кæнын бахъуыд 11-метрон цæфты фæрцы. Ацы фæлварæны дæр дæргъвæтин рæстæг хыгъд уади æмхуызон, фæлæ æппынфæстаг «Юность-1»-æн бантыст 5:4 хыгъдæй фæуæлахиз уæвын.

«Юность-1» æмæ «Автодор»-ы фæстæ 3-аг бынатмæ рацыд Октябрыхъæуы командæ.

Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæтæн раттой кубоктæ, майдантæ, дипломтæ æмæ грамотæтæ. Сæрмагонд лæвæрттæй хорзæхджын систы тæрхонгæнджытæ: Кокайты Артур æмæ Бериаты Таймураз. Турнир саразджытæ ма ахæм сæрмагонд лæвæрттæй схорзæхджын кодтой  æвзонг футболистты: Бедойты Михалы – «Хуыздæр дуаргæс», Дзлиаты Зауыры – «Хуыздæр хъахъхъæнæг», Лазарты Æхсарбеджы – «Хуыздæр æрдæгхъахъхъæнæг», Глеб Ляхы – «Хуыздæр размæбырсæг», Джиоты Хетæджы – «Æппæты рæстдзæвиндæр», Дзлиаты Зауыры – «Хуыздæр хъазæг».

Ерыстæ саразджыты хистæр Хуыгаты Спартак зæрдиаг арфæ ракодта æвзонг футболисттæ, сæ тренертæ, футболуарзджытæ æмæ, ерыстæм  се ’ххуысы хай чи бахаста, уыцы æмбæлттæн. Спартак куыд загъта, афтæмæй турнир саразджытæ бацархайдзысты ацы ерыстæ æрвылазон скæныныл.

 

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here