Уæрæсейы æфсады рæнхъыты абон иузæрдионæй чи службæ кæны, уыцы æрыгон салдæтты æмрæнхъ æрлæууыд кировыхъæук-
каг сæрæн лæппу Моурауты Юрийы фырт Георги дæр. «Ирон лæджы ном кадджынæй хæсс æмæ дзæбæхæй дæ райгуырæн къонамæ сыздæх», – фæдзæхстой йын хистæртæ.
«Адæмы зæрдæмæ цы нæ фæцæудзæн, уый макуы бакæн», – дзырдтой йæ ныййарджытæ Георæн. Хистæры ныхасæн аргъ чи кæна, уыцы кæстæрæн рæдийынæй тас нæу.
Хæдзары куыстытæм, стæй ахуырмæ дæр Георги уыдис разæй.
Ахуыр кодта Кировы хъæуы астæуккаг скъолайы, фæстæдæр та – Цæгат Кавказы аграрон-технологон колледжы. Уæздан, алцæмæ арæхстджын лæппу равзæрста программисты дæсныйад.
Иу бон лæппу мад æмæ фыдæн загъта, æфсадмæ цæуынвæнд кæй скодта. Фæззæджы, октябры, барвæндонæй ацыд. Бетъырбухмæ хæстæг, горæт Сосновый Боры, Мидхъуыддæгты министрады æфсæдты рæнхъыты ныртæккæ службæ кæны, архайы Уæрæсейы æдасдзинад æмæ хæстон цæттæдзинад фидар кæныныл. Хистæр афицерты амынддзинæдтæм хъусгæйæ, зонгæ кæны æфсæддон техникæ æмæ ифтонггарзимæ. Йæхи æвдисы æнæзивæг, сæрæн, къæрцхъус æфсæддонæй.
Ацы змæст рæстæг хъæбул службæмæ куы ацæуы, уæд ныййарджыты сагъæс æмбæрстгонд у, æнкъард ыл кæнынц. Фæлæ Георги, телефонæй дзургæйæ, ныфсытæ авæры се ‘ппæтæн дæр, уæ зæрдæ мæм ма ‘хсайæд, нæ царды уавæртæ, нæ хæрд, æмбæлттимæ ахастдзинæдтæ зæрдæмæдзæугæ сты, зæгъгæ. Æцæг арæх æрымысы йæ мады конд хæрзад чъиритæ. Æхсызгонæй фæзæгъы, æфсады хæларæй кæй цæрынц бирæ адæмыхæттыты минæвæрттæ.
Сæ уарзон æфсымæры ссыдмæ æнхъæлмæ кæсынц хотæ – Данæ æмæ София, ныййарджытæ – Юри æмæ Ирæ, хиуæттæ æмæ сыхæгтæ. Куы сыздæха, уæд Георгийы фæнды дарддæр ахуыр кæнын, мидхъуыддæгты хайады кусын, адæмы бартæ æмæ сабырдзинад хъахъхъæнын.
Алкæй кæстæр дæр йæ ныййарджыты фæндиаг рæствæндаг уæд.
Гугкаты Жаннæ














