Ираны Хетæгкаты Къостайæн сæвæрдтой цырт-дзæвæн. Кадджын мадзал арæзт æрцыд Тегераны, бюст байгом кодтой Алламе Табатабаийы номыл университеты. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй дзы архайдта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къос-тайы номыл паддзахадон университеты минæварад.
Мадзал баст у, поэты чиныг «Ирон фæндыр» рухс куы федта, уый 126 азимæ.
«Ацы ахъаззаг цау ссис Уæрæсе æмæ Ираны ‘хсæн культурон бастдзинæдты фидардæр кæныны нысан. Хæлардзинады нысанæн цæгатирыстойнаг минæварад балæвар кодта сæ ирайнаг æмбæлттæн Къостайы «Ирон фæндыр»-ы экземпляр персайнаг æвзагмæ тæлмацгондæй. Зæрдиаг арфæ кæнæм ирайнаг хæлæрттæ æмæ университеты коллективæн сæ хъæппæрисы тыххæй. Цыртдзæвæн ссис нæ намысджын æмзæххонæн цыткæныны нысан æмæ дыууæ адæмы культурæтæ фæхæстæгдæр кæнынмæ стыр къахдзæф», – ныффыста йæ телеграм-каналы регионы Сæргълæу-уæг.
ГАПБАТЫ Алетæ