Куыдзойтæй дæр хæст хъалон райста…

0
51

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты æрлæууыдысты Æрæфы районы чысыл хъæу Дзæгъиппарзы нæлгоймæгтæй 82, ома, алы цыппæрæймаг цæрæг дæр. Знаджы ныхмæ хæцыдысты хъæбатырæй, лæгдзинад æвдыстой. Хъыгагæн, дзы 46 сæ хæдзæрттыл нал сæмбæлдысты, ссардтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд мæлæт…

Лæгæвзарæн рæстæг куы ралæууыд, уæд фæсте нæ баззадысты Куыдзойты фондз æфсымæры Быда, Агуыбе, Беза, Беслæн æмæ Созыр дæр. Лæппуты ныййарджытæ Фарнæ æмæ Марта кæд мæгуыр зæхкусджытæ уыдысты, уæддæр сæ хъысмæтæй нæ хъаст кодтой, сæрыстыр æмæ ныфсджын уыдысты сæ кæстæртæй – куыстуарзон æмæ æгъдауджын рауадыс-ты сæ цот, алцæмæ дæр арæхстысты, æххуысхъом уыдысты хæдзары. Сæрды каникулты та-иу колхозы куыстой. Сæ рæстæг-иу куы ‘рхæццæ, уæд-иу службæмæ ацыдысты. Фарнæ æмæ Марта сæхи амондджын хуыдтой, сæ уарзон хъæбулты фидæн хъуамæ амондджын уыдаид, бæргæ.

Фæлæ райдыдта хæст, æмæ Куыдзойты сахъгуырдтæ фæтагъд кодтой тохы быдырмæ. Быдайы æфсæддон комиссарадæй фæстæмæ раздæхтой йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ. Агуыбе, 1914 азы гуырд, æфсады рæнхъыты уыд æмæ 1939 азы архайдта Японы ныхмæ Халхин-Голы гæрзифтонг быцæуы. Æфсады йæ æрæййæфта финнæгтимæ хæст дæр, стæй та – Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Цыдис знаджы дæрæнгæнгæ Агуыбе, æмæ немыцы зæхмæ бæргæ бахæццæ, фæлæ йæ йæ райгуырæн хъæумæ сыздæхыны амонд нал фæци – йе ‘рыгон цард ын знаджы нæмыг аскъуыдта, уæлахизмæ бирæ рæстæг нал баззад, афтæмæй. Йæ бинонтæн фехъусын кодтой, уæ фырт æбæрæгæй фесæфт, зæгъгæ. Цымæ, цавæр уыдаид сабыр царды Агуыбе? Хиуæттæ куыд мысыдысты, афтæмæй тынг фидауцджын лæппу уыд. Ирон дзабыртæ дæр, дам, йæ къæхтыл фæсарæйнаг зынаргъ туфлиты хуызæн зындысты. Нæ самондджын кодта йæ уарзон чызджы, не ‘рлæууыд йæ хæдзары къуымы йæ номыл, фыдæнхъæл фæкодта йæ ныййарджыты.

Беза райгуырд 1919 азы. Уыдис хъæддых, уæнгджын, уарзта спорт. 1939 азы йæм фæсидтысты Сырх Æфсадмæ. Службæ кодта Житомиры, 684-æм æхсæн полчъы. Куыд фæскомцæдисон, хорз спортсмен, афтæ йæ арвыстой, артиллеристтæ, наводчиктæ æмæ хотыхты командирты кæм цæттæ кодтой, уыцы полчъы скъолайы взводмæ. Ахуыры æхсæз мæймæ иттæг хорз базыдта æппæт хотыхтæй æхсын, уыдис хæстон æмæ политикон цæттæдзинады отличник, æмæ йын, сержанты цин ратгæйæ, снысан кодтой 887-æм æхсæн полчъы 45-æм мм хотыхы командирæй. Уыцы полчъы рæнхъыты йæ æрæййæфта хæст.

Фыццаг бонтæй фæстæмæ Беза архайдта гитлеронты ныхмæ уæззау хæстыты Хуссар-Ныгуылæн фронты. Цыппар    азмæ гыццыл зындзинæдтæ нæ бавзæрс-та Куыдзойты лæппу – лæгдзинад равдыста Киевы бынмæ карз тохы. 1943 азы сæрды архайдта Курскы къæлæты. Æртæ боны дæргъы Безайы расчет басыгъта дыууæ танчы, æртæ бронетранспортеры, цыппар пулеметы, амардта ссæдз фашистæй фылдæр, æмæ йæ уый тыххæй схорзæхджын кодтой «Лæгдзинады тыххæй» майданæй («За отвагу»). 1944 азы бацыд партийы рæнхъытæм æмæ дывæр тыхтæй дæрæн кодта цыфыддæр знаджы. Йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй къорд хатты фыстой фронты газеттæ «За родину» æмæ «Вперед, на врага». Цы хъайтардзинæдтæ равдыста, уыдоныл уацхъуыд нæ, фæлæ æнæхъæн чиныг ныффыссын æмбæлы. Намысы æртыккаг къæпхæны орден Беза райста 211-æм æхсæг дивизийы командир, инæлар майор Г.С.Томиловскийы къухæй, Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны орден та йын йæ риуыл бакодта 38-æм æфсады командæгæнæг, инæлар-лейтенант (фидæны маршал) К.С.Москаленко.

Гитлеронтæй йе ‘мбæлттимæ уæгъд кодта Житомир, Винницæ, Тернополь, Львов, Украинæйы иннæ горæттæ æмæ хъæутæ, Польшæ æмæ Чехословаки. Уæлахизыл дæр сæмбæлд Чехословакийы, Прагæйы бынмæ хæстыты архайгæйæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты дæргъы Беза дыууæ хатты уæззау цæфтæ фæци, цалдæр хатты райста контузитæ, фæлæ цæсгомджынæй сæххæст кодта йæ хæс Райгуырæн бæстæйы раз. Йæ хæстон расчетимæ басыгъта фондз фашистон танчы, фараст машинæйы, ныппырх кодта авд дзоты, 17 станон æмæ къухæйæхсгæ пулеметы, амардта сæдæйæ фылдæр знаджы салдаты æмæ афицеры. Уæлдæр цы хæрзиуджыты кой скодтон, уыдонæй уæлдай ма йæ риуыл æрттывтой Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны, Сырх Стъалыйы ордентæ, 16 майданы, уыдонæй дыууæ – «Лæгдзинады тыххæй». Уыдис æм 14 арфæйы Сæйраг командæгæнæг И.В.Сталинæй.

1945 азы октябры хистæр сержант Куыдзойты Беза ссыд йæ райгуырæн Дзæгъиппарзмæ. Йе ‘мхъæуккæгты фæндыд, цæмæй колхозы сæрдарæй ныллæууыдаид, фæлæ Безамæ æндæр фæнд уыдис – бацыд ахуыр кæнынмæ педагогон институтмæ æмæ 1950 азы æнтыстджынæй каст фæци историон факультет. Бирæ азты фæкуыста – фыццаг Камбилеевкæйы, фæстæдæр – Михайловскы, Николаевскы, Майрæмада-джы скъолаты сæргълæу-уæгæй, йæ зонындзинæдтæ æнæвгъау лæвæрдта рæзгæ фæсивæдæн, кодта стыр патриотон-хъомыладон
куыст. Цардæмбалæн бацагуырдта йæхи хуызæн уæздан, хиуылхæцгæ æгъдауджын чызг – Баскаты Риммæйы. Уый дæр ахуыргæнæг уыд. Ахуырадæн раттой сæ царды фылдæр азтæ, бирæ хæрзиуджытæй хорзæхгонд æрцыдысты сæ хъомысджын куысты тыххæй. Схъомыл кодтой хорз фырт, фæхайджын æй кодтой сæ уды рæсугъддæр миниуджытæй. Владимир райста юристы дæсныйад, куыста прокурорæй. Сæ фыды фæндагыл ацыдысты йæ дыууæ лæппуйы Вадим æмæ Витали дæр.

Куыдзойты Беза йæ цардæй ахицæн 2000 азы июлы. Йæ кæстæр æфсымæр Беслæн дунейы рухсмæ фæзынд 1922 азы. Дзырд-арæхст, худаг, кафаг æмæ зараг лæппу дæр фыццæгтимæ араст тохы быдырмæ, фæлæ йæ хъысмæт абон дæр диссагæн дзуринаг у. Хæст мæлæтимæ æнгом баст у, адæймаджы рухс æнкъарæнтæ амары,
æдзух æнхъæлмæ фæкæсы, йе уæнгтæ йын чи сбæтты, ахæм æнкъарæн – ног тохмæ æнхъæлмæ кæсын æмæ æмбæлтты фæмардыл æрхæндæгдзинад. Фæлæ-иу уæддæр сæ зæрдæмæ рухсы цъыртт æрбакалд, бинонты, сабыр цард мысгæйæ, иуæй-иу хæстонтæ та-иу сæ амондыл дæр сæмбæлдысты уыцы уæззау уавæрты. Афтæ Беслæн дæр йæ цардæмбал Аннæ Крушецыл сæмбæлд уыцы лæгæвзарæн рæстæг. Аннæ, йе ‘мгар украинаг æрыгон чызг, уыдис æфсæддон фелсыр. Дарддæр хæсты кæронмæ иумæ цыдысты уæззау фæндæгтыл æмæ бахæццæ сты Берлинмæ.

Диссагæн дзуринаг цæмæн у Беслæны хъысмæт? Хæсты рæстæг Рязань немыцы къухы нæ уыд, кæд ыл æнæвгъау бомбæтæ фæкалдтой, æмæ дзы пырхгонд æрцыд бирæ хæдзæрттæ, æфсæнвæндаг æмæ бирæ æндæр объекттæ, уæддæр. Фæлæ Рязань æмбæлы схонын нæ бæстæйы госпитæлты сæйраг горæт. Æмæ куыд нæ! Ацы гыццыл горæты 50 госпитæлмæ хæстæг уыди – арæзт æрцыдысты скъолаты, æхсæнадон уагдæтты, куыстуæтты агъуыстыты. 1941-1945 азты ам сæхи сдзæбæх    кодтой 200 000 цæф хæстоны. Уыдонæй иу уыд Куыдзойты Беслæн. Иуахæмы йæм уынджы сылгоймаг (куыд рабæрæг, афтæмæй уыд сербаг) æрхатыд, дæ къух ма, дам, æри, æз дын дæ фидæн цы уыдзæн, уый радзурон. Лæппу бахудт æмæ йын дзуапп ратта, цы уыдис, уый федтон, цы уыдзæн, уый дæр фен-дзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ йæ сылгоймаг уæгъд не суагъта, æмæ Беслæнæн гæнæн нал уыд, сразы. Æвæццæгæн, ацы мæнг дунейы вæййы æцæг зонынджын адæймæгтæ, ахæм уыд уыцы сылгоймаг дæр. Загъта не ‘мзæххонæн, райгуырдтæ, дам, бæрзонд хæхбæсты, дæ цардæмбал та быдырон цæрæг у,  дæ фыдыбæстæмæ раздæхдзыстут. Уыдзæн уын дыууæ лæппуйы, амæлдзынæ, 26 азы дыл куы сæххæст уа, уæд…

Ууыл рацыд рæстæг.
Хæсты фæстæ æрыгон бинонтæ цардысты Дзæу-джыхъæуы. Беслæн сербаг сылгоймаджы ныхæстæ йæ зæрдыл бадардта, æмæ, æцæгæйдæр, æрцыдысты. Арæх-иу загъта Аннæйæн, кæд, дам, мæ 26 азы сæрты акæсон, уæд нæ амæлдзынæн. Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн… Йæ хæстон цæфтæ йыл æртыхс-тысты, уыдис рынчындоны, æмæ йæ йæ хæдзармæ куы æрбацæйластой, афтæ цæнгæт хидмæ æввахс йæ уд систа… Цæрæнбон ын æрмæстдæр 26 азы ратта Хуыцау. Аннæ баззад идæ-дзæй, схъомыл кодта сæ дыууæ лæппуйы, хорз дохтыртæ сæ рауад. Кæд æм ирон туг нæ уыд, уæддæр Куыдзойтæн аккаг чындз уыди, лæггад сын кодта. Суанг йæ амæлæты бонмæ 1975 азмæ Аннæ Крушец фæкуыста мединституты здравпункты фелсырæй.

Куыдзойты æфсымæрты кæстæр, Созыр, 1924 азы гуырд, хæстæй æнæкъахæй сыздæхт. Райста юристы дæсныйад, бакодта бинонты хъуыддаг – уыдис Малиты сиахс. Цардысты Душанбейы. Созыр дæсны специалист уыдис, куыста егъау промбыткомбинаты хицауæй. Дыууæ чызджы æмæ лæппуйы хъомыл кодтой Созыр æмæ Розæ, фæлæ йæ цоты хорздзинæдтæй ницыуал федта сæ фыд – уæззау низы ахæсты фæци æмæ 38-аздзыдæй ахицæн йæ рухс дунейæ.

Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй æфсымæрты хистæр Быдайы хæстмæ нæ акодтой йе ‘нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ, фæлæ æнцад нæ бадт – уыдис колхозы бригадир, фронтæн æххуыс кодта йæ хъазуатон фæллойæ. Никæд никæй зæрдæхудты бацыд, уый нæ, фæлæ-иу изæрæй, быдырæй хæдзармæ цæугæйæ, йæ къæбæры хай уæд иу бинонтæн балæвæрдта, уæд – иннæтæн, тæригъæд кодта, сæ дарæг хæсты кæмæн уыди, уыцы сабитæн. Йæ халдих уыдис йæ цардæмбал Милиуан дæр – Зураты чызг. Сæ кæрдзындæттондзинад сын ныр дæр ма æрымысынц хъæуы хистæр кары цæрджытæ. Милиуанæн æрмæст йæ тиутыл нæ рыст йæ зæрдæ – йæ дыууæ æфсымæры Михал (Дзефа) æмæ Сосныкк дæр хæсты амæттаг фесты – се ‘рыгон цард уæлахизæн нывондæн æрхастой.

Быдайы-иу йæ зæронды бонты хъæуы æрыгон нæлгоймæгтæ арæх абæрæг кодтой, стæй алкæддæр – лæвæрттимæ. Йæ чызг Ларисæмæ уый диссаг касти, æмæ иухатт йæ ныййарджыты бафарста, мах, дам, мæгуыр стæм, æви уыцы лæвæрттæ цæй тыххæй сты. Æмæ йын Милиуан бамбарын кодта, уыдон, дам, хæсты сывæллæттæ сты, дæ фыд сын-иу цы къæбæртæ балæвæртта, уыдон фидынц, зæгъгæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизыл 80 азы рацыд, æмæ нæ редакцийы къæсæрæй тынг бирæ адæм æрбахызт, хæссынц, уыцы уæлахизы бон чи нæ федта, уыдоны къамтæ, йæ хæдзармæ чи сыздæхт æмæ хæсты фæстиуджытæ чи иуварс кодта, уыдоны хуыз-истытæ, курынц, ныффыссут сыл, уадз, æмæ, дам, историйы баззайа сæ ном. Цалынмæ сæ мысæм, уæдмæ цæрдзысты не ‘хсæн…

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here