Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Иудадзыгон минæварады хъæппæрисæй Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты ветеран, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт энергетик, Советон Цæдисы энергетикæ æмæ электрофикацийы иттæг хорз кусæг, Уæрæсейы сгуыхт аразæг Бæрæгъуынты Джериханы фырт Тамерланæн лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Кировы районы кадджын гражданины ном.
Хъуыддаг конд æрцыд Мæскуыйы Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Иудадзыгон минæварады. Бæрæгъуынты Тамерлан у Мæскуыйы ветеранты æмæ ирон æхсæнады советты уæнг. Ацы кадджын адæймаг æрæджы сбæрæг кодта йæ 95 азы, арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстыл сæмбæлд æхсызгонæй.
Минæварады уазджытæ уыцы бон систы, мæскуы-йаг ирæтты æхсæнады,
бæстæйы сæйраг горæты цы ирон фæсивæд ахуыр кæны, уыдон, Фæсивæдон советы уæнгтæ. «Махæн æхсызгон у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн Минæварады кæй сæмбæлдыстут, уый», – загъта фембæлд амонæг Карсанаты Олег. Минæварады разамонæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзасохты Тамерлан
радзырдта Бæрæгъуынты Тамерланы цардвæндаджы тыххæй, Уæлахизы бæрæгбоны фæдыл ын раарфæ кодта мæскуыйаг ирæтты æхсæнады разамонæг Абайты Алан æмæ йæхи номæй.
Цæмæй кадджын ном фронтовикыл сæмбæла, уый тыххæй фембæлдмæ æрцыд Кировы районы Кæрдзыны хъæуы разамонæг Андиаты Сослан. Бæрæгъуыны-фырт стыр бузныг загъта æрцæуæг адæмæн, æрхъуыды кодта йæ биографийы ахсджиагдæр мысинæгтæ, æрыгæттæм фæсидт, цæмæй сæ царды алы уысмæн дæр аргъ кæной. «Кæд æмæ мыл 96-æм аз цæуы, уæддæр мæм афтæ кæсы, раст цыма æппæт цаутæ знон æрцыдысты», – загъта Бæрæгъуынты Тамерлан.
Фембæлды ма Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны орден раттой гвардийы лейтенант Лазарты Уырысханы фырт Союзы бинонтæн. Ныр орден равæрдзысты Елхоты хæстон намысы музейы. Арфæйы фыстæджытæ райстой мæскуыйаг ирæтты æхсæнады хистæртæ: Санахъоты Феликс, Æгайты Эрик, Æлбегаты Зинæидæ, Цъæхилты Земфирæ,Саулохты Умар, Уыртаты Бексолтан, Ходы Тамерлан æмæ Торчынты Амырхан.
Фыстæджы мæскуыйаг ирæтты хистæртæн бузныг загътой се стыр бавæрæны фæдыл, ныр дæр сæ фæллад уадзыны бæсты уæнгрогæй æхсæнадон царды кæй архайынц, уый тыххæй.
УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы
Иудадзыгон минæварады
пресс-службæ