Алихан фæуæлахиз дунеон турниры  

0
125

Дагестаны горæт Каспийскы ивгъуыд къуыри уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты таурæгъон богал Али Алиевы номарæн дунеон турниры ерыстæ. Турнир цыди 55-æм хатт æмæ дзы, Уæрæсейы тыхджындæр богæлттæй уæлдай, архайдтой иуæндæс бæстæйы богæлттæ.

Ерыстæ цы дæс уæзы цыдысты, уыдонæй фарасты 1-аг бынæттæ рамбылдтой дагестайнаг богæлттæ. Уыдонæн 1-аг бынат рамбулын нæ бантыст æрмæстдæр 97 кг онг уæзы. Ацы уæзы тынг сæрæнæй хæцыд Ирыстоны минæвар Кцойты Алихан. Уый æнæкъуылымпыйæ рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй æмæ ссис турниры уæлахиздзау. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ ныхмæлæуджытæ фæлтæрдджын богæлттæ кæй уыдысты. Алихан йæ фыццаг дыууæ ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз 11:0 æмæ 8:0 хыгъдтæй. Æрдæгкæронбæттæны йæ ныхмæлæууæг уыди дагес-
тайнаг зындгонд богал, Цæгат Кавказы федералон зылды чемпион Сагид Гамзатов. Сæ фембæлды Алихан фæуæлахиз 6:1 хыгъдæй æмæ кæронбæттæны фембæлд Уæрæсейы чемпионаты призон бынат бацахсæг, Кемеровойы облæсты минæвар Константин Пшеничниковимæ. Сæ фембæлды Алихан фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ 9:2 хыгъдæй.

Журналисттæ Алиханы куы бафарстой, дæ уæлахизæй кæмæн арфæ кæныс, зæгъгæ, уæд загъта: «Зæрдиагæй мæ арфæ ракæнын фæнды мæ ныййарджытæ, фыдыфсымæр, мæ тренертæн. Ацы æнтыстдзинадæй мæ фæнды мæ уарзон фыдыфсымæр Хъазыбеджы ном ссарын. Ныр мæхи цæттæ кæндзынæн Уæрæсейы чемпионатмæ. Мæ размæ цы нысан сæвæрдтон, уый та у Олимпиаг хъæзтытæм фæндаг акъæртт кæнын. Уый домы бындурон куыст кæнын, æмæ архайдзыстæм мæ тренертæ Самайты Мæирбег æмæ Уалыты Андрейимæ».

Æнæмæнг, Алихан у суинаг фæсивæдæн кары богал, æмæ йын бантысæд йæ хорз фæндтæ сæххæст кæнын йæ фыд Зелимы фæндиаг!

Али Алиевы турниры ма ирон богæлттæй 3-аг бынат, уæззау уæзы хæцгæйæ, бацахста (125 кг) Хынцæгты Сослан.

Юбилейон, 55-æм турниры уæлахиздзаутæ систы: 57 кг – Муса Мехтиханов (ДР), 61 кг – Муслим Мехтиханов (ДР), 65 кг – Рамазан Ферзалиев (ДР), 70 кг – Абдурахман Далгатов (ДР), 74 кг – Венгрийы номæй хæцæг дагестайнаг богал Мурад Курамагомедов, 79 кг – Камиль Абдулвагабов (ДР), 86 кг – Ибрагим Кадиев (ДР), 92 кг – Аманула Гаджимагомедов (ДР), 97 кг – Кцойты Алихан (РЦИ-Алани), 125 кг – Шамиль Мусаев (ДР).

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here