Фæндæгтæ бындуронæй цалцæг кæнынц

0
166

Дыгуры районы фæстаг къорд азы бирæ ивддзинæдтæ цæуы. Уый ирддæрæй зыны Дигорайы горæты фæлгонцадыл.

Ныртæккæ бындуронæй цалцæггонд цæуы Бердиты Солтаны номыл уынг – райцентрмæ бацæуæнæй суанг кæронмæ фæндаджы уæлцъар ивынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыхстдзинæдтæ æвзæрын кæны куыд бæлццæттæн, афтæ хæдтулгæскъæрджытæн дæр. Куыстытæ разæнгардæй цæуынц, æмæ, кæронмæ куы æрхæццæ уой, уæд горæты цæрджытæ, æнæмæнг, разыйæ баззайдзысты, ивддзинæдты фæстиуджытæ та сæхиуыл хорзæрдæм банкъардзысты.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ, цалцæггæнæн куыстытæ баргонд кæмæн сты, уыцы компани «Интелстрой» ма ацы бонты æндæр объектыл дæр – Тогойы-фырты номыл уынгæй райдай æмæ, Дигорайы фæрсты цы фæндаг сарæзтой, уырдыгæй
суанг Бердийы-фырты уынгмæ фæндаджы уаццаг цалцæг кæнынмæ бавнæлдта. Æвæрд дзы æрцæудзæн бордюртæ дæр.

Автотранспорт скъæрджыты æдасдзинады тыххæй ма цалцæггонд цæуынц Карл Маркс æмæ Акъойы-фырты уынгты уаццæгтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты парчы фæйнæ фарс. Куыстытæ фæдзæхст сты Æнæххæст барджын организаци «Горæт»-æн.

Æппæт ранымад æвæрццæг ивддзинæдтæ Дигорайы горæты цæуынц, район алыхуызон федералон æмæ регионалон программæты кæй архайы, уый руаджы.

 

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here