Мадæлон æвзагмæ уарзондзинады айзæлд

0
44

Дзæуджыхъæуы профессионалон колледжы уыд кадджын мадзал Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл.  Литературон-музыкалон композици ссис нæ адæмы хъæздыг культурон бынтæ, мадæлон æвзагæн уарзондзинад æмæ кад кæныны ирд æвдисæн.

Бæрæгбон байгом кодта колледжы сæргълæууæг Хуытъинаты Светланæ.

Колледжы студенттæ зæрдæргъæвдæй кастыс-ты зындгонд ирон поэтты æмдзæвгæтæ мадæлон æвзагыл. Студентты музыкалон номыртæ аудитори байдзаг кодтой зæрдæйы хъарм æнкъарæнтæй.

Бæрæгбон амонджытæ уыдысты Багаты Артур æмæ Гаглойты Валерия. Колледжы студенттæ Агойты Аминæ, Гуырцъыты Аминæ, Тедеты Миланæ, Магкоты Алинæ, Элбачиты Виктория, Станислав Маслов æмæ Ярослав Разумов бакастысты Гуырдзыбегты Иринæйы, Æлборты Хаджумары, Плиты Харитоны, Галуанты Людмилæйы, Баситы Зæлинæ æмæ Къадзаты Станиславы æмдзæвгæтæ.

Студенттæ Гобозты Азæмæт, Гуырцъыты Аминæ æмæ Бестауты Аринæ равдыстой сценкæ «Ирон чызджытæ».

Сæ арæхстдзинад раргом кодтой ирон кафты Гаглойты Валерия, Гуырцъыты Аминæ, Кокайты Элинæ, Багаты Артур, Станислав Маслов, Лазарты Алан æмæ Плиты Сæрмæт «Хонгæ кафт» æмæ «Симд»-æй.

Ирон æвзаг æмæ литературæ – фæлтæрты кæрæдзиуыл чи бæтты, уыцы хæзна ахсджиаг у, æмæ йæ бахъахъхъæнын хъæуы.

Бæрæгбон ныууагъта æнæферохгæнгæ тæлмæн æмæ ма иу хатт зæрдыл æрлæууын кодта, ирон æвзаг фæсивæды ’хсæн бахъахъхъæнын æмæ парахат кæнын кæй хъæуы, уый ахадындзинад. Ирон æмæ литературæйы боны фæдыл мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы профессионалон колледжы ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг, ацы æрмæ-джы автор æмæ колледжы менеджер Джыгкайты Анжелæйы хъæппæрисæй. Ныфс сæ ис, ахæм мадзæлттæ кæй
фæахъаз уыдзысты ирон æвзаг æмæ нæ хъæздыг культурæйæн дарддæр дæр сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ фидар кæнынæн.

 

Хъуылымбегты Виолетæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here