Ныхас – бархионты змæлдыл

0
133

Цæгат Ирыстонæй УФ-йы Федерацийы Советы сенатор Виталий НАЗАРЕНКОЙÆН уыд хъуыддаджы фембæлд «Уæрæсейы Сырх Дзуар»-ы регионалон хайады сæрдар ÆЛБОРТЫ Давидимæ, нæ республикæйы Парламенты депутат БÆЗАТЫ Алан æмæ бархионты змæлды активисттимæ.

Фембæлды архайджытæ æрныхас кодтой фæсивæды æхсæн бархионты рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттыл, фæсивæд бархионты рæнхъытæм æрбахоныны, адæмæн психологон æххуыс кæныны фæдыл проекттæ æххæст  кæныны æмæ æндæр
фарстатыл.

– Сымах кæй æххæст кæнут, уыцы пайдайаг куыстæн адæмы æхсæн ис стыр ахадындзинад, – амынд хайады уæнгтимæ ныхас кæнгæйæ, загъта сенатор.

Бархионты змæлд нæ регионы парахат кæнынæн чи фæахъаз
уыдзæн, фæстагмæ фембæлды архайджытæ ахæм бæлвырд фæндæттæ баххæст кæныныл бафидыдтой.

 

Æлборты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here