Рахизфарсы районы хъæу Бруты спортивон комплекс «Нарт-Аренæ»-йы ивгъуыд къуыри уæгъдибар хъæбысхæстæй дыккаг хатт цыдысты Сæрмагонд æфсæддон операцийы хъæбатырæй фæмардуæвæг Хуыгаты Давиды номарæн турниры ерыстæ.
Бруты хъæуккаг Хуыгаты Зурабы фырт Давид хæрзæрыгонæй рахаста ирон лæджы хуыздæр миниуджытæ. Уыди æнæзивæг, коммæгæс æмæ хæрзæгъдау кæстæр. Ахæмæй йæ базыдта уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Наниты Зураб. «Давид йæхи бауарзын кодта йе ‘ргомзæрдæ æмæ æцæг лæджы миниуджытæй. Хъæбысхæс-
тæй уæлдай ма, сæрæн уыд ахуырмæ дæр. Фæндыд æй æфсæддон дæсныйад райсын, æмæ æвддæсаздзыдæй ссиc Мæскуыйы Уæлдæр-командон æфсæддон училищæйы курсант. Каст æй фæци сыгъзæрин майданимæ æмæ йæ цард бабаста æфсæддон службæимæ. 2022 азы декабры, хистæр лейтенант уæвгæйæ, ссиc Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг. Уым йæхи равдыста хъæбатыр æмæ æрхъуыдыджын командирæй. 23-аздзыд хистæр лейтенант уыд батальоны командиры хæдивæг. Йæ хъæбатыр архайды тыххæй хорзæхджын ссиc майдан «За отвагу»-йæ, – загъта Зураб.
2023 азы августы Давид йе ‘фсæддонты къордимæ хъазуатон тохы бацыд украинаг неонацисттимæ. Уыцы тохты йæхæдæг ныппырх кодта знаджы дронтæй цыппар. Тæссаг уавæры уæвгæйæ, йæ цалдæр цæф æфсæддоны аирвæзын кодта мæлæтæй, фæлæ, йæхæдæг цы уæззау цæфтæ фæци, уыдон ын йæ цард аскъуыдтой 24-аздзыдæй. Йæ мæлæты фæстæ хорзæхджын ссис лæгдзинады орденæй.
Давидæн йæ уæлæуон цард кæд хæрз цыбыр рауад, уæддæр ын бантыст бирæ хорздзинæдтæ саразын. Йæ хиуæттæ æмæ æмгæрттæй уæлдай йын йæ рухс ном мысынц æмæ мысдзысты йе ’мхъæуккæгтæ, йæ ахуыргæнджытæ, Рахизфарсы район æмæ Ирыстоны цæрджытæ.
Йæ уарзон хъæу Бруты Хуыгаты Давиды рухс ном мысынæн уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир саразынæн се ’ххуысы хай бахастой, куыд спортивон комплекс «Нарт-Арена»-йы разамонджытæ, афтæ хъæуы сæргълæууæг Æлдаттаты Батрадз, районы сæргълæууæг Фрайты Сослан, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Гуы-
тъиаты Вячеслав, Давиды уарзон тренер Наниты Зураб æмæ Давиды æмбæлттæ.
Ерысты архайдтой 2008-2010 азты гуырд богæлттæ, æмæ рауадысты тынг зæрдæмæдзæугæ. Æрыгон лæппутæ зæрдиагæй тырныдтой се ’ппæт гæнæнтæй, ерыстæ кæй номыл арæзт уыдысты, уый аккаг арæхстдзинад равдисыныл. Ерыстæ цы дæс уæзы цыдысты, уыдоны уæлахиздзаутæ систы: 42 кг – Хъалабегты Спартак (Дыгуры район, тренертæ – Дзагкойты Алан, Дарчиты Георги), 45 кг – Хъæстуаты Аслан (Беслæны спорты скъола, Хуыбаты Таймураз, Хуыгаты Таймураз), 48 кг – Гусаты Зауырбег (Андиаты Сосланы номыл скъола, Дзагуырты Ирбег), 51 кг – Тотраты Азæмæт (Андиаты Сосланы номыл скъола, Хуыгаты Эльбрус), 55 кг – Цыдугъа-
ты Марк (Беслæн, Æрчъегкаты Тотрадз, Дудайты Эльбрус, Æрчъегкаты Георги), 60 кг – Дзадтиаты Альберт (Андиаты Сосланы номыл скъола, Санаты Георги æмæ Хъæцмæзты Ренат), 65 кг – Багаты Хъазыбег (Кировы район, Бестауты Зауыр), 71 кг – Хуыгаты Руслан (Беслæн, Наниты Зураб, Æлборты Руслан, Къадзаты Геор), 80 кг – Къæбысты Георги (Беслæн, Наниты Зураб, Æлборты Руслан), 92 кг – Хъодзасты Давид (Андиаты Сосланы номыл скъола, Исахъты Георги), 110 кг – Гæлæбуты Хетæг (Андиаты Сосланы номыл скъола, Олисаты Дзамболат, Толасаты Эльбрус).
Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын æрцыдысты май-
дантæ, кубоктæ, дипломтæ, грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.
Ерыстæ куыд ацыдысты, уый тыххæй сæйраг тæрхонгæнæг Наниты Зураб загъта: «Нæ турнир ацыд æнæкъуылымпыйæ. Æхсызгон уыди фенын, нæ фæсивæд зæрдиагæй кæй архайдтой æмæ дзы зæрдæмæдзæугæ фембæлдтытæ бирæ кæй уыд, уый. Турнир кæй номарынæн уыд, уый æмбæлттæ къордæй нæ фарсмæ æрбалæууыдысты æмæ се ’ххуысы хай зæрдиагæй бакодтой. Уый тыххæй сын зæгъæм стыр бузныг. Бузныг зæгъæм нæ район æмæ хъæу Бруты разамонджытæн, «Нарт-Арена»-йы кусджытæ æмæ Хуыгаты кадджын мыггагæн. Хуыгаты Давид йæхæдæг бирæ уарзта йæ хъæу-
бæстæ, æмæ йын уыдон дæр йæ рухс ном хæссынц сæ зæрдæты»
Баскаты Уырызмæг














