Æрæджы Рахизфарсы районы Ныхас сарæзта уæрæх æмбырд.
Æрдзырдтой Беслæныхъæуы Лæгты дзуары кувæндоны лæггадгæнджыты архайды тыххæй, стæй бирæ нал баззад йæ бонмæ, æмæ цæмæй бæрæгбон куыд æмбæлы, ахæм фæткыл ацæуа, уыцы фарстатыл.
Æмбырд байгом кодта районы Ныхасы сæрдар Токаты Таймураз. Раарфæ кодта, чи йæм саккаг кодта, уыдонæн: Ныхасы уæнгтæн, кадджын хистæртæн, уазджытæн – республикæйы Парламенты депутаттæ Мрыкаты Асланæн, Гуытъиаты Вячеславæн æмæ æхсæнад «Иудзинад»-ы минæвæрттæ Уарзиаты Анатоли æмæ Кучиты Батрадзæн. Æмбырды архайджытæн рæсугъд, зæрдæмæхъаргæ ирон æвзагыл Базарадон экономикон колледж «Беслæны корпус»-ы студенттæ æмæ Беслæны 6-æм скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ.
Токаты Таймураз фехъусын кодта, боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдон: кувæндонæн лæггадгæнджыты ног совет равзарын æмæ номхыгъд сфидар кæнын схъæлæс кæныны æгъдауæй. Советы уæнгты номхыгъд бакаст мыггаггай, æмæ сыл схъæлæс кодтой иумæйагæй, ахæм фæбæлвырдгонд хъуыдыимæ – цы лæггадгæнджытæ дзы ис, уыдоны номхыгъд дæр сæм цæмæй хаст æрцæуа. Дыккаг фарста – ирон æгъдæуттæ хъуамæ куыд æххæстгонд цæуой кувæндоны кæрты. Уыдæтты тыххæй та бæлвырд радзырдта Хæмыцаты Раман, Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг. Загъта, зæгъгæ, цæмæй куывд æмбæлгæ уагыл ацæуа, уый тыххæй хъæуы кæрæдзимæ хъусын, иумæ уынаффæ кæнын. Скувын фæхъæуы, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, афтæ, æнæмæнг бæгæныйæ. Карз нозты тыххæй та афтæ бамбарын кодта: æртæ арахъхъы баназын кувæндоны худинаг нæу, уыцы æгъдау уыд нæ раздæры хистæртæм дæр.
Кувæндонæн йæ саразынæй (нæуæдзæм азтæй) абоны онг зæрдиагæй фæлæггад кодта Алыккаты Хасан. Хорз хъуыды кæны æмæ зоны, йæ саразыныл чи бацархайдта, йе ‘ххуысы хай чи бахаста, уыдоны, номæй-номмæ сæ ранымадта. Уыдон уыдысты, куыд адæм, афтæ Беслæны цы бирæ куыстуæттæ уыд, уыдоны разамонджытæ, сæ сæргъы – районы хицауад, афтæмæй. Ранымадта, цы куырыхон сæ ныхас, сæ ракуывд, сæ уынаффæтæ бынаты кæмæн уыдысты, уыцы сыгъдæгзæрдæйæ лæггадгæнæг лæгты дæр. Хъыгагæн, цард æнусон нæу, сæ фылдæр ацыдысты ацы рухс дунейæ, кæмæн та йæ азтæм гæсгæ йæ бон нал у.
Æмбырды ныхас цыд ууыл, цæмæй та кувæндоны кад раздæрау йæ бынаты сбада. Уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой:
Мысыкаты Барис:
– Адæмон зиуæй сырæзыд ацы кувæндон. Ардæм хæстæг уыд Уыртаты кувæндон Таранджелоз. Уымæ æвнæлд не ‘рцыд, иуварс аззад. Найфаты бынаты-иу хорз æгъдау уыд, адæм тырныдтой йæ бынмæ хъæлдзæгæй йæ боны, сæхи
дзуарыл бафæдзæхсынмæ, цыдысты сæ кувинæгтимæ, мысайнæгтимæ.
Фæстаг азты дзы цы митæ цæуы, уыдон мæ зæрдæмæ нæ цæуынц. Кувæндоны хистæр хъуамæ куырыхон лæг уа, цард чи зоны æмæ федта, кувгæ чи кæны, адæм кæй ныхасмæ байхъусдзысты, кæй нымайой. Ныр дзы кæй уынын, уыдон куырыхон не схонин.
Уыртаты Барис:
– Æмбырд мæм кæсы æвидауцгомау, куывддоны лæгтæ æмæ районы цæрджытæ кæрæдзи кæй не ‘мбарынц, уый тыххæй. Ныхасы, дам, ницы хъуыддаг ис кувæндонимæ. Уый ахæм æхсæнадон организаци у, кæцы æгъдæуттæм дæр кæсы,
районы цардмæ дæр. Кувæндоны совет куыд кусы, уый хъуамæ Ныхасæн æмбæрстгонд æмæ зындгонд уа, æмæ уæд цард рæсугъддæр уыдзæн. Кæстæртæ дæр кæсдзысты æмæ сæ дæнцæг исдзысты. Беслæны кувæндон Ирыстоны кадджын уыдис, ныртæккæ та йын йе ‘нæпълан митæ æппæт республикæйы дæр зонынц. Беслæны диссаджы хорз адæм цæры æмæ йæ кувæндон дæр фæзминаг хъуамæ уа. Уæдæ ирон адæм æнæ арахъхъ никуы уыдысты, фæлæ йæ чи нуазы, уымæн хъуамæ йе ‘гъдау, йæ зонд йæхимæ уой.
Мрыкаты Аслан:
– Совет æвзарæм, фæлæ йæ хæстæ цы сты, цы бартæ йæм ис? Сом исты йæ бон уыдзæн, мæнæ дзы ныр цы хъуыддæгтæ не сты раст, уыдон снывыл кæнынæн? Совет
хъуамæ æвзæрст цæуа куывды бон, йæ хистæртæ уой æртæ лæджы, дзуапп чи дæтта, ахæмтæ. Сывæллæттæ нал стæм. Уырдыгыcтæг бирæ лæууыдтæн æмæ уыдтон, арахъхъ дæр, стæй ронг (нæртон нозт) дæр нызтой. Уæдæ уыцы диссаджы бынæттæ цæмæн арæзтой, куы нæ дзы абадой куывддзаутæ, нуазгæ дæр, хæргæ дæр дзы куы нæ бакæной. Нозты ныхмæ тох чи кæны, уыдонæн афтæ зæгъын, цæмæн арæзтой уыцы стъолтæ, бандæттæ? Цæмæй адæм æрæмбырд уой, фæкувой, фембæлой иумæ, кæрæдзиуыл бацин кæной… Нозт нæ хъæуы кувæндоны, чи дзуры, уыдонæн афтæ фæзæгъын: дæ хæдзары ма куывд, чындзæхсæв, æндæр исты хабар æнæ нозтæй скæн. Æмæ дын уæд кæд адæм зæгъой, хорз бакодтай, уæд æркæсдзыстæм хъуыддагмæ. Дзургæ кæнынц, сæ хæдзæртты та æндæр хуызон кæнынц. Хæрд æмæ нозты кой кæнын нал хъæуы, нæхи Ирыстоны мауал худинаг кæнæм. Лæбурын, бырсын дæр цæмæн хъæуы кувæндоны советмæ, уый æз не ‘мбарын. Адæймаг хъуамæ йæ сыгъдæг зæрдæйæ балæггад кæна æмæ мацы бадома, цы бакуыста, уыдон дæр ма радзура, Хуыцау æй уыны, æмæ афтæмæй ацæуа йæ хæдзармæ.
Кучиты Батрадз «Иудзинад»-æй:
– Беслæны табуйаг бынат уыд хъуыстгонд йæ рæсугъд æгъдæуттæй. Ныр дзы къуылымпыдзинæдтæ цæуын райдыдта. Нæ сæйраг хæс хъуамæ уаид, нæ рагон фыдæлтæ нын цы зонындзинæдтæ ныууагътой, уыдоныл ныхас кæнын, мах та арахъхъыл дзурыныл ахæцыдыстæм. Алы кувæндоны дæр ис фысымтæ, нозтæн дзуапп чи дæтты, ахæмтæ. Кæд æрбамбырд стæм, уæд совет сфидар кæнын тынг хорз хъуыддаг у. Чи дзы ис, уыдоны куысты кæд къуылымпыдзинæдтæ ис, уæд сæм ноджы зондджындæр адæм бакæнæм, цæмæй сæ архайдæй разы уой иууылдæр.
Æмбырды ма раныхас кодтой Гуытъиаты Вячеслав, Уарзиаты Анатоли, Быгъуылты Хъазыбег, Цомартаты Феликс, Созанаты Роберт, Дзæгъойты Виктор, Хадыхъаты Олег. Сæ сæйраг хъуыдытæ уыдысты, цæмæй кувæндоны совет, йæ сæргъы Ханайты Михал, афтæмæй, саразой уагæвæрды гæххæтт æмæ уымæ гæсгæ кусой, иу ныхасмæ цæуой, хистæртæм хъусой, кæрæдзийы æмбарой, иу уынаффæмæ гæсгæ, растдæр куыд у, афтæ лæггад кæной куывддзаутæн. Фæзминаг та куыд суа Беслæныхъæуы Лæгты дзуары кувæндон, Хуыцау ахæм арфæ ракæнæд!
ХОСОНТЫ Земфирæ














