Æрыдоны районы хъæутæй дыууæйы – Фыййаджыбыл æмæ Рассветы скъолаты ныридæгæн цæуынц бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Федералон программæмæ гæсгæ 2027 азы бавналдзысты Красногоры сывæллæтты рæвдауæндоны бындурон цалцæгмæ. Нæ уацхæссæг бабæрæг кодта Фыййа-джыбылы астæуккаг скъола, æмæ кæд фæллад-уадзæн бон уыд, уæддæр куыст цыд æнæкъуылымпыйæ.
Ацы азы апрелы райда-йæнæй астæуккаг ахуыргæнæндоны дыууæуæла-дзыгон бæстыхайы куыст иу бон дæр нæ бамынæг. Æнæххæст бартимæ æхсæнад «Инжсервис»-ы хæс у скъолайы бындурон цалцæг 31 июлмæ фæуын. Рæстæг ма ис, фæлæ куыстыты бæрц дæр чысыл нæу. Уымæ гæсгæ сæ архайынц æнаипп æмæ æмгъуыдыл фæуын.
– Фыййаджыбылы скъола фыццæгæм августмæ хъуамæ срæвдз уа, – загъта нæ уацхæссæгæн Æрыдоны районы Ахуырады управленийы сæргълæу-уæг Багаты Ибрагим.
Республикæйы капиталон арæзтады управлени объекты цалцæггæнæн
куыстытæм лæмбынæг хъус дары. Скъолайы агъуысты сарæзтыл, иннæтимæ абаргæйæ, бирæ рæстæг нæ цæуы, фæлæ дзы ис рацаразинаг хъуыддæгтæ. Бахизæнтæ уæрæхдæргонд цæуынц, рацарæзтой иуæй-иу кабинеттæ дæр. Уый фæбæрæг уыдзæн уроктæ æнцонвадат агъуысты æрвитыныл, ахуырдзаутæн та – сæ авналæнтæ æмæ гæнæнты æмвæзад бæрзонддæр кæндзæн.
Ахуырады цыдæн стыр ахъаз уыдзæн, районы ахуырады департамент цы «Скъолайы æнæхъæн бон уæвыны» уагæвæрд сфидар кодта ног ахуыры азмæ, уый. Ныхас дзы цæуы, продленкæты къордты хыз фестырдæр кæнын æмæ дзы сывæллæттæн фылдæр рæстæг æрвитынæн уавæртæ саразыныл. Скъолатæ райдайдзыс-ты æнæхъæн бон кусын, райсомы фараст сахаты æмбисæй изæры авд сахаты æмбисмæ, къордты нымæц дзы фæфылдæр уыдзæн дыууæ хатты. Кæд раздæр ахæм къордты
ахуыр кодтой æрмæст райдайæн кълæсты скъола-дзаутæ, уæд сыл ныр бафтаудзысты 5-æм – 8-æм къласонты дæр. Боныдæргъы ахуырдзаутæ æххæст кæндзысты сæ хæдзармæ куыст, уыдзæн сын фадат уæлæмхасæн ахуырады секцитæ æмæ къордты архайынæн, стæй республикæйы хиирхæфсæн æмæ культурон уагдæттæм цæуынæн.
Уымæй уæлдай, скъоладзаутæ математикæ, уырыссаг æвзаг æмæ информатикæйæ исдзысты арфдæр зонындзинæдтæ. Стыр æргом здæхт цæудзæн курдиатджын сывæллæттæ раиртасыны фарстмæ. Скъолайы æнæхъæн бон уæвыны фæдыл курдиат бадæттæн уыдзæн æппæт ныййарджытæн дæр, сæ фæндонмæ гæсгæ сывæллæттæн уæлæмхасæн боны дæргъы хæринаг лæвæрд цæудзæн 2 – 3 хатты.
Æппæт ногдзинæдты нысан у алы кары ахуырдзаутæн сæ фадæттæ фенцондæр кæнын æмæ сын æдас уавæртæ саразын, цæмæй пайдаимæ ‘рвитой сæ рæстæг.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
авторы ист къамтæ














