Удвидарæй, цæстуарзонæй – йе ‘цæг дунемæ

0
212

Æгъатыр у хъысмæт: адæймаг хорз кæй базоны, йæ цардвæндагыл йæ зæрдæмæ æввахс чи æрбацæуы, бынат дзы чи ссары, уый йе ’цæг дунемæ куы ацæуы, уæд зæрдæйы баззайы, сдзæбæх кæнæн кæмæн нал вæййы, ахæм хицæн хъæдгом, рæстæгæй- рæстæгмæ та сриссы. Хатгай йæм æрбакæлынц рухс мысинæгты æнкъарæнтæ æмæ йын æрбахæссынц æхсызгон æрхæндæг. Нæ уадзынц рох кæнын, йе ’цæг дунемæ чи ацæуы, уæлдайдæр рухс фæд ныууадзгæйæ, ахæм адæймаджы. Рæстæгæй-рæстæгмæ та слæууы нæ разы. Ногæй та йемæ фæкæнæм ныхас. Фæдзурæм ын нæ сагъæстæ, нæ фæндтæ, æмæ та уæд адæймагмæ цæрыны ныфс æрцæуы. Асуры йын йе ’рхæндæг хъуыдытæ. Афтæ у адæймаджы хъысмæт.

Дыууæ азы размæ дæр ма хъæздыг цардвæнда-джы фæдыл йæ райгуырæн бон йæ бинонтæ æмæ йæ бирæ хæлæрттæ арфæтæ кæмæн кодтой, уыцы Токаты Хамбийы чызг Людмилæйæн æрхæццæ йæ афæдзы бон. Удвидар æмæ цардбæллонæй, «а» æмæ «о»-йæ Бæззаты Грисæимæ йæ цард чи арвыста, йæ кæстæртæ Дмитри æмæ Заремæйы царды æнæзæрдæхсайгæ фæндагыл чи сæвæрдта, фæскомцæдисы, Коммунистон партийы, фæстæдæр та – «Иугонд Уæрæсейы» адæмы хорзæхæн, æхсæнадæн чи фæлæггад кодта, уыцы зынгзæрдæ, бæрнон, зæрдæхæлар, цæстуарзон Людмилæйы афæдзы размæ не ’хсæнæй атыдта æгъатыр низ. Ногдзауты разамонæгæй райдай æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы онг- Людмилæ цы бæрнон бынæтты куыста Хъайттаты Алик, Мамсыраты Таймураз, Хабыцты Ларисæ, Хадыхъаты Азæмæт, Тускъаты Таймураз, Хæбæлаты Фатимæ, йе ’мхъæуккаг мызуйраг ныр– Парламенты депутат Дойаты Светланæ æмæ ма йæ чидæриддæр зыдта, се ’ппæты зæрдæты дæр ныууагъта ирд фæд. Се ’ппæт дæр хæст сты иу хъуыдыйыл: «Людмилæ йæ бæрнондзинад, йæ удвидарæй æрхаста бирæ хорздзинæдтæ респуб-ликæйы цæрджытæн. Иунæг хорз хъуыддаг райдайгæйæ дæр-иу æй æрдæгыл никуы ныу-уагъта. Уыимæ, йе ’мкусджытимæ æдзухдæр архайдта цæстуарзон æмæ зæрдæхæларæй. Домаг цæстуарзон, кæдфæнды дæр æмбалы фарсмæ æххуысмæ æрбалæууын æввонг – абон дæр æй нæ рох кæнынц, дæс азы газет «Слово»-йы сæйраг редакторæй цы фæсивæдимæ фæкуыста, уыдон. Токаты Людмилæ рес-публикæйы Парламенты депутатæй æвзæрст æрцыд цыппар равзæрсты. Куыста æмæ бирæ хорз хъуыддæгтæ сарæзта Парламенты комитеты сæргълæууæгæй. Йæ зæрдиаг æхсæнадон архайды тыххæй йæ равзæрстой Парламенты Сæрдары хæдивæгæй. Йæ бæрзонд æнтыстдзинæдты тыххæй хорзæхгонд æрцыд бирæ алыхуызон арфæйы æмæ Кады грамотæтæй, паддзахадон хæрзиуджытæй. Диссаг та ма уый у, æмæ, фæстаг азты карз æнамонд низимæ тохгæнгæйæ, йæхи иу хатт дæр никуы никæмæн равдыста рынчынхуыз æмæ лæмæгъæй. Æдзухдæр уыд куыстхъом, цардбæллон æмæ цæттæ ногдæр хъуыддæгтæм. Уыцы цардбæллоны бындурæвæрджытæ уыдысты йæ фыд Хамби æмæ йæ мад Хъæрджынон Надя. Уыдон æй арвыстой йæ хистæр хо Лизæ æмæ йæ кæстæр хо Ленæимæ царды гуыргъахъ фæндæгтыл. Йæ удварн, зæрдæхæлар, æххуысхъом, цæстуарзон миниуджытæ йæ сбастой ногдзауты, фæскомцæдисы, Коммунистон парти æмæ «Иугонд Уæрæсейы» фæлтæртимæ. Уыдонимæ архайгæйæ, æдзухдæр куыста, йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, адæмæн хорздзинад æмæ фарны хъуыддæгтæ аразгæйæ.
Ахæм адæймæгтæ ныууадзынц ирд фæд, царды кæуыл фембæлынц, уыдонæн се ’ппæты зæрдæты дæр. Æмæ, æвæццæгæн, ацы дунейы сæ хъуыддæгтæ бæстон куы бакæнынц, уæд сын не Сфæлдисæг йæ сыгъдæг уд ахæссы уæлæрвтæм. Зæххон адæмæн ахæмтимæ фæхицæн æнцон нæ вæййы. Фæлæ йæ дардзыстæм нæ зæрдыл, цалынмæ цæрæм, уæдмæ йæ фарн, йæ хорз хъуыддæгтæ баззайдзыс-ты зæххонтæн, æмæ сæ хæццæ кæндзысты кæронмæ. Людмилæ та афæдзы размæ ацыд не ’хсæнæй йе ’цæг дунемæ æмæ йæ уæлæрвты хорзæх уæд!

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here