Нозт аиуварс кæнын хъæуы

0
150

Ирыстон зæдбадæн бæстæ у, нæ гыццыл республикæйы бирæ кувæндæттæ ис. Уырдæм æрвылаз дæр æрæмбырд вæййы бирæ дзыллæ , цы куывдтæ дзы саразынц, уыдон ахъаз сты нæ адæмы иудзинадæн.

Нæ рухс кувæндæттæн сæ фылдæр сты хохы, алы кæмтты, бæрæгбæттæн сæ фылдæр та вæййынц сæрды мæйты. Уыцы рæстæг хæхтæм алы горæттæ æмæ хъæутæй адæм æрбацæ-уынц, куыд хистæртæ, афтæ кæстæртæ дæр. Куывд хорз у, фарны хъуыддаг, мæхæдæг дæр дзы вæййын æмæ сыл ныффыссын æрмæг мæ уарзон газет «Рæстдзинад»-мæ. Фæлæ ацы хатт мæ уацхъуыды сæр ууыл нæу.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уыцы куывдтæн сæ мидис цы у, уый бирæтæ рох кæнын райдыдтой. Рох та уый хонын, æмæ карз нозт дæр бирæ рæтты æрæвæрынц фынгтыл, æмæ афтæмæй та æгъдау хатгай иуварс аззайы. Æгæр, Ирыстоны адæм фыдæй-фыртмæ сæ хъару æмæ æхсарæй бæрæг куы дардтой, таурæгъты дзуринаг куы фесты, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, знагимæ карз тох куы цыди, уæд мах адæмæй фылдæр хъайтартæ куы никæмæ уыди, уæд нæм карз нозтыл нæ къух сисыны хъару нæй?! Нæ кадджын фыдæлтæ, нæ сæртæ бæрзæндты кæмæй хæссæм, уыцы нарт дæр арахъæй нæ, фæлæ бæгæныйæ, ронгæй сæ мондæгтæ куы уагътой, уæд уый куыд диссаг у, æмæ ныр цы кодтам, уыцы æнæхайыры хæрам нозтыл нæ къух цæуылнæ сисæм? Нæ царды цы фыдбылызтæ цæуы, уыдоны фылдæр хай дæр хъæбæр нозтимæ баст у. Æви æфтæ хъуамæ зæгъæм: «Нæ фыдæлтæ лæгтæ уыдысты, мах та ничи стæм»? Куыд хъуамæ сразы уæм ахæм хатдзæгимæ?
Кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘ппæт карз нозтуарзджытæ не стæм, фæлæ не ‘хсæн, хъыгагæн, ис ахæмттæ, æмæ цины дæр, зианы дæр хæйрæджы хойрагæй сæхицæн бæрц нæ зонынц, куы сын бауайдзæф кæнай, уæд та сæ «аргумент» вæййы, фыдæлтæй дам, нын баззад ахæм фæтк. Нæ, нæ баззад. Уый нæм æндæр кæцæйдæр æрбацыд. Ахæм «фæтк» уыд, мæнæ европæйаг колонизатортæ Америкæйы зæххытæн сæхи хицау куы кодтой, уæд бынæттон адæмы карз нозтыл куыд бастой æмæ сыл афтæмæй куыд фæтых сты, уыцы заман. Цы мæ фæнды зæгъын ацы цыбыр фыстæй?
Ирыстоны кувæндæтты куывдтæ аразджытæ куы бафæзмиккой Рекомы – уым карз нозтæн йæ кой дæр нæ вæййы, æмæ æнæ уыцы марг адæмсафæг нозтæй куы ацæуиккой нæ бæрæгбæттæ. Ма æфсæрмы кæнут уыцы ныхасæй: «Æмæ адæм цы зæгъдзысты?» Раст зондыл хæст чи у, уыцы адæм цы хъуамæ зæгъой хорзæй уæлдай? Мæнмæ гæсгæ, ацы ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй сæ барджын ныхас хъуамæ зæгъой æхсæнадон организацитæ дæр, – фыццаджыдæр, «Аланты Ныхас» æмæ иннæтæ. Басагъæс кæнын хъæуы не ‘ппæты дæр ацы фарстайыл, кæннод сæфтмæ цæуæм. Фидар æмæ уæлахиз ут, Ирыстоны адæм!

ХЪАРДАНТЫ Тимур, историк,
Чырыстонхъæу

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here