Æдасдзинад, коррупцион цаутæ æмæ барадон фæтк

0
171

РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло видеобастдзинады руаджы архайдта, Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка цы æмбырд скодта, уым. Ныхас рауад зылды æдасдзинадыл, коррупцион цаутæ ма ‘руадзыныл, барадон фæткы фидар-дзинадыл.

Рæгъмæ рахастæуыд, ахæстæтты æмæ æндæр ахæм бынæтты бадджыты ‘хсæн карз ахастытæ ма ‘руадзыныл, кæнæ кæд фæзындысты, уæд сæ аиуварс кæныны нысантыл, миграцион къабазы бархæлдтыты тыххæй барадхъахъхъæнæг оргæнты куысты бæрæгæнæнтыл. Æмбырд байгом кæнгæйæ, Юрий Чайка куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, Цæгат Кавказы географион æмæ этнодины алы хуызтæ нымайгæйæ, фæсарæйнаг сæрмагонд службæтæ æмæ ахæм æндæр кусджытæ зылды уавæр æнкъуысын кæнынц.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ æххæст мадзæлттæ конд æрцæуой, цæмæй барады ахæм хæлдтытæн бынат ма уа. Æппынæдзух цæстдард æххæст кæнын хъæуы, уавæрæн аргъ кæнын, æмгуыстадæн фадæттæ аразын. Æмбырды кæрон Æххæстбарджын минæвар бæрнон адæймæгтæн бафæдзæхста сæххæстгæнинаг бæлвырд  хъуыддæгтæ.

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг
æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here