Арæх æрымысы Моргуаты Заремæ йæ сабийы бонтæ. Уыдон арф фæд ныууагътой йæ царды. Хъыгагæн, уыцы фæлтæры сабидуг Фыдыбæстæйы Стыр хæст басыгъта. Фæлæ уæддæр рæстæгимæ æмдзу кодтой.
— Нæ хорз сыхаг Дзугаты Дзибудтайæн Æппæтцæдисон староста Михаил Иваны фырт Калинин Мæскуыйы йæ риуыл кадджын хæрзиуæг — Фæллойадон Сырх Тырысайы орден — куы бакодта, уыцы аз райгуырдтæн, — хъазгæмхасæнты фæзæгъы Заремæ.
Баззади ма йæм хорз æмæ адджын мысинæгтæ скъолайы ахуыры азтæй. Тыхджын уыдис хæлар-дзинад алы адæмыхæттыты сывæллæтты ‘хсæн. Иумæ уыдысты циндзинад æмæ зындзинады дæр. Уæдæ-иу фыдуаг митæ, кæм уыд æнæ уыдонæй, иумæ-иу сæ акодтой. Хъыгагæн, абон сæ сыхы йе ‘мгæрттæй æгас ничиуал у.
Хъысмæт Заремæйы аппæрста Дзæуджыхъæумæ. Уым рог промышленносты къабазимæ сбаста йæ цард. Æнусы æмбисмæ хæстæг фæкуыста Дзæуджыхъæуы цъында-уафæн фабрикæйы. Æмæ æрмæст хуымæтæг уафæг нæ уыд — кæддæриддæр раззагдæрты æмрæнхъ, социалистон ерысы уæлахиздзау цалдæр азы. Стыр æнтыстдзинæдтæ йæ къухы кæй æфтыд, уый тыххæй 1972 азы хорзæхгонд æрцыд Советон Цæдисы тæккæ бæрзонддæр хæрзиуæг — Ленины орденæй.
Заремæ кæд раджы афтыд Дзæуджыхъæумæ, уæддæр фидар тæгтæй баст уыдис æмæ у йæ райгуырæн Елхотимæ. Йæ фыд Елмæрза (Ебæза — афтæ йæ хуыдтой хионтæ, сыхбæстæ æмæ хъæубæс-тæ дæр) бирæ азты фæкуыста партион-советон оргæнты. Уыдис æнæхин, баргонд хъуыддагмæ касти бæрнон цæстæй. Йæ бирæ цоты дæр ахуыр кодта рæстзæрдæ уæвын, ирондзинадыл фидар хæцын.
— Бырнацты мыггаджы дæр стыр кад ис Заремæйæн. Дыууæ мыгга-джы ‘хсæн ахастдзинæдтæ фидар кодта. — дзырдта йæ хорз хæлар, Елхоты ацæргæ сылгоймæгтæй иу Едзойты-Милдзыхты Зойæ.
Йæ фырт Бырнацты Георги дæр разы у йæ мадырвадæлтæй, Моргуаты сыхæгтæй, Елхоты хъæубæстæй. Йæ мады райгуырды 90 азы зæрдылдарæн юбилейы бон сын стыр кад скодтой. Уæлдай бузныг фæцис Кировы районы сæргълæууæг
Нæкуысаты Барисæй, ратта йын Кады гæххæтт. Уыцы хæрзиуæгæй зæрдылдарæн лæваримæ кадджын сылгоймаджы схорзæхджын кодтой Æппæтдунеон Æхсæнадон змæлд «Аланты Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан æмæ районы Ветеранты уынаффæдоны сæрдар Бедойты Феликс.
Нæртон куывды хистæртæ гаджидæуттæ уагътой Заремæ æмæ йæ кæс-тæрты, йæ мадызæнæг æмæ сæ хæстæджыты номыл, Хуыцауæй куырдтой æнæниздзинад, цард-амонд сыхбæстæн æмæ хъæубæстæн, нæ зæдбадæн Ирыстонæн. Сæ сæйрагдæр курдиат — сабырдзинад нæ егъау Фыдыбæстæ Уæрæсейæн. Æппæт адæмы бæллиц — цæмæй ахицæн уа сæрмагонд æфсæддон операци, æмæ нæ фæсивæд сæрæгасæй уæлахизимæ сæмбæлой сæ райгуырæн хæдзæртты.
— Кæрæдзийы уарзын, адæмæн аргъ кæнын, Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион уæвын — уымæй сæйрагдæр ницы ис царды. Уыцы миниуджытæй уæ алчидæр хайджын уæд, æмæ уæ алчидæр мæ кармæ фæцæрæд æнæнизæй! — загъта йæ арфæйы ныхасы кæрон 90-аздзыд Бырнацты-Моргуаты Заремæ.
КЪУБАЛТЫ Аркади














