Нæмгуыты арт йæхимæ сарæзта

0
248

Йæ æртын æртæ азы йæхи куы фесты, йæ равзæрст фæндагыл уæндон къахдзæфтæ куы акодта, уæд хуссарирыстойнаг Хуыгаты Радиславы бахъуыд тæккæ ахсджиагдæр уынаффæ рахæссын.

Мариуполь байсыны тугкалæн тохы, йе ‘мбæлтты цардыл хъуыды кæнгæйæ, йæ бронежилетæй систа Ирыстоны тырыса, хæцæнгарзæй æхсгæйæ йæ
хæрдмæ систа æмæ хъæды ‘рдæм азгъордта…Нæмгуыты арт йæхимæ сарæзта æмæ æнустæм æрыгонæй бакъахдзæф кодта…

Раст фæндаг равзарынæй хуыздæр цы ис царды. Æмæ Радислав дæр равзæрста хæстон хъуыддаг. Къуайсайы скъола каст куы фæцис, уæд йæхи снывонд кодта Уæрæсе æмæ адæмы æдасдзинадæн. Æфсады фæстæ бацыд контракты бындурыл службæмæ. Уæд – Грознайы, уæд –  Хуссар Ирыстоны, уæд – Ростовы. Уырдыгæй ацыд сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Йæ фыццаг бонæй фæстæмæ Хуыгайы-фырт архайдта Донбассы уæззаудæр тохты, уыд кадджын мотоæхсæн 150-йæм дивизийы сконды.

Йæ мад Жаннæ куыд мысы, афтæмæй-иу Радиславæй куырдта бинонты хъуыддаг бакæнын, фæлæ лæппу  мидбилхудгæйæ,  хъазæнæмхасæнæй дзуапп лæвæрдта: «Мæнæн бинонтæ ис, уый æфсад у». Никуы ницы дзырдта йæ куысты тыххæй. Загъта-иу: «Алцыдæр хорз у, ма тыхс». Фæлæ мад куыд нæ хъуамæ тыхса йæ хъæбулыл, ноджы ма йын хæстонты рæнхъыты куы уа, уæд…

Хъысмæт афтæ скарс-та,  æмæ, Радислав йæ къордимæ размæ куыд бырстой, афтæ хæрхæмбæлд фесты знæгтимæ. Йе ‘мбæлттæй дыууæйæ фæцæф сты. Радислав сын фыццаг медицинон æххуыс бакодта… Уый фæстæ къордæн фæстæмæ ахизыны командæ скодта, фæлæ æмбæрста, нæмгуыты арты бын кæй фæуыдзысты, уый. Уæд равзæрста, фæстæмæ кæцæй нал раздæхдзæн, уыцы фæндаг… Мад алы бон дæр мысы, йæ хъæбул ын куыд дзырдта, уый: «Куыд хъуамæ ацæуон нæхимæ, уæд уæ чи хъахъхъæндзæн?.. Æрмæстдæр уæлахизы фæстæ ссæудзынæн
хæдзармæ». Хуыгаты Радислав не ‘хсæн баззад, фæлæ нырæй фæстæмæ – дурæй кондæй, цырты хуызы, йæ къухты – Ирыс-тоны тырыса, афтæмæй…

Уæрæсейы Президенты Указæй йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй сержант Хуыгаты Радиславæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры ном (йæ амæлæты фæстæ). Уый хъусын кæны ТАСС.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here