Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты физикон-техникон факультеты рауагъдон Гæззаты Алан-Барсæг – æвзаджы хуызæг Cotype Nano саразджытæй иу, ссис информацион технологиты национ преми «Приоритет. Цифра – 2025»-ы уæлахиздзау. Конкурсы ма архайдтой ахæм егъау компанитæ, куыд «Сбер», «ВТБ», «Альфа-банк», «Норникель» æмæ «ДИТ Москвы». Фæлæ рамбылдта, йæ арæзтмæ гæсгæ, рогдæр чи у, ахæм, алы уавæрты йæ бон кусын кæмæн у, уырыссаг æвзагыл дзурæг «ИИ» (аразгæ зонд) хуызæг.
Ацы хуызæг арæзт æрцыд аразгæ зонд «MWS AL»-ы центры æмæ дзы ныридæгæн зæрдиагæй пайда кæнынц амалхъомады къабазы. Сæйрагдæр уый у, æмæ алкæмæн дæр гом кæй у, уымæй хынцы алыхуызон фарстатæ.
Алан-Барсæг у ЦИПУ-йы «Физикæ»-йæ бакалавриаты æмæ «Арф ахуырад æмæ генеративон аразгæ зонд»-ы магистратурæйы къабазы рауагъдон. «Аразгæ зонд»-мæ йæ балц райдыдта, ахуыр ма куы кодта, уæд. Инновацион технологитæн ахъазгæнæг фонды хъæппæрисæй 2022 азы ацыд конкурс «Студентон стартап». Уым ссис уæлахиздзау йæ проект «Хъæлæсон ассистент»-имæ.
– Ацы хуызæгæй пайда кæнын сæ бон у иртасджытæ æмæ аразгæ зонд аразджытæн сæ приложениты. Йæ диссаг уый мидæг ис, æмæ бирæ бынат нæ ахсы. Пайда кæнæн дзы ис компьютертæ æмæ телефонты дæр.
Уæдæ цы пайда у Cotype Nano:
– тексттæ æмæ тæлмацтæ аразын;
– чат-боттæ аразын;
– хынцы цавæрфæнды фарстатæ;
– алкæй бон дæр дзы у пайда кæнын.
Уый дзуры ууыл, æмæ ныры дуджы адæмы цард æнгом баст у нырыккон электронон технологитимæ.
Национ преми «Приоритет. Цифра – 2025» – у информацион технологиты къабазы кадджын мадзал. Йæ нысан у фæсивæды курдиæттæ раргом кæнын.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














