Мады фæлгонц Нафийы лирикæйы

0
113

Мады фæлгонц Нафийы лирикæйы
«Зæгъынц, Къостайæн куы амарди йæ мад,
Уæд сабимæ æргуыбыр кодтой хæхтæ,
Уызтой йæ æмæ зарыдысты ‘нцад,
Сæ зарæг цыд цæсты сыджы æртахау»
(Нафи)

«Мад царддæттæг фарн у», «Мад – фæндагамонæг стъалы», «Мад – зæххон царды сæр», «Мад – сæууон хуры скаст», «Ныййарæг уарзтау фарндæттæг у»… Ахæм базырджын æмбарынæдтæй ирон æвзаджы дзырдуатон сконд у хъæздыг. Уыцы хъæздыгдзинад та алы сфæлдыстадон кусæгæн дæр фадат дæтты раиртасын Мады фæлгонц, йæ удуæлдай хъизæмæрттæ хъæбулы хъомылады, цæмæй дзы рауайа сомбоны кадджын адæймаг. Ирон литературæйы историйы алы фыссæг дæр равдыста йæ зæрдæйы арф æмæ зæрдиаг æнкъарæнтæ раттæг мадмæ, чи – поэзийы, чи – прозæйы, чи – драматургийы, ома, мады алы хуызтæ æмæ жанрты йæ курдиат цас амыдта, уый арæнты.
Алы поэтæн дæр мад зынаргъ у æмæ йыл зары йæ зондахаст æмæ уæлтæмæндзинадмæ гæсгæ. Хур æмæ мад зæронд нæ кæнынц адæймагады царды, фæлæ æмдзу кæнынц историон дугтимæ æнусæй-æнусмæ. Мадыл бæрзонд зарæг самонын Нафийы зæрдæйы куы схæлбурцъ кодта, уæд райхъуыст йæ хъуытаз хъæлæс.
«Дунейы райдиан – Мад!
Зæххон царды сæр – Мад!»
«Хæссы нæ дуне Мады ном бæрзонд,
Дунейы фидæн узы йе ‘ртты Мад».
Дунейы фидæнæн Мад у йæ рæбинаг цæджындз, йæ бындур, йæ сомбоны тыгъдад. Ирон поэзийы историйы Нафийы бæрц уацмыстæ мадыл ничи ныффыста – поэмæтæ,
æмдзæвгæтæ, эссетæ, зарджытæ сты цыппорæй фылдæр. Равдыста дзы, йæ фæлмæн æмæ уарзæгой зæрдæйы цы æнæкæрон æмбæхст æнкъарæнтæ уыд, уыдон: «Гыцци», «Мады сынк», «Ныхас гыцциимæ», «Мады фæндон», «Мады бæрзонд зарæг», «Мады хъæлæс», «Фыстæг гыццимæ», «Мад йæ хъæбулы цадæггай узы», «Мады лæггад», «Мады цæсгом», «Мады хъæлæс ингæнæй», «Азар мын, гыцци», «Кæуы мæ мад», «Хæрзбон, гыцци», «Авдæн æмæ табæт» æмæ æндæртæ.
Нафи зæгъы, зæгъгæ, агурын ахæм дзырд, Мадæн аккаг арфæ кæмæй ракæнон, фæлæ нæ зонын, нæ арын аланты æвзаджы æнæкæрон дзырдуатон сконды дæр, йæ æнæбын уылæнты æрфысты дæр. Уый поэт йæ фырнымдæй афтæ зæгъы, æндæр æрмæст эссе «Арфæ Дунейы ныййарæг æмæ схæссæг Мадæн» куы ныффыстаид, уæддæр чиныгкæсæджы раз сæвзæрдаид, райхъал уыдаид дуне раттæг æмæ схæссæджы фæлгонц: «Адæймаг райдыдта мадæй. Фыццаг адæймаджы дæр æмæ, дысон чи райгуырд, уый дæр ныййардта Мад. Дунейы алы адæймаг дæр – хуымæтæг гутондарæй генион пахуымпармæ у мады хъæбул. Æмæ ницы ис лæджы зонд æмæ зæрдæйæн мадæй зынаргъдæр æмæ адджындæр. Æз нæ зонын ахæм дзырд, Мадæн аккаг арфæ кæмæй ракæнон, фæлæ мæ фæндгæ кæны ахæм ныхас ссарын, Мады зæрдæ, цæрæнбонты уарзаг æмæ риссаг зæрдæ кæмæй барухс уаид». Ацы æнæнцой хъуыды Нафийы куырыхон зонды хатдзæг у уарзон ныййарæгмæ.
Нафи Мадыл цас уацмыстæ сфæлдыста, уыйбæрц зæринзæл æмдзæвгæтæ ма рантыст нæ уарзон поэт, цæрæнбонты йын фæндагамонæг ирон адæмы историон цард, удварн, аивад æмæ сомбонмæ чи амыдта, уыцы уаз, куырыхон, ирон дзырды Зæд – Хетæгкаты Къостайыл.
«Къостайы цæстытæ», «Къостайы арæн», «Ирыстоны хъаст», «Фыд æмæ фырт», «Къостайы мад хъæдкъул скъæты мард», «Хæхтæ йæ авдæнгæс уыдысты», «Мæ иунæджы маст», «Булæмаргъ кæд зары», «Къостамæ», «Къостайы къæс – Иры ныхас», «Бузныг, Къоста», «Мысын Къостайы» æмæ æндæртæ. Ацы уацмысты Нафи равдыста, йе сфæлдыстадон æнæбын тыгъдады йæн кæй Фад, Зарæг æмæ Дзырд уыдысты йæ Бонвæрнон стъалытæ.
Ахæм фæндагамонæг цырагъ поэтæн уыд йæ ныййарæг Мад дæр, æнкъардта йын йæ уарзæгой зæрдæйы фæзилæнтæ алы хъуыддаджы дæр. Æфсадмæ куы цыд бархийæ, уæд æмбæрста йæ Мады зæрдæйы стыр мæт æмæ æнæкæрон рыст:
«Хорзæй баззай, æз цæуын, мæ мад,
Арæх дæм фысдзынæн дардæй,
Не ‘рхæссин кæд а бæстæм æгад,
Исты йын фæуин мæ цардæй».
Нафи йæ зæрдæйы хъустæй хъуыста æмæ æнкъардта Мад æмæ хъæбулы уарзондзинады хъомыс, стæй сæ ахицæн кæнын кæй никæй бон у, уый дæр. Къостайы загъдау:
«Авд хохы фæстæ мæгатæ
Хос куы фæкæрдынц,
Авд дæлдзæхы бын дзынгатæ
Сынæр куы фæцæгъдынц,
Адæмæн сæ уæд фæдзуры
Хорз поэт ныр дæр».
Ахæм поэт æмæ гоймаг уыд Нафи – дарддзæст, къæрцхъус, Мады фæлгонц нывæндынмæ та – зонды къуыбар. Мады фæлгонц нывæндынмæ ницы ирвæзт йæ уарзон ныййарæджы куыстдзагъд æмæ фæллад æрмтты миниу-джытæй: «…Зымæгон æхсæв… Картофæй конд уæдæрттыл æлвыстай къухтаг ды… Хъуыст де ‘лхуыйы зыр-зыр… Ды кодтай аргъæуттæ… Мæ сæр æркъул дæ тæрттыл… Æмæ тымыгъ дуне дæ аргъаумæ ныммыр…»
Дæлзæх блиндажты мыл ныр цал æхсæв сбон и!
Æваст куы фесхъиуы салдат лæгæн йæ фын,
Уæд ’рымысын гыцци, дæ аргъæутты кæрон иу
Мæн дæр куыд фæндыди уæйыг лæппу уæвын!..
(1943 аз)
Ацы æмдзæвгæ кæсгæйæ, цæстытыл ауайы хæххон сылгоймаджы уæззау царды ныв: уæдæртт дæр ын нæ уыд, картофæй ралыг кодта иу тъæпæн хай, бакодта йæ даргъ тымбыл къæцæлыл æмæ æлвыста йæ хъæбултæн цъындатæ, уæлæдарæс бийынæн.
Цæмæй йæ сабитæ хъæлдзæг æмæ уæнгрогæй фынæй кæной, уый тыххæй ма иу сын аргъæуттæ дæр кодта. Аргъæутты æрмæг та уыд ахæм, æмæ сабиты сомбоны
цардмæ цæттæгæнæг, ома хъомыладон нысаниуæджы миниуджытæй æххæст. Мад кæд ахуыргонд нæ уыд, уæддæр æмбæрста, алы адæймаг дæр хъуамæ уа хайджын йæ нацийы удварнæй, хæсса йæ зæрдæйы, йæ уæнгты, йæ зонды æрфыты. Нафи йæ Мады уæззау царды нывтæ хъуыды кодта æмæ сæ йæ лирикæйы нывæста алывæрсыгæй, бындуронæй:
«Нæ раст кодтай бæрæгбон дæр дæ астæу,
Тыдтай дæ бонтæ иугъæдон куысты».
«Кæндзынæн рог куысты дæ арм мæ тыхæй,
Дæ фæллад къухтæн æз кæндзынæн пъа».
«Гыцци, гыцци», дæ рад куы’ рлæууы зæрдыл,
Уæд нал вæййынц мæ цæсты хаутæ сур».
Ирон адæмы фольклор тынг арф æмæ алывæрсыг у, йæ æмбисæндты хъуыдыйæн та барæн ницæимæ ис: «Мады къахдзæфтыл дидинджытæ зайы». Ацы æмбисонд дæр ууыл дзурæг у, æмæ ныййарæг мадæн æрдзы сконды цы хæзнатæ ис, уыдонимæ дæр ын нæй абарæн. Хæзнатæн ис ссарæн дæр æмæ фесафæн дæр, фæлæ ног Мадæн ссарæн нæй ацы мæнг дунейы. «Поэтæн йæ Мады алы дзырд дæр йæ зæрдæ æмæ зонды къуыбары æмбæхст сты алы рæтты, æмæ сæ уидзы сыгъзæрин гагатау, йæ парахат поэтикон быдыры:
«Æз куы цыдтæн нæхицæй,
Уæд ды кодтай æнкъард, гыцци.
Лæппу, ма баззай уым, мыййаг…
Гъе уæд фестдзæни ауæдз
Не ‘хсæн ацы фæндаг, – дæ цин…»
«Уый, дæ хъæбулты хистæр
Ныр йæ ахуыр фæцис, гыцци…»
(Ленинград)
Нафийæн æвидигæ уарзондзинад уыд йæ раттæг мадмæ, уымæн зæгъы, зæгъгæ, уыцы æнкъарæнтæн ныхæстæй нæй раргом кæнæн. Цæмæй сæ адæмы размæ рахæсса хъæбул, уый тыххæй хъуамæ уа хайджын ныййарæджы уды фарнæй æмæ йæ хæсса йæ зæрдæйы рæбын, уæнгтæ æмæ зонды æрфæнты:
«Мæ мад нæ каст йæ цæрæнбонты стихтæ,
Уый зарджытæ дæр расыг лæгтæй хъуыста».
«Йæ рæвдыд та мæ сонт зæрдæйы джихæй
Налхъуыт фæрдгуыты худгæ хал æлвыста.
Йæ мадзурайæ сахуыр дæн фыссын,
Йæ цæсты сыгæй базыдтон лæгдзинад».
«Хъæбул, лæгау лæг никуы цард æвзагæй», – дзырдта-иу мын мæ гыцци, фæлæ хъуамæ дæ фездæхтæй æвдисай дæ хъару, зонд æмæ лæгдзинад. Ацы æмбарынæдтыл уæлæхох чи у, уыдонæн сæ сомбон уыдзæн талынг, хъизæмайраг æмæ æвæд».
Ныййарæгмæ уарзондзинад у царды æнæхæлгæ
цæджындз, æппæт Дунейы адæмты удварны хъæздыгдзинæдты Суадон.
Мады фæлмæн ныхас, йæ аудгæ цæстæнгас хъæбулæн свæййынц фæндагамонæг, ацы мæнг дунемæ куы фæзыны, уæдæй фæстæмæ:
«Къæвда боны лæппын, æнæбон маргъау,
Мæнæн мæ ахстон мады зæрдæ уыд».
«Азар мын, гыцци, азар, –
Хъæбæр у нæ сау нымæт.
Дæ зарæг фæлмæн у, базау, –
Кæд бафынæй уаид мæт».
«Дзурынц, адæмыл не ‘ххæссы хур дæр…
Уæд нæ хъæуы мæ хъæбулы мур дæр!
Ратт, зæрин хур, йæ хайы æмбис,
Мад кæмæн нæй… Мæ хъæбулæн ис!»
Мад йæ хъæбулы амондæй амондджын вæййы, йæ
риуыдзаг æнцон æмæ хъæлдзæгæй фæулæфы. Мады уарзтæн абарæн ницæимæ ис, уый та йæ хъæбулы куыд уарзы, афтæ ничи никæй бауарздзæн. Мад æмæ хъæбул баст сты кæрæдзийыл тугæй, зæрдæйæ, зондæй. Уый æрдзы бархъомысæй афтæ, у æмæ йын райхалæн нæй. Хъæбулæн та Мад вæййы сæууон хурау æрттиваг, худæндзаст, хъомылгæнæг, æвидигæ уæларвон тыгъдад, суадон, дунеты æппæт мулкæй дæр балхæнæн кæмæн нæй, ахæм хæзна, Кувæндон. Мады фæлмæн цæстæнгас, йæ рæсугъд мидбылхудт хъæбулæн йæ царды тых дывæр кæны. Цасфæнды азтæ ма цæуа мадæн йæ хъæбулыл, уæддæр ын вæййы чысыл саби, æнахъомау ыл узæлы, рæвдауы йæ хъарм æмæ фæлмæн ныхасæй.
Сылгоймаг дидинæгæй уæлдай нæу, æмæ йæ хъахъхъæнын хъæуы царды тымыгъ æмæ зындзинæдтæй, науæд йæ сыфтæ азгъæлдзысты, æмæ бахус уыдзæн æд уидæгтæ. Хæсджын у йæ ныййарæгæй алы саби дæр, ацы дунемæ йын йæ уæнгты цардхъомыс чи бауагъта, йæ комдзагæй йæ чи фæхаста, хурты хур ыл кæй руаджы кæсы, уыцы Мадæй.
Мады лæггæдтæ ничима бафыста, нæй сын сбарæн, фенæн, армæй басгарæн, йæ уды рæбын æмбæхст маст, сагъæс, йæ зæрдæйы катай, йæ цин æмæ йæ рæвдыдæн. Нафийы уæлтæмæн æнкъарæнтæ йæ ныййарæг мадмæ тынгдæр райхæлдысты йæ амæлæты фæстæ. Поэт алыхуызон сфæлдыстадон фæрæзтæй æвдисы йæ уарзæгой зæрдæйы рыст, маст æмæ æнкъарддзинад:
«У мады цæсгом авдæнхъæдыл – хурау!
Фæлæ дæ хур,
Дзæнхъа дурау, ныммур!
Фæлæ дæ сæрмæ нал зилы дæ хур,
Уæд дын у тулгæ, –
Рагъæй коммæ – дурау…
Гыцци, Гыцци!
Мæ цæсты бын ныххуылыдз, –
Æд рай, æд цин
Цæй тагъд, цæй тагъд ныгуылыс!..»
«Дæ ингæны сæрыл дæ уæлхæдзар,
Цъæх кæрдæджы губакк
Джихæй, æмырæй…
Уый кæд ды дæ, гыцци,
Дæ райст-бавæрд кæрдæгхуыз къабайы?»
Хъæбулы зæрдæ йæ раттæг Мады мæлæтыл никуы
баууæнды æмæ не сразы вæййы. Мад æмæ хъæбулы уарзондзинад афтæ тыхджын у, æмæ сæ фæхицæн кæнын никæй бон у, нæдæр бауыдзæн, æрмæстдæр удхæссæг, уый сæ ахицæн кæны, уымæ разыны ахæм æбуалгъ тых. Хъæбул йæ арм Мады сыджыт æмæ цыртыл куы авæры, уæддæр цыма мады уарзæгой зæрдæ æмæ буары хъарм банкъары, афтæ йæм фæкæсы, стæй йæ ингæны риуыл цы дидинджытæ сзайы, уыдон дæр цыма мады æнкъараг зæрдæйы рæбынæй суадзынц сæ талатæ, цæмæй йæ хъæбул сæ уындæй æхцондзинад райса æмæ дзы уысммæ йæ дудгæ маст байрох уа. Нафи Мадмæ йæхи уды уарзондзинад нæ ранывæста йæ поэзийы, фæлæ ма йæ мад æмæ фыды ахастытæ дæр.
«Гыццийы къух. Æвзист къухдарæн, ихсыд.
Уый зад æмæ хыссæйы ад кæндзæн.
Йæ къухыл ын æй бакодта лæппулæг
Йæ фарсмæ раст, дзæбидырау лæууыд.
Ныр та йæ уæлхъус – урссæрæй, гуыбырæй.
Зæбул рихитæм цæстысыг хъуызы
Мæрдон цæсгоммæ уый кæсы æмырæй,
Йæ удыл та ныууарыд мит… Хъызы…»
Ныййарджыты ахастдзинæдтæ дæр Нафийы поэзийы ссардтой бæлвырд бынат æмæ сæ чиныгкæсæг раиртасдзæн кæддæриддæр, куы йæ бафæнда, уæд. Нафи йæ зæрдæйы рæбын цыдæр хъуыддаг æмбæхстæй дардта йæ Мады бæллицтæй, кæй нæ сæххæст кодта, ахæм:
«Æхсæв – мæйдзырагъ, хуры цæст та – бон,
Мæ ныййарæг, мæ удылхæцæг, уаз зæд!
Æллæх, дуне! Цы йын уыди мæ бон,
Мæрдтæм мын уый дæр дидинæгау баззад…»
Поэтæн ацы бæллиц йæ зæрдæйы, йæ удрæбын тæлфыд, фæлæ йын нæ бантыст йæ мады удæгасæй сæххæст кæнын. Уыцы бæллицы ратæдзæн та уыд афтæ: иу бон Нафи æрбацыд хъæумæ, адæм ыл фæцин кодтой, уый дæр сын бирæ ног хабæрттæ фæкодта, уыдон кæй нæ зыдтой, ахæмтæ. Хæдзармæ куы бацыдыстæм, уæд ын нæ Мад афтæ бакодта: «Хъæбул, искуы мæ Мæскуымæ акæн æмæ мын фенын кæн Ленины, Кремлы æмæ иннæ хорз бынæттæ». Нафи йын ныфс бавæрдта æмæ загъта, зæгъгæ, куыддæр мæ дохтыры диссертаци бахъахъхъæнон, афтæ, æнæмæнгæй,
ацæудзыстæм, æмæ дын алцыдæр равдисдзынæн. Фæлæ Нафи йæ диссертаци цы бон бахъахъхъæдта, уыцы бон нæ Мад ахицæн ацы мæнг дунейæ. Фысджытæ Гафез, Георги, Грис, Хадзы-Умар æмæ иннæтæ бауынаффæ кодтой æмæ йæ Нафийæн не схъæр кодтой уыцы бон. Гафез йæхимæ райста æппæт хæрдзтæ дæр, Тбилисæй ма йæм профессоры дæр æрбакодта, фæлæ дохтыртæн дæр сæ бон ницыуал бацис. Афтæ нæ уарзон Мады бæллиц баззад йæ уарзæгой уды, Нафийæн та цæрæнбонмæ фæсмон æмæ мысинагæй.
Мад хъæбулæн у йæ Хуыцауы хай æмæ йæ фæстаг сулæфты бонмæ æвæрд вæййы йæ зæрдæйы. Нафийæн Ирыстон, ирон адæм, ирон адæмы истори, удварн æмæ Мадмæ уарзондзинад иу тарвазыл барст цæуынц, нæй сын фæхицæнгæнæн поэты зæрдæ æмæ сфæлдыстады. Уымæн ирд æвдисæн йæ чысыл уац «Арвы дуар».
Арвы дуар æмыр æхгæд у зæххон лæджы цæстæн, фæлæ иуæй-иу хатт байгом вæййы Хуыцауы бархъомысæй æмæ, уыцы уысм арвы дуар чи фена, уымæн йæ хай фæуыдзæн, цыдæриддæр ракура, уый.
Фарстон мæхи: цымæ мыл ахæм хорз куы ‘рцæуид, уæд цы ракурин уæлæрвты хицауæй?
Æрмæст иунæг хæрзиуæг – цалынмæ зæххыл дзыхæй дзурæг адæмтæ уой, уæдмæ æвидигæ уæнт ирон ныхас, ирон зарæг æмæ хъарæг, ирон адæмы удварн». Уыцы æмбарынæдтæ Нафийæн йе сфæлдыстадон бындур сты æмæ йæ зæрдæйы арф тæгтæ, йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы хæзнатæ дзырдаивады быдыры. Нафийы бæрц никæмæн бантыст ирон фысджытæй 70 томы ныффыссын, уымæ гæсгæ цæрдзæн уæдмæ, цалынмæ ирон ныхас нæра Ирыстоны кæмттæ æмæ уæлвæзты, ирон лæджы удварн æмæ нæ фыдæлты æвзаг, уæдмæ.

ДЖУСОЙТЫ Клавдия,
филологон наукæты кандидат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here